Уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады радон рабадт. Сæрдариуæг ын кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Боны фæткмæ цы фарстатæ хаст æрцыдысты, уыдонæй фыццаг уыдис 2019 азы паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссын, йæ æфтиæгты хай хъуамæ фæ-фылдæр уа 59 милуан 457 мин сомы, кæцытæ хардз æрцæудзысты республикæйы хъуагдзинæдтæ баххæст кæныныл.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги Хицауады Сæрдары хъусдард аздæхта æнæниз-дзинад хъахъхъæ-ныны хæрдзтæ фæфылдæр кæнынмæ. Уый уæлдай тынг-дæр хауы хостæй ифтонг кæнынмæ. Пухаты Эрик уый фæдыл загъта, зæгъгæ, нырма республикæйæн йæхи фæрæзтæ фадат нæ дæттынц, цы фæрæзтæ рахицæн цæуы, уыдоны фæлгæттæй ахизынæн, фæлæ, зæгъгæ, уый æфсон нæу, цæмæй мацы фадæттæ агурæм. Уый фæндон бахаста, цæмæй æввахс рæстæджы æрбамбырд уа бюджетон къамис æмæ лæмбынæг æруы-наффæчындæуа æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы тагъдыл аскъуыддзаг-кæнинаг фарстатыл, уыдоны нымæцы хостæй ифтонг кæныны фарстыл дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æнæниздзинад хъахъ-хъæныны системæйы æнæкъуылымпы архайд сифтонг кæнын у Хицауады фыццаградон хæс, æмæ, зæгъгæ, коллегионалон æгъдауæй хъæуы агурын сæвзæргæ фарстатæ скъуыддзаг кæныны фæндæгтæ.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ хорзыл банымадтой æмæ райстой «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон фиддоны тыххæй» РХИ-йы 2007 азы, 1 июны райсгæ закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Фарст раразмæ кодта Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй дзырд цæуы автотранспортон фæрæзтæн сæйрагдæр документтæ дæттын кæнæ баивыны тыххæй паддзахадон фиддоны бæрц фæфылдæр кæныныл. Уыцы документтæ ныр уыдзысты пластикон.

Рабадты ма сфидар кодтой паддзахадон унитарон куыстуат «Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн куыстуат»-æн паддзахадон æххуысы фæтк, цæмæй 2019 азы 1 сорт ссадæй 600 граммы уæзæн дзул фыцынимæ баст хæрдзтæ баххæст æрцæуой. Паддзахадон субсидиты бæрц фæкъаддæр дыууæ хаттæй фылдæр, ацы аз июлы мæйы социалон дзулы аргъ кæй фæфылдæр, уымæ гæсгæ.

Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег фæндон бахаста, цæмæй ногсырæзгæ фæдзæхстадон компани æнæххæст бæрндзинады æхсæнад «Алани»-йы ном раивд æрцæуа æнæххæст бæрндзинадмæ æхсæнад «Хуссар Ирыстоны паддзахадон фæдзæхстадон компани «Алани»-мæ. Рабадты хайадисджытæ сразы сты ацы фæндоныл, афтæ банымайгæйæ, зæгъгæ, фæдзæхстадон компанийы номы хъуамæ зына йæ паддзахадон статус.

Рабадты ма Хицауады уæнгтæ æркастысты æмæ хорзыл банымадтой дыууæ фарстайы, кæцытæ баст уыдысты хъæдкуыстгæнæн завод æнæххæст бæрндзинады æхсæнад «Ирыстоны модулон технологитæ»-йы арæзтады фæдыл инвестицион проектимæ. Завод фидæны кусдзæн æрмæст фаст хъæдæрмæг уадзыныл  нæ, фæлæ ма тæрс бæласы хъæдæрмæг экспортмæ дæр æрвитдзæн.

Æмбæлон ивындзинæдтæ бахастæуыд «Хихджын бæлæсты æмæ фаст хъæдæрмæг Республикæ Хуссар Ирыстонæй æддæмæ ласыны бар нæ дæттыны тыххæй» Хицауады 2010 азы 23 декабры №144 Уынаффæмæ.

Фарсты фæдыл ныхас кæнгæйæ, Хъæды хæдзарады управленийы хайады хистæры хæдивæг Чилæхсаты Æхсар банысан кодта, зæгъгæ, «Хихджын бæлæсты мыггæгтæ лыг кæнын æмæ æнæфаст æмæ фаст хъæдæрмæг Республикæ Хуссар Ирыстонæй æддæмæ ласыны бар нæ дæттыны тыххæй» уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл Хицауады Барамынды проектыл бакуыстæуыд, цæмæй æгъатырæй, æнæконтролæй ма цæгъдой хъæдты Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уым, зæгъгæ, бæлвырд æрцыд, тæрсбæлæсты хъæдæрмæг сæудæджерадон æгъдауæй цæттæ кæныны æрвылазон гуырахст ма хъуамæ уа 3200 кубикон метрæй фылдæр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй хъæд-куыстгæнæн завод кусдзæн республикæйы хъæдты фонд æндидзын кæныныл дæр.

Кæронбæттæны Пухаты Эрик районы администрацийы сæргълæуджытимæ æруынаффæ кодта ахуыры азы райдианмæ скъолаты цæттæдзинады фарстыл. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй рог цалцæггæнæн куыстытæ фесты æмæ республикæйы ахуырадон уагдæттæ цæттæйæ сæмбæлдысты ахуыргæнинæгтыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.