Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы ног ахуыры азмӕ хъуыд рог цалцӕг кӕнын ӕмӕ йыл цасдӕрбӕрцӕй бацархайдта районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад.

Зонындзинӕдты бон цытджын ӕгъдауӕй банысан кӕнынмӕ ӕрбацыдысты ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ сӕ сабитимӕ, хъӕубӕстӕ. Ардӕм фӕуазӕг сты районы администрацийы сӕргълӕууӕг Мамытаты Вахтъанг, районы ахуырады хайады сæргълæууæг  Лолоты Барис, ӕндӕр бӕрнон адӕймӕгтӕ. Скъолайы кӕрты къласгай цытджын линейкӕйы ӕрлӕууыдысты ахуырдзаутӕ, сӕ цӕсгӕмт-тӕ цины ӕрттывд кӕнынц, ногӕй та сӕ уарзон скъолайы къӕсӕрӕй кӕй бахызтысты, уый тыххӕй.

Ахӕм цины бӕрӕгбон Ирыстоны зӕххӕн 15 азы размӕ ӕрхаста рис ӕмӕ уӕззау хъыгдзинад. Зонындзинӕдты бон Беслӕны фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы ӕгъатыр лӕгсырдты къухӕй сӕдӕгай цардбӕллон рӕзинӕгтӕн баталынг сӕ хур. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыбиаты Аннӕ, Саулохты Янӕ ӕмӕ Бӕззаты Сӕрмӕт кӕсынц хъынцъымы ӕмдзӕвгӕтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕг адӕм иу уысм ӕдзӕмӕй алӕууынӕй ссардтой теракты бабынуӕвӕг адӕймӕгты рухс нӕмттӕ.

Ног ахуыры азы сӕраппонд ахуыргӕнинӕгтӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕн раарфӕ кодта скъолайы директор Тыбылты Алекси, йӕ цӕст сын бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, ахуыр ӕмӕ хъомылады хорз фӕндиӕгтӕ. Районы сӕргълӕууӕг дӕр  йӕхи  рады  арфӕ  ракодта ахуыргӕнинӕгтӕн, ныфс сын бавӕрдта, скъолайы спортзал дӕр рӕхджы кӕй сцӕттӕ уыдзӕн, стӕй ма сӕ кӕй сифтонг кӕндзӕн спортивон фӕзуатӕй дӕр. Скъолайы коллективӕн, уӕлдайдӕр та фыццагкъласонтӕн зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ загътой ӕмӕ сын лӕвӕрттӕ бакодтой Парламенты депутат Икъоты Сӕрмӕт ӕмӕ Ӕнӕнхъӕлӕджы уавæрты Министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацӕмӕз.

Ӕхсызгон у зӕрдӕйӕн, ацы аз фыццаг къласмӕ кӕй ӕрбакъахдзӕф кодтой 12 ахуырдзауы. Райдиан кълӕсты сӕ ахуыры фӕндагыл бафтаудзӕн йӕ хъуыддаджы дӕсны ӕмӕ сабиты уарзон ахуыргӕнӕг Цхуырбаты Альбинӕ. Уый дӕр йӕ чысыл хуртӕн загъта зӕрдӕбын  арфӕйы  ныхӕстӕ, ахуыры ӕнтыстытӕ.

Бӕрӕгбонон мадзал кафт ӕмӕ зардӕй фидауы ӕмӕ ууыл та йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бакуыста фӕндырдзӕгъдӕг Къӕбысты Сӕрмӕт.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.