РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уагъд æрцыд Хицауады радон рабадт.

Рабадты райдианы паддзахады сæргълæууæг мæсæллæйы ныхæстæ загъта 2012-2015 азты республикæйы ахуырад æмæ зонады министр, РХИ-йы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг, РХИ-йы фыццаг Президенты чызг Цыбырты Маринæйы хиуæттæ æмæ хæстæджытæн, кæй фæзиан, уый тыххæй. Æмбырды уæвджытæ йын йæ рухс ном ссардтой иу минут æмырæй алæууынæй.

Дарддæр Бибылты Анатоли уынаффæ кæнынмæ рахаста Хицауады Резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны фарст Цхинвалы скъола-интеранаты рауагъдон Гæбæраты Иринæйæн фатер самал кæныны тыххæй.

«Ацы аз уыцы чызг каст фæци скъола-интернат, у бынтон сидзæр æмæ йæ хъуамæ сифтонг кæнæм цæрæнуатæй», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæджы фæндоны æвварс Хицауады уæнгтæ иууылдæр æмхъæлæсæй рахæцыдысты.

Бибылты Анатоли ма афтæ рабадты хайадисджыты хъусдард аздæхта министрадтæ æмæ ведомствоты куысты дисциплинæмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахс-джиаг у, цæмæй æппæт ведомствоты кусджытæ дæр сæ хæстæ æххæст кæной, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæй дарддæр ма Президент æрæмбырдуæвджытæм æрсидт, цæмæй фæактивондæр кæной куыст паддзахады цардархайды æппæт здæхтыты дæр хуыздæр фæстиуджытæ къухты æфтын кæныны тыххæй.

«Æмæ, цæмæй хуыздæр фæстиуджытæ фенын кæнæм, уый тыххæй фыццаграды мах хъуамæ фылдæр домæм нæ дæлбаруæвæг кусджытæй. Министр иунæгæй ницы сараздзæн, коллектив ын уыцы хъуыддаджы куынæ æххуыс кæна, уæд.

Рабадты боныфæткмæ хаст нормативон-барадон характеры къорд фарстытæм æркæсгæйæ, Хицауады уæнгтæ йæ бынатæй ссæрибар кодтой Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Гатыгкоты Владимиры æмæ ацы бынатмæ снысан кодтой Гаглойты Юрийы. Йæ кандидатурæ йын бавдыста районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал.

Хицауды Сæрдар Пухаты Эрик Гаглойты Юрийæн аргъ скодта, куыд бæрнон намысджын адæймаг, афтæ.

«Ды хорз зоныс районы. Æмæ дæ ацы бынат хæсджын кæны, цæмæй кусай адæмы хæрзиуæгæн, ахуыр сын кæнай сæ проблемæтæ æмæ сæ, куыд гæнæн ис, афтæ скъуыддзаг кæнай. Мæ цæст дын уарзы дæ ног бынаты стыр æнтыстытæ», – йæ цæст бауарзта Гаглойты Юрийæн.

Рабадты ма байхъуыстæуыд æндæр æмæ æндæр докладтæм, кæцыты нымæцы уыдысты «Закъæтты проектты фæдыл Хицауады архайды планы тыххæй» æмæ «2017 азы дыккаг æмбисы Хицауады рабадтыты планы тыххæй» докладтæ, кæцытæ чысыл ивындзинæдтæ сæм бахæсгæйæ, æмхъæлæсæй ист æрцыдысты.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь рабадты хайадисджыты размæ æркæсынмæ рахаста доклад «РХИ-йы Мидхъуыддæгты службæгæнджытæн æмæ сæ бинонтæн пенсийы ацæуыны тыххæй азтæ нымайыны, пенситæ, компенсацитæ æмæ æххуыстæ снысан кæнын æмæ фидыны фæткы тыххæй» Хицауады 2017 азы 27 январы №2 Уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ хауынц къорд адæймæгтæм, кæцытыл парахат кæны ацы Уынаффæ.

Документацимæ гæсгæ пенси нысан кæнгæйæ, нымад цæуынц æфсæддон  службæйы азтæ, милицийы службæйы азтæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ ССР Цæдисы æндæр барадхъахъхъæнæг æмæ тыхон структурæты службæйы æмæ куысты азтæ. Министр куыд загъта, афтæмæй уæрæсейаг фарсы хъуыдымæ гæсгæ Уынаффæйы уагæвæрдтæ нæй гæнæн æмæ парахат кæной Уæрæсейы Федераци æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларды паддзахадтæ-хайадисджыты æфсæддон, тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг органты чи службæ кæны, уыцы адæймæгтыл.

«Ацы уынаффæйы проект бакуыст æрцыд республикæйы мидхъуыддæгты министрады æмæ йæ нысан у, цæмæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хæдбар Паддзхахадты æмхæларады паддзахадтæ-хайадисджыты банысангонд паддзахадон хицауиуæгады органты службæйы æмæ куысты стаж кæмæн ис, уыдонæн дæр пенси нысан кæнгæйæ, се стажы азтæ нымад цæуой. Ацы нормативон акт райсын фадат радтид бирæ фылдæр адæймæгтæм ахасты ацы уынаффæйæ спайда кæнын. Уыимæ нæ бахъæудзæн уæлæмхас финансон хæрдзтæ республикæйы бюджетæй», – радзырдта Мидхъуыддæгты министр.

Хицауады Сæрдар йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад хъуамæ уæл-дай хъусдард здаха, пенсийы чи цæуынц, уыцы адæймæгтæм æмæ сын нымад цæуа стаж дæр æмæ бакусгæ азтæ дæр.

«Ацы Уынаффæ ахсджиаг у. Уый у серьезон фарст, хорз ыл бакуыстæуыд æмæ нымайын афтæ, цæмæй ист æрцæуа», – загъта Пухаты Эрик.

Уынаффæйы ивындзинæдтыл æмхъæлæсæй сразы сты Хицауады уæнгтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.