18 октябры Мæскуыйы фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сириаг Арабаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Башар Джаафаримæ.
Дыууæ фарсы æруынаффæ кодтой Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн алыгъуызон æмвæзадтыл æмархайд æмæ æмгуыстады рæзты фарстатыл. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд Сирийы хъуыддæгтæ æмæ Æввахс Хурскæсæны уавæр кæй скарз ис, уымæ.