Æддагон развæдсгæрсты хъайтар

Журналисттимæ фембæлды архайдтой: Паддзахадон æдасдзинады органты ветеранты автономон æнæкоммерцион орган «Вымпел Алания»-йы уæнгтæ Цæболты Эрик, Мурасты Чермен, Кокойты Таймураз, «Вымпел Алания»-йы Абхазы республикæйы сæрмагонд минæвар Хъороты Батрадз. Семæ ма уыдысты РХИ-йы Æддагон  развæдсгæрсты службæйы хистæры хæдивæг Гаглойты Андрей æмæ ацы службæйы ветеран Чехойты Алыксандр. Мурасты Чермен раарфæ кодта РХИ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйыл 30-æм октябры 20 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн æмæ радзырдта Хуссар Ирыстонмæ се ‘рцыды нысаныл. «Фидæнмæ 100 азы æххæст кæны Фыдыбæстæйон развæдсгарæг-æнæлегал Лохты Владимиры райгуырдыл. Ацы ирон лæг стыр хайбавæрд бахаста Советон бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ. Сæрæгас нал у, фæлæ баззадысты йæ хорз хъуыддæгтæ. Мах æрцыдыстæм, цæмæй сæнусон кæнæм Лохты Владимиры ном.  Курæг стæм горæты администрацийæ, цæмæй æрбалæууой нæ фарсмæ. Фыццаг хатт æргомæй Лохты Владимиры тыххæй («Полковник К» йæ сусæг грифон ном) радзырдта УФ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы директор Сергей Нарышкин, Мæскуыйы пресс-конференцийы. Уый раргом кодта Фыдыбæстæйы развæдсгарджытæй авд адæймаджы нæмттæ. Се ‘хсæн уыд уе ‘мбæстаг Лохты Владимир дæр. Ирон развæдсгарæг йæ цардæй ахицæн 2002 азы. Кадимæ ныгæд æрцыд Мæскуыйы Троекуровы уæлмæрды. Фæлæ мах фæнд кæнæм уымæн Знауыры районы, йæ райгуырæн хъæу Пичъиджыны цырт сæвæрын, æмæ горæты уынгтæй сæ иуы йæ номæй схонын.

Брифингы хайадисджыты зæрдæмæ фæцыд ацы хъуыды. Уымæн æмæ зынгæ ирон развæдсгарæгæй буц сты Хуссар Иры цæрджытæ.

Лохты Владимиры фырт Игорь ныртæккæ цæры Мæскуыйы. Пресс-конференцийы рæстæджы видеохиды руаджы йемæ ныхас кодтой «Вымпел Алания»-йы уæнгтæ. «Легендарон фæдысгарæджы тыххæй мах Хуссар Ирыстоны хъавæм мысæн мадзæлттæ ауадзын. Уый тыххæй дæм арвитдзыстæм сæрмагонд хонæн фыстæг æмæ нæ фарсмæ æрбалæу. Дæ фыды царды истори нæ кæстæртæн хъуамæ уа æхсардзинад æмæ профессионализмы цæвиттон».

Лохты Владимиры æфсымæры лæппу Вадим дæр радзырдта йæ легендарон фыды æфсымæры тыххæй «Мах æй зыдтам Мурманæй. Мæ фыды фыдæн уыд фондз сывæллоны. Иууылдæр уыдысты ахуырмæ æвзыгъд. Мах нæ зыдтам, мæ фыды æфсымæр конкретонæй цы куыст кæны. Хистæртæ нын куыд дзырдтой, афтæмæй уыд дипломат æмæ цард фæсарæнты. Номхыгъдæй кæцы бæстæйы, уый дæр нын нæ дзырдтой. Йæ цардæмбал уыд, уырыссаг фыссæг Лев Толстойы хъæбулы хъæбулы хæрæфырт – Нонна Толстая. Сæ лæппу Игорь Мæскуыйы куыста бæрнон бынаты. Ныртæккæ цæры Мæскуыйы фысджыты поселок Переделкинойы. Кæддæрты æрцæуы Ирыстонмæ, фæлæ арæх – нæ. Арæх нæ цыд мæ фыды æфсымæр дæр. Кæд гыццыл уыдтæн, уæддæр мæ зæрдыл бадардтон иу цау: иу сæрды æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ. Дыккаг бон хиуæттæ æрбамбырд стæм æмæ Чеселтгоммæ ацыдыстæм улæфынмæ. Æрбынат кодтам рæсугъд бынаты. Уалынмæ нæ уæлхъус алæууыдысты милицийы формæйы нæлгоймæгтæ. Сæ иу мæ фыды æфсымæры хъусы цыдæртæ адзырдта. Уый уайтыгъд фæгæпп кодта, хæрзбон нын загъта æмæ тагъд къахдзæфтæй атындзыдта. Уыцы бон атахт Мæскуымæ. Æнæхъуаджы йæм нæ фæдзырдтаиккой, ахсджиаг хæслæвæрд ын уыдаид.

Æз тынг сæрыстыр дæн мæ фыды ‘фсымæрæй! Бузныг сымахæн дæр кæй йын кад кæнут! Йæ фырт Игорь Ирыстоны уыд 2018 азы йæ хъæбулы хъæбулимæ. Хæстæджытæ йыл иууылдæр фæцин кодтой. Бабæрæг кодтам нæ дада Иосифы уæлмæрд. Нæ хъæуы цæрджытæ нал ис æмæ уый тыххæй тынг æнкъард кодта. Цалдæр азы размæ дæр æрцыд æмæ иумæ базылдыстæм æмæ сног кодтам нæ дадайы уæлмæрд».

Видео-хиды рæстæджы Лохты Владимиры фырт стыр бузныг загъта йæ фыды ном сæнусон кæныныл чи архайы, æппæт уыдонæн. «Æз амондджын дæн мæ фыды тыххæй ахæм кады ныхæстæ кæй хъусын, уымæй. Тынг уарзта Ирыстон. Махæн, йæ цотæн уарзын кодта нæ бæстæ. Ирыстоны койæ та бынтондæр не ‘фсæст. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æнæмæнг æрцæудзынæн Ирыстонмæ», – дзырдта Лохты Игорь.

Кæронбæттæны   Æддагон   развæдсгæрсты службæ хорзæхтæ радта «Вымпел Алания»-йы уæнгтæн. Уыцы нымæцы схорзæхджын кодтой Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария æмæ йæ хæдивæг Харебаты Майайы дæр.

Биографион зонæнтæ

Цалдæр бæстæйы бынæттон адæм æй нымадтой сæхионыл

Лохты Владимир райгуырд Знауыры районы Пичъиджыны хъæуы 1924 азы 22-æм декабры. Скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъыты. Демобилизацийы фæстæ 1948 азы куыста Знауыры районы инструкторæй. 1953 азы каст фæцис Азербайджаны паддзахадон университеты юридикон факультет. Цыппæрæм курсы ахуыр кодта, афтæмæй йæ кусынмæ айстой Азербайджаны паддзахадон æдасдзинады органтæм. Ам, 1957 азы цæттæдзинад райста   агентурæйы  фадыджы,  развæдсгарæг-æнæлегалты куысты. Уырдыгæй æрвыст æрцыд Мæскуымæ. 1960 азæй 1962 азмæ уыд командировкæйы фæсарæйнаг бæстæтæй сæ иуы. Уый афтæ хорз базыдта уыцы бæстæйы æвзаг æмæ йæ бынæттон адæм сæхионыл нымадтой.

1963 азы «Полковник К» æрвыст æрцыд Азийы бæстæтæй сæ иумæ бынæттон цæрæджы гоймаг бæлвырдгæнæн гæххæттытимæ. Йæхи æвдыста коммерсантæй, ома, йын ис æнтыстджын бизнес. Развæдсгарæгæн  бантыст коммерцион бастдзинæдтæ саразын. Æмæ афтæмæй иста актуалон, хъæуæг информаци.

Лохты Владимир ма бирæ азты дæргъы развæдсгарæг – æнæлегалы хуызы фæкуыста Ази, Европæ, Хурыскæсæны бæстæты. Бæрнон хæслæвæрдтæ алы хатт дæр æххæст кодта иттæг хорз. Цалдæр æвзаджы зыдта иттæг хорз. Зыдта кæм-иу уыди, уыцы бæстæйы æгъдæуттæ, традицитæ, дин æмæ национ фæтктæ, алыгъуызон менталитетты хицæндзинæдтæ. Уыцы иурæстæг уыд развæдсгарджытæ-æнæлегалты къорды разамонæг.

Развæдсгарæг Лохы фырт цы хъуыддаджы лæуд уыд, уым никуы фæкъуыхцы ис. Афтæмæй стыр хайбавæрд хаста бæстæйы æдасдзинады хъуыддагмæ. 1966 азы Владимир æрыздæхт Мæскуымæ. Уым йæ фæлтæрддзинад амыдта æвзонг развæдсгарджытæн. Уырдыгæй дæр-иу æй арæх арвыстой  командировкæты. 1973 азы та йæ снысан кодтой Советон Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады фыццаг сæйраг управленийы хайадтæй сæ иуы хистæры хæдивæгæй. 1979 азы йæ ракодтой Управлени «С»-йы 1-аг хайады хистæрæй. Лохты Владимир схызт булкъоны цины онг. Пенсийы ацæуыны фæстæ хъомыл кодта развæдсгарджыты ног фæлтæрты. 1991 азы ацыд отставкæйы йæ кармæ гæсгæ, фæлæ йын дарддæр дæр уыд æфсæддон уæлæдарæс дарыны бар.

Лохты Владимир Иосифы фыртæн ис ахæм хорзæхтæ – «За боевые заслуги» «Сырх стъалы», «Фæллойы Сырх Тырысайы» орден. 1970 азы та йын лæвæрд æрцыд «Паддзахадон æдасдзинады кадджын кусæг»-ы ном.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.