8-æм августы ацы библиотекæйы нывты равдысты цур баййæфтон æвзонг чиныгкæсджыты иу къорды. Уыдон цымыдисæй æмæ уыцы иу рæстæджы æрхæндæгæй кастысты æмæ зонгæ кодтой равдысты тæссаг нывтимæ. Зæрдæхалæн нывтæм  кæсгæйæ, кæуындзæг хъуырмæ схæццæ вæййы, зæрдæ фæцæйтоны æмæ адæймаг ахъуыды кæны, цæй тыххæй бавзæрста æппæт уыцы хъизæмæрттæ нæ чысыл Ирыстон? Æмæ та нæ фарстæн нæхæдæг сдзуапп кæнæм, æрмæстдæр ирæттæ кæй стæм æмæ гуырдзыйы фæсдзæуинтæ суæвыныл кæй не сразы стæм, уый тыххæй. Нывты равдысты бынмæ стъолыл æвæрд сты хæстон цаутыл фыст æрмæджытæ. Къулыл нывты фарсмæ конд сты æмдзæвгæтæ.

Тототы Ленæ æрыгон уазджытæн радзырдта 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы ирон адæм цы тухитæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй. Афтæ ма сын радзырдта Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд ирон хъæбатыр лæппуты тохы тыххæй дæр. Сæрмагондæй сын æрдзырдта Ирыстоны хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Уыдон, зæгъ, цасдæр рæстæджы дæргъы знаджы баурæдтой горæтмæ æрбахи-зæны æмæ афтæмæй сæхи царды аргъæй бахъахъхъæдтой сæдæгай адæймæгты цард. «Хъуамæ зоной рæзгæ фæлтæр 11 азы размæ æмæ уый размæ азты дæр Ирыстоны зæххыл гуырдзы туджы зæйтæ кæй рауагътой, уыдæтты тыххæй. Уадз, æмæ рæзгæ фæлтæр зоной знаг æмæ сын хæлар чи у, уый», – загъта Тототы Ленæ.

Æвзонг чиныгкæсджытæн хæстон цауты тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта ацы библиотекæйы кусæг Хъуылымбегты Таня. Сывæллæты цæсгæмттæм кæсгæйæ, бамбарæн уыд, уыдон сæ чысыл зæр-дæтæм æввахс кæй айстой хæсты æнамонд цаутæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.