2008-æм августы хæстыл 14 азы сæххæсты боны цытæн нæ республикæйы цы культурон мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдонæй сæ иу уыд хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст «Геноцид глазами художников», кæцы баконд æрцыдис 8-æм августы киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы. Мадзал организацигонд æрцыдис РХИ-йы Культурæйы министрады къухдариуæгадæй.

Равдыстмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон æхсæн уыдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, аивадæн табугæнджытæ, уыдонимæ экспозицийæн аргъгæнæг уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ хицауады æндæр бæрнон кусджытæ. Сæрмагондæй мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы раздæры президенттæ – Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид .

Равдысты адæмы рæгъмæ хаст æрцыдысты цыппар нывгæнæджы цымыдисон куыстытæ æмæ дзы ирдæй равдыстой ирон адæмы геноцид, ирон адæмы зæрдæйы хъæдгæмттæ æмæ рыст, афтæ ма æнустæм цæмæ бæллыдыстæм, уыцы хæдбардзинад райсыны сæрыл тох. Экспозици  хъæздыг æмæ мидисджын нывтæй конд у, ис дзы 50 куысты бæрц. Нывты ‘хсæн ма адæмы рæгъмæ хаст цæуынц нæ хорз фидæн кæй ралæудзæн, ууыл æууæндыны хъуыдытæ æмæ лигъдæтты фæстæмæ æрыздæхт райгуырæн Ирыстонмæ темæйыл импровизацитæ. Куыстыты автортæ сты: Æлборты Æхсæртæг, Дзæгъиаты Альбинæ, Сабанты Анжелæ æмæ дзæнæттаг Джуссойты Инал (Беге), кæцытæ сæ аивады руаджы Хуссар Ирыстоны базонын кæнынц дунейæн. Ныр дæр та нывтыл зæрдиагæй зылдысты æмæ сын бæрзонд аргъ кодтой æрæмбырдуæвджытæ.

Цытджын мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Къадзты Филипп. Уый адæмы зæрдыл æрлæууын кодта 2008-æм азы хæсты цаутæ æмæ банысан кодта хуссарирыстойнаг адæмæн 8-æм августы бон тынг уæззау æмæ æрхæндæг бон кæй у.

«Сæрмагондæй мæ фæнды абоны равдысты хайадисæг, дзæнæттаг Джуссойты Иналы тыххæй зæгъын. Уымæн знон нæ министрады хъæппæрисæй банысан кодтам йæ юбилейон изæр. Уый уыдис диссаджы зæрдæхæлар адæймаг, уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ йыл йæ зæрдæ рыстис.

Йæ фæстæ цы сфæлдыстадон хуынтæ ныууагъта, уыдон сты мидисджын, цымыдисон, бæрæгæй сæ зыны йæ ирондзинад, йæ уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ æмæ сæ абоны равдысты уæ размæ хæссæм.

2008-æм азы æгъатыр хæст нæ республикæйы æмбæстæгтæй кæуыл нæ бандæвта, ахæм нæй. Бирæтæн та дзы бабын сты се ‘ввахс адæймæгтæ, уыдоны нымæцы ис нæ ног президент æмæ йын не ‘ппæты зæрдæтæ дæр зæгъынц фидар æнæниздзинад æмæ размæцыд йæ бæрнон куысты», – банысан кодта Къадзты Филипп.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан цытджын мадзалы йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, не ‘ппæты хæс дæр кæй у, цæмæй иумæ æрымысæм, 14 азы размæ кæй туг ныккалд, уыцы мæгуыр адæймæгты нæмттæ æмæ сæ амонæм нæ сывæллæттæн. Ацы хъуыддаг иу кæнæ дыууæ мыггагыл баст нæу, уый у нæ иумæйаг хъуыддаг, нæ иумæйаг рыст. 14 азы бæрц Хуссар Ирыстоны хæст нал ис æмæ мах хъуамæ уыцы хъуыдыйыл хæст уæм, цæмæй нæ чысылнымæц адæм дихтæ мауал кæной æмæ кæрæдзийы фарсмæ уæм. Мæн ныфс ис, нæ кæрæдзийы фарсмæ кæй æрбалæудзыстæм нæ хорз фидæны сæраппонд. Джуссойты лæппуйы кой скодтам, æмæ йæ мах иууылдæр хъуыды кæнæм, куыд курдиатджын æмæ патриот лæппу, афтæ. Æхсызгон мын у, абон ын йе сфæлдыстад  ноджыдæр кæй фендзыстæм, уый. Зын у, нæ фарсмæ кæй нал ис æмæ дарддæр кæй нал фæлдисы, уый. Фæлæ йæ  фæстæ ныууагъта йæ диссаджы куыстытæ æмæ йæ хорз ном. Фæнды мæ, цæмæй махæй алчи дæр йæ райгуырæн бæстæйы райрæзты хъуыддагмæ бахæсса йæ хайбавæрд æмæ уымæй лæггад кæнæм нæ Ирыстонæн. Бузныг нæ нывгæнджытæн æмæ РХИ-йы культурæйы министрадæн, ахæм равдыст кæй сорганизаци кодтой, уый тыххæй», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.

Культурæйы министрады кусæг Цхуырбаты Джульеттæ нывгæнджытæ Дзæгъиаты Альбинæ æмæ Сабанты Анжелæйы схорзæхджын кодта бузныджы фыстæджытæй ирон аивады къæбиц сæ ног триптихтæй, кæй фæхъæздыгдæр кодтой, уый тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта ног æнтыстытæ се сфæлдыстадон куысты.

Дзæгъиаты Альбинæйæн равдысты цы бирæ нывтæ ис конд, уыдоны æхсæн аккаг бынат æрцахста йæ ног триптих «Взгляд в прошлое», зæгъгæ, ахæм номимæ. Æвæц-цæгæн, равдысты ахæм адæймаг нæ уыд, ацы куысты раз чи не ‘рлæууыд æмæ йын чи нæ саргъ кодта. Авторы æрмдзæфæй æнцон рахатæн у, триптих цæуыл дзурæг у, уый.

«Æз мæ куысты фылдæр æвдисын сывæллæтты, уымæн æмæ хæсты уæззаудзинад фылдæр сывæллæттæ бавзæрстой. Триптихы фыццаг хайы æрыгон лæппу ныры рæстæджы лæууы дидинæфтыд, сабыр зæххыл æмæ кæсы раздæр цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдонмæ. Дыккаг хайы та ис нæ республикæйы картæ, кæцыйы алыварс уынæм знаджы ‘рбабырстытæ, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ мах нæ къахыл фидарæй лæууæм, размæ цæугæйæ. Ома, цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, уый у йæ хъуыды. Фæлæ ма мæ фæндыд ацы ран зæгъын уый, æмæ хъуамæ уæм цыргъдзаст, цæмæй æппæтмæ дæр уæм цæттæ сæрбахъуыды рæстæджы. Æртыккаг хайы та равдыстон адæмы тасдзинад, куыд бамбæхстысты æхстыты рæстæджы æмæ æххуысмæ куыд æнхъæлмæ кастысты, уый. Триптих фылдæр конд у сау æмæ сырх ахорæнтæй æмæ уымæй ноджы тынгдæр йæхимæ аздæхта адæмы цæстæнгас», – зæгъы триптихы автор.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.