Дæлимоны  æрвыст  лæгмар  куыд ссис национ лидер

1959 азы 15 октябры Мюнхены ликвидаци æрцыд украинаг националистты лидер Степан Бандера. Маргæ та йæ акодта советон контрразведкæйы агент, студент Сташинский. Хæдзармæ бахизæны портативон пистолетæй фехста фыдлæджы цæсгом, цианон калийæ йедзаг  ампулæ фаты бæсты уыди, афтæмæй.

Уæды рæстæджы ацы цауæн стыр резонанс нæ уыд – æгæрыстæмæй, йæ кой дæр никуы ракодтой. Уымæн æмæ кæд хурныгуылæйнаг Украинæйы цæрджытæн Бандера уыд сæри-бардзинадыл тохгæнæг, уæд æй Украинæйы иннæ территориты, Уæрæсейы æмæ Польшæйы та хуыдтой уæйгæнæг, фашист, æгъатыр диктатор, лæгмар æмæ фыдлæг. Йæ амæлæтæй 60 азæй фылдæр рацыд, фæлæ абон дæр бирæтæ быцæу кæнынц, чи уыдис æмæ нырыккон бон украинæйаг фашисттæ йæ ном бæрзонд цæмæн систой?

Бандерайы биографийæ бирæ факттæ басусæг кодтой æмæ уымæ гæсгæ бæстонæй нæй сбæлвырдгæнæн, æцæгæй цы архайдта æмæ цæмæн хъуыд Гитлеры ахæм тугдзых адæймаг. Бæлвырдæй Бандера уыд террорист – 1933 азы амардта советон консул Андре Майловы, 1934 азы та активон хайад райста Польшæйы мидхъуыддæгты министр Бронислав Перацкийы æмæ украинæйаг академион гимназы директор Иван Бабийы амарыны хъуыддаджы, йæ къухдариуæгадæй ма срæмыгътой газет «Праця»-йы редакци. Фæлæ ма йын уымæй уæлдай сбæлвырд кодтой йæ бирæ фыдракæндтæ. 1934 азы Бандерайы æрцахстой æмæ йын 1936 азы Польшæйы рахастой амарыны тæрхон. Фæстæдæр æй аивтой цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхоныл. 1939 азы гитлеронтæ Польшæ куы бацахстой, уæд Бандерайы ахæстонæй рауагътой. Фæлæ абоны бон дæр Польшæйы разамынад нæ разы кæны йæ реабилитацийыл æмæ йæ нымайы национ знагыл.

Украинæйаг нацийы минæвар дæр Бандерайæн зынтæй схо-нæн ис. Райгуырд 1909 азы Галицийы территорийыл хъæу Старый Угриновы, уæды рæс-тæджы ацы хъæу хаудта Австро-Венгримæ. Старый Угринов æввахс уыд Львовмæ (уæды рæстæджы Лемберг – сыгъдæг немыцаг ном). Львовы æмæ йæ алыварс хъæуты цæрджытæй украинæгтæ уыдысты æрмæстдæр 10% бæрц. Галицинайы территорийыл цæрæг славяйнаг нацитæн австро-венгераг къухдариуæгад уагъта сæрмагонд пропагандæ – ома, сымах славянтæм ницы бар дарут, фæлæ стут хицæн украинаг наци. Ахæм фæрæзтæй сæ фæндыд уыцы адæмы фæхицæн кæнын сæ рагфыдæлтæй – Уæрæсейы империйæ. Æмæ йæ абон куыд уынæм, афтæмæй сын æнтысгæ дæр бакодта. Уымæ гæсгæ цæрджыты ‘хсæн парахат кодтой национализм æмæ сын æнæуынон кодтой уырыссæгты, полякæгты æмæ уирæгты.

Немыцæгтæ Бандерайæн тагъд рахатыдысты йæ фыдлæджы «курдиат» æмæ дзы пайда кодтой сæ чъизи хъуыддæгты – искæмæн фыдракæнд саразын кæн, цæмæй дæхæдæг сыгъдæгæй баззайай. Ахæм æгъатыр лæгмар уыд æмæ дзы гитлеронтæ сæхæдæг дæр æлгъ кодтой, ном дæр ыл сæвæрдтой «Попель», ома лукъа, хæффындз. Немыцæгты оккупацийы рæстæджы Бандера йæхи хуызæн лæгмартимæ тасы æфтыдта бынæттон цæрджыты. Иууыл фылдæр ныццагътой поляккæгтæй, уирæгтæй æмæ уырыссæгтæй кæдон нымадтой сæ фыдызнæгтыл. Æнæ тæрхонæй, æнæ мотивацийæ куынæг кодтой æгас хъæутæ, мингай адæймæгты. Нæ ауæрстой нæдæр сылгоймæгтыл, нæдæр сывæллæттыл. Кæмыты-иу ацыдысты, уым-иу бæстæ фæнык фестын кодтой. Зæгъæм, 1943 азы «волынская резня»-йы рæстæджы басыгътой 150 хъæуы æд цæрджытæ – æдæппæт 35 мин адæймагæй фылдæр.

Бандера сабийы кары уыд лæмæгъ æмæ рынчынгæнаг æмæ уымæ гæсгæ æппынæдзух архайдта йæ физикон фæлтæрддзинад сфидар кæныныл. Ӕгæрыстæмæй ма-иу йæхицæн кодта фыдмитæ дæр – йæ буар-иу зынгæй сыгъта, йæ ныхты бынты-иу судзинтæ тъыста, йе ‘нгуылдзтæ-иу дуæртты æлхъывта. Йе ‘мцахъхъæнтæ дзы куыд дзырдтой, афтæмæй арæх мардта цæрæгойты алыгъуызон методтæй – фылдæр хатт-иу йæ къухтæм бахаудтой гæдытæ. Уыцы рæстæджы бацыд организаци «Пласт»-мæ, истой йæ рæнхъытæм 3-æм къласæй фæстæмæ æмæ йæ нысан уыд националистон иделоги парахат кæнын сывæллæтты ‘хсæн. Гимнази фæуыны фæстæ 1928 азы бацыд Львовы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ агрономы хайадмæ. Уым ссис украинаг националистты организаци (ОУН)-ы уæнг æмæ уæдæй фæстæмæ йæ политикон карьерæ размæ ацыд.

Куыддæр æй ОУН-ы хистæрæй сæвæрдтой, афтæ сарæх сты террористон акттæ. Террористы къухтæй фæмардысты Польшæйы разамынады минæвæрттæ, советон æмбæстæгтæ æмæ ма семæ разы чи нæ уыд  бынæттон цæрджытæй, уыдон. Бандерайы куы æрцахстой, уæд йæ бæсты хистæрæй æвæрд æрцыд Евгений Коновалец, фæ-лæ йæ тагъд рæстæджы советон спецслужбæтæ амардтой. Ӕмæ уæд ОУН-ы сæргъ слæууыд Бандерайы хæстæг æмæ йæ иууыл æввахсдæр æххуысгæнæг Андрей Мельник.

Бандера ахæстонæй куы рахызт, уæд ОУН дыууæ дихы фæцис – иутæ дзы Мельникы нымадтой хистæрыл, иннæты та Бандера хъуыд сæргълæууæгæй. Сæ кæрæдзимæ фæуыны фæстиуæгæн фæмардысты 600 националистæй фылдæр, фæлæ «бандеровецтæ» немыцæгты æххуысы фæрцы фæуæлахиз сты. Немыцæгтæ Мельникы нымадтой интеллигент æмæ æмбаргæ адæймагыл, Бандерайы та – аморалон бандитыл, кæцы æхцайы тыххæй йæ мады дæр амардтаид. Уымæ гæсгæ сæ Бандера тынгдæр хъуыд сæ цъаммар хъуыддæгтæ аразынæн. Зæгъæм, «Бабий Яры» трагедийы лæгмарты æхсæн уыд   æрмæст 300 немыцаджы, иннæ 1200 та – бандерæгтæ.

Немыцæгтæ хæсты райдианы украинаг националисттæй ацарæзтой дыууæ сæрмагонд хæстон дæлхайы æмæ сын командиртæй снысан кодтой Роман Шухевич æмæ Рихард Ярыйы. Бандерæйы бардзырдмæ гæсгæ 30 июны 1941 азы Львовы ныццагътой мингай бынæттон цæрджыты æмæ ма ноджы расидтысты Украинæйы паддзахад дæр. Ацы хъуыддæгтæн Гитлер ницы зыдта æмæ ОУН-ы къухдариуæгадмæ тынг смæсты ис. Цалдæр мæйы фæстæ гестапо Бандерæйы æрцахста. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй ОУН-æн немыцæгтæ цы æхцайы фæрæзтæ æрвыстой, уыдоны фылдæр хай Бандерæ йæхи номыл швейцайраг банкы æвæрдта. Ӕхцайыл мард адæймаг кæй уыд, уый тыххæй дзурæг у, цалдæр азы размæ АИШ-ы раргомгонд иу бæлвырдгæнæн документ, кæцыйы дзырдæуы,  немыцаг спецслужбæтæ куыд бахæс кодтой Рузвельты амарын. Ома йын уæлдай нæ уыд, кæй амара, æрмæст ын æхца бафид. Ахæстоны йæ фæдардтой суанг 1944 азы онг, стæй йæ рауагътой ахæм дзырдимæ, зæгъгæ украинæйаг националистты æркæндзæн Берлин бахъахъхъæнынмæ. Кæнгæ сæ æркодта,  йæхæдæг та бамбæхста   йæхи.

Нырыккон нацизм

Хæсты фæстæ Бандера цæргæйæ баззад Германы, бастдзинæдтæ сарæзта америкаг æмæ бритайнаг спецслужбæтимæ – йæ фæнды уыд, уыдонæн ОУН-ы организаци ауæй кæнын. Фæлæ йæ уыдон дæр ницæйагыл нымадтой æмæ йын йæ ныхæстыл худтысты, зæгъгæ, краинæйаг националистты ‘хсæн дæ хуызæттæ бирæ ис. Советон Цæдис цалдæр хатты бахатыд, цæмæй Бандерайы йæ фыдракæндты тыххæй бæрндзинадмæ æркæной, фæлæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ никуы сразы сты йæ радтыныл. 1949 азы Советон Цæдисы Уæлдæр тæрхондон Бандерайæн фæсаууонмæ рахаста амарыны тæрхон.

Кæцæй рацыд Бандерайы легендæ?

1946 азы февралы мæйы ИНО-йы Генералон Ассамблейæйы украинæйаг минæвар Николай Бажан æрдомдта, цæмæй Степан Бандерайы радтой æмæ закъоны раз сдзуапп кæна йæ фыдракæндтыл. Ацы домæн алкæмæ дæр диссаг фæкаст, уымæн æмæ хурныгуылæйнаг Украинæйы Бандерайæ тугдзыхдæр фашисттæ бирæ уыд. Хъуыддагæй æвиппайды спайда кодтой бритайнаг спецслужбæтæ æмæ дзы «легендæ» аразын райдыдтой. Советон Цæдисы къухдариуæгад æй æрæгмæ рахатыдта, хурныгуылæйнаг спец-службæтæ украинæйаг националистты кæй цæттæ кæнынц советон хицауады ныхмæ тохмæ æмæ дзы кæй аразынц идеологи. Афтæмæй та советон спецслужбæтæм уыдис бæлвырдгæнæн документтæ, куыд Бандера уыд гитлеронты агент, фæстæдæр та бритайнæгты, италиæгты æмæ ма æндæр бæстæты шпион, кодта хæтаг цард, уыд æхцайыл мард.

Ӕппæт ацы информаци рæстæгыл куы раргом кодтаиккой, уæд Бандерайæ национ лидер саразын фæзын уыдаид. Ӕниу, уæддæр æндæр искæй ссардтаиккой æмæ дзы ацарæзтаиккой украинæгты националистты ли-дер…

 ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.