Дзауы районы радон хатт мысыдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы раздæры командир Сиукъаты Таймуразы рухс ном. Йæ номыл уагъд æрцыд традицион турнир самбойæ. Ерыстæ стыр цымыдисдзинад æвзарын кæнынц Ирыстоны самбисттæм. Ныр дæр та дзы сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 140 спортсмены бæрц. Уыдон уыдысты куыд республикæйы районтæй, афтæ ма Дзаумæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæу, Сунжæ æмæ Михайловскы хъæуты богалтæ.

«Дзауы уагъдцæуæг турниртæм нæ кæй фæхонынц, уый нын вæййы тынг æхсызгон. Алы хатт дæр ныл сæмбæлынц райзæрдæйæ. Мæ бон у зæгъын, æмæ турниры æмвæзад бæрзондæй бæрзонддæр кæй кæны», – банысан кодта цæгатирыстойнаг тренер Козаты Алан.

Ерыстæ бæрзонд æмвæзадыл ауадзынæн ма сын фæахъаз Дзауы астæуккаг скъолайы ног спортивон зал, уым æвæрд æрцыд дыууæ гауызы. Раздæр-иу турнир уагъд цыд Дзауы концертон залы, цыран сценæйыл цыд æрмæстдæр иу гауыз. Турнир официалонæй байгом кæныны цытджын церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæрдары хæдивæг Тедеты Альберт. «Бузныг зæгъын ерысты хайадисджытæн. Уæлдайдæр та нæ цæгатирыстойнаг æфсымæртæн. Уыдон нын се ‘рцыдæй барæсугъд кодтой нæ ерысты», – банысан кодта Тедеты Альберт.

Сиукъаты Таймуразы хорз зыдта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды раздæры командир Плиты Игорь. Уый куыд загъта, афтæмæй ахæм турнирты фæрцы рæзгæ фæлтæр зонгæ кæнынц ахæм стыр гоймæгтимæ, бахъуыды рæстæджы цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, уыдæттимæ.

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодта турниры сæйраг тæрхонгæнæг, УФ-йы сгуыхт тренер Джиоты Руфин. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм турнирты фæрцы рæзынц сомбоны стыр спортсментæ æмæ бузныг загъта ерысты организатор Хъоцыты Тамерланæн.

Æвзонг спортсменты архайдмæ бакæсын æмæ турниры хайадисджытæн раарфæ кæныны тыххæй ерыстæм æрбацыд УФ-йы спорты дæсны, Парламенты Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар, РХИ-йы дзюдойы феде-рацийы президент Гæбæраты Инал.

Турниры цытджын уазджыты ‘хсæн ма уыдысты депутат Хъотайты Дмитри, республикæйы дзюдо æмæ самбойæ зындгонд тренертæ Лалыты Вячеслав æмæ Касаты Ацæмæз. Сæрмагондæй рахицæн кæнын хъæуы РХИ-йы сгуыхт тренер, Советон Цæдисы спорты дæсны Тъуриты Тенгизы, кæцы йæ царды фылдæр хай снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. «Ахæм турнирты фæрцы рæзынц спортсментæ. Æз дæр спорты бæрзæндтæм цæугæйæ, райдианы хæцыдтæн ахæм ерысты», – загъта Тъуриты Тенгиз.

Ерысты хайадисджытæ дих уыдысты æртæ кары къордыл. Хистæр кары къорды архайдтой 15-16-аздзыд спортсментæ, астæуккаг къорды хæцыдысты 13-14 азы кæуыл цыд, ахæм богалтæ. Æмæ кæстæр кары къорды та сæ тыхтæ фæлвæрдтой 11-12-аздзыд самбисттæ.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.