Соттиты Янæ ссис уæззау атлетикæйæ Ташкенты уагъдцæуæг дунейы чемпионаты бронзæйон призер. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 76 кг уæзы категорийы. Уый равдыста 242 кг (112+130) бæрæггæнæн. 2 кг фылдæр систа фыццаг бынат бацахсæг Хуссар Кореяйы минæвар Ли Мин Чи (244 кг; 105+139). Дыккаг бынат та бацахста америкæйаг Мэтти Роджерс (243 кг; 107+136).

«Мæхи хатын састы бынаты. Уымæн æмæ мæ бон уыд фылдæр уæз сисын. Кусдзынæн мæ рæдыдтытыл. Алы хатт дæр тынг хъыг вæййы, куы йæ æмбарай æмæ дæ бон уыд, фæлæ дын куыннæ рауайы», – банысан кодта 19-аздзыд ирон спортсменкæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Соттиты Янæ ацы аз кæй фæуæлахиз, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн дунейы чемпионаты.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг зындгонд спортсмен Байцаты Владислав ныр архайдзæн Венгрийы тырысайы бын. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили.

«Байцаты Владислав официалонæй, æппæт уагæвæрдтæ æмæ фæтк æххæстгæнгæйæ, рахызт Венгрийы æмбырдгондмæ. Мах дзы бузныг стæм. Уый бирæ азты аккагæй хъахъхъæдта Уæрæсейы командæйы кад, фæлæ йын нæ бæстæйы æмбырдгондмæ бахауыны шанстæ уыд тынг цъус, уымæ гæсгæ йын сразы стæм йæ куырдиатыл. Венгримæ кæй ахызт, уый æнæнхъæлæджы нæ уыд. Венгриаг коллегæтимæ нын ис хъарм ахастытæ. Владиславæн ис æппæт уавæртæ дæр Олимпиадæмæ бахауынæн æмæ Парижы йæхи  аккагæй равдисынæн. Уымæ гæсгæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ», – банысан кодта Мамиашвили.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Уæрæсейы столицæйы уагъд æрцыд Мæскуыйы Кубок уæззау атлетикæйæ. Ерысты 89 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Теблойты Азæмæт. Уый равдыста 325 кг (145+180) бæрæггæнæн. Ацы уæзы ма æвзист призер та ссис Бидеты Сослан. Уый та дыууæ истæн скодта 310 кг (140+170).

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.