Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ аздæхтысты  мыддарды куыстмæ. Амалиуæггæнджыты ацы къордæй кредиты хуызы бангæй æхцайы фæрæзтæ чи райста, уыдон дзы балхæдтой мыды чыргъæдтæ æмæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ.

Фæлæ специалисттæ æмæ бирæ азты дæргъы мыддарды куыст чи кæны, уыдон куыд амонынц, афтæмæй уыцы куыст дæ уды рæбынæй куынæ цæуа, æмæ йæ лæмбынæг куынæ сахуыр кæнай, уæд хорз фæстиуæг нæ дæтты. Афæдз дæр нæма рацæуы, афтæмæй бындзытæ сыскъуыйынц, æмæ æнæфтиаг фæвæййынц.

Ныр ссæдз азы мыддарды куыст кæны Дзæгъиаты Шота. Мыдыбындзытæ цæмæй гъæдджын мыд дæдтой, уыцы архайды фæдыл кæсы бирæ литературæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ма къаннæг лæппу уыд, йæ фыдыфсымæр Садул уыцы куыст куы кодта, уæд. Шота йæм каст æмæ йын уый дæр амыдта мыддарды сусæгдзинæдтæ.

«Мыд канд хæринаг нæу, фæлæ дзы хос кæнынц бирæ низтæн, пайда дзы кæнынц косметологтæ дæр. Уымæ гæсгæ алы мыддарæг дæр хъуамæ архайа, цæмæй йæ мыдыбындзытæ уой æнæниз, цы мыд дæдтой, уый хъуамæ уа сыгъдæг», – зæгъы Дзæгъиаты Шота.

Уый ныхæстæм гæсгæ зымæджы къæсæрыл хъæуы хорз хæлц æмæ уавæртæ, цæмæй мыдыбындзытæ сæ зымæгиуат дзæбæх арвитой. Фæлтæрд мыдгæсы хъуыдымæ гæсгæ сæрды мыды гъæд æмæ бæрц комкоммæ баст у мыдыбындзыты зымæгон хæлцы фæсауæрцыл. Цæвиттон, зымæгмæ сын чыргъæды 12-14 килограммы мыд чи ныууадзы, уыдон уый фæстæ чыргъæдæй райсынц 17 килограммы онг, 18-20 килограммы сын чи ныууадзы, уыдон та райсынц чыргъæдæй 25 килограммæй фылдæр мыд. Фæсауæрц хæринаг та сæ уæлдайджынæй уымæн хъæуы, æмæ хатт уалдзæджы хизæнтæй мыдыбындзытæ не спайда кæнынц къæвда æмæ уазал рæстæджы. Хæринаг сын фæдæттынц августы мæйы, цæмæй йæ нывæрой чырты æмæ йæ сæхгæной мыдадзæй. Хæринаг сын радтыны размæ хъæуы чыргъæдтæй сисын уæлдай фæлгæттæ, кæцытыл зымæгиуат кæндзысты мыдыбындзытæ. Хæринаг та сын фæдæттынц афтæ: æртæ хайы мыд схæццæ кæнынц иу хай донимæ.

Мыдыбындзыты зимæгиуатмæ бацæттæйы тыххæй алы мыддарæджы дæр зонын хъæуы ахæм фæтк: ныууадзын сын хъæуы фæлгæттæ 2-3 килограммы мыдимæ. Цъус мыд цы фæлгæттыл ис, уыдон сисынц æмæ сæ бæсты нывæрынц, фаг мыд кæм уа, ахæмтæ.

Фæззæджы гæнæн ис æмæ мыдгæс спайда кæна, цъус мыд цы фæлгæтты вæййы, уыдонæй. Фæлгæты чырты цы æхгæд мыд вæййы, уый хъæуы райхалын æмæ йæ хъуамæ чыргъæды æддейæ нывæрай, стæй йæ уæд мыдыбындзытæ бахæссынц ахстоны астæумæ æмæ дзы фæлгæттæ байдзаг кæнынц.

Мыды чыргъæдæй афтид фæлгæттæ ист куы æрцæуой, уæд сын сæ бынаты нывæрын хъæуы хъæмп кæнæ хос, цæмæй сын зымæджы уазал ма уа, хъармдæр сын уа, уый тыххæй та фæлгæтты сæрыл бамбæрзынц хъарм хъуымац. Уый фæстæ чыргъæды сæр бамбæрзын хъæуы афтæ, цæмæй сæм дон ма хъара. Чыргъæды    зыхъхъыртæ та зымæджы æрбалæуды агъоммæ хъуамæ сæрст æрцæуой æлыгæй. Зымæджы чыргъæдты æвæрын хъæуы æдас бынаты, фос æмæ сæм мæргътæ ма хъуамæ æфтой. Мыдыбындзытæм мыстытæ куы ‘фтой, уæд сын стыр зиан кæнынц. Уымæ гæсгæ мыды чыргъæдтæ æвæрд кæм уой, уым дарын хъæуы мыстахсæнтæ. Мыды чыргъæдтæ æвæрын хъæуы ахæм ран, дымгæ сæм куыннæ хæццæ кæна.

Мыдыбындзыты ратæхæнтæ октябрь – ноябры мæйты сæхгæнын хъæуы афтæ, цæмæй ма сæ зыхъхъыр уа æрмæстдæр 2-3 сантиметры бæрц.

Мыдыбындзытæй зымæгиуатмæ ныууадзын хъæуы æрмæстдæр тыхджын мыдыбындзыты. Уыдон хъуамæ ахсой 9-10 фæлгæты, æнæмæнг сын хъуамæ уа фидар мад. Ахæм мыдыбындзытæн æнцон уыдзæн зымæгиуат кæнын æмæ ратдзысты фылдæр æвзонг цот уалдзæгмæ.

Уыдон сты фæлтæрд мыдгæсы бацамындтытæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.