3 декабрь – Инвалидты дунеон бон

 

Æрвылаз дæр 3-æм декабры инвалидты дунеон бон банысан кæнынц дунейы бирæ бæстæты. Стыр хъыгагæн, статистикæмæ гæсгæ зæххы къорийы цæрджыты 10 проценты хъизæмар кæнынц алыгъуызон низтæй, кæцы сæ ‘ркæны сахъатдзинадмæ.

Æвæдза, диссаг у æрдзы хъуыддаг, иуæй-иу адæймæгтæн æнæвгъау схæлар кæны зæрдæхæлардзинад æмæ фæндвидардзинад. Ахæм адæймæгты сæ царды цыфæнды зындзинæдты сæрты ахизын куы бахъæуы, уæддæр бафæразынц хъысмæты фыдæвзарæнтæн æмæ цыфæнды уæззау уавæрты дæр баззайынц Стыр адæймæгтæй. Иу ахæм адæймагимæ базонгæ дæн цалдæр азы размæ æмæ мæ дисы баппæрста йæ диссаджы удыхъæдæй. Æнахуыр хæларзæрдæ, парахат зæрдæйы хицау æмæ тæригъæдгæнаг адæймаг. Уæззау уавæры бахауæг адæймаджы цурты никуы ахиздзæн, куынæ йын баххуыс кæна, уæд. Ацы адæймаджы тыххæй кæд фыстон цалдæр азы размæ, уæддæр та йын уæдæй фæстæмæ йæ хæрзаудæн архайдимæ  куы базонгæ дæн, уæд мæ бафæндыд Инвалидты дунеон боны сæраппонд ын йæ кой скæнын. Мæхинымæр ахъуыды кодтон, уый нæ дуджы æцæг хъайтар куы у, уый  æнæбасæтгæ тых куы у…

Уый уын æз Знауыры районы Дзагъинайы хъæуæй рацæугæ, ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Лалыты Левайы кой кæнын. Уый Дзæуджыхъæумæ цæрынмæ куы ацыд, уæд йæ хъуыддæгтæ цыдысты йæхи уды фæндиаг. Каст фæци Дзæуджыхъæуы 2-æм профессионалон ахуыргæнæндон æмæ 1989 азы Тарскæйы хъæуы байгом кодта хуыйæн цех. Фæстæдæр æй снысан кодтой, Дзæуджыхъæуы Дзанайы фырты уынджы цы куыстуат «Березка» ис, уый директорæй æмæ йæ къухдариуæгады бын куыстуаты хъуыддæгтæ ацы-дысты уæлдай хуыздæр. Æркодта йæхицæн цардæмбал æмæ сын фæзынд хъæбултæ дæр.  Лалыйы фырт уæд хъуыды дæр никуы акодтаид, разæй йæм цы стыр бæллæх æнхъæлмæ каст, ууыл.

1992 азы иу фæззыгон бон йæ шофыримæ машинæйыл ацыдысты Беслæнмæ йæ хъуыддæгты фæдыл. Хъуыдис сæ ‘фсæнвæндагыл ахизын. Куыддæр йæ шофырæн загъта, зæгъгæ, акæс дыууæрдæм дæр, поезд нæ ма æрбаййафæт, афтæ æвиппайды арвæй æрхауæгау æваст сæ размæ фæци товарласæн поезд. Иннæрдыгæй та сæ ныхмæ фæдисонау сцæйтахт электричкæ. Шофыр ма бæргæ нылхъывта газ, фæлæ сæ уæдмæ æрбаййæфта товарласæн поезд æмæ… поезд машинæ йæ хъæлæсы ахаста, амуртæ, апырхытæ йæ кодта. Лева бахауд поезды бынмæ. Æрцыд æвирхъау фыдбæллæх – лæппуйæн уæрджытæй дæлæмæ ахаудтой йæ дыууæ къахы дæр. Йæ амондæн, сæ хæдфæстæ цы «Жигули» цыд, уый шофыр Æлборты Суликъо багæпп кодта æмæ йæ раласта поезды бынæй. Дзæуджыхъæуы æфсæнвæн-даджы рынчындоны фæлтæрдджын хирургтæ Борыхъуаты Елæмырзæ æмæ Болиаты Аллæ йæ байстой мæлæты дзæмбытæй, сарæзтой йын дыууæ операцийы. Бахъуыд сæ рынчынæн йæ дыууæ къахы дæр уæрджытæй дæлæмæ алыг кæнын.

Левæ цы хъизæмæрттæ бавзæрста, ууыл дзурын уæлдай у… Райдианы йæ цæрын дæр нал фæндыд, фæлæ, куыдфæстагмæ, сразы ис йæ хъысмæтыл. Ан-глисаг протезты руаджы сарæзта йæ фыццаг къахдзæфтæ дæр. Стæй сыл куы сахуыр, уæд цæуын райдыдта æнæ лæдзгуытæй… Уыимæ йæ тых нæ асаст, фæлæ ма райдыдта хæрзаудæн архайд дæр. 1991 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ æнæмсæр хæст куы расидт, уыцы рæстæджы хойраджы продукттæ æмæ уæлæдарæсæй стыр æххуыс бакодта йæ хотæ æмæ æфсы-мæртæн. Уыдта лигъдон адæмы тыхст уавæр дæр æмæ сыл йæхи никуы атигъ кодта. 1992 азы Цæгат Ирыстонмæ мæхъæлон экстремисттæ куы æрбалæбурдтой, уæд дæр фæсивæдæн стыр æххуыс кодта куыд хæлцадон продукттæй, афтæ дарæсæй дæр. Уыцы рæстæгæй абоны онг цал фæкæсынхъуаг адæймагæн баххуыс кодта, уыдон зын банымайæн сты.

Левæ бирæ баххуыс кодта æвæгæсæг зæрæдты хæдзарæн. Иу хатт ын иу зæронд ус загъта, зæгъгæ дын хæлæг кæнын дæ ныййарджытæм, ахæм фырт чи схъомыл кодта. Дæхицæн къæхтæ нæй, афтæмæй, зæгъ, къахджынтæн æххуыс кæныс.

Трагедийы фæстæ Лева ноджы тынгдæр бамбæрста адæмы рис, адæмы мæгуырдзинад. Йæ царды нысан  ссис адæмæн хорздзинад аразын æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Иу ран нæ бадт 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр. Оперативон штабы къухдариуæггæнæг Уататы Зелимы бацамындмæ гæсгæ, уый Ручъы тъунелы цур архайдта лигъдæтты æмдзæрæндæттæм æмæ æндæр рæттæм арвитыныл. Уый фæстæ та сыл аудыдта æппæт тыхтæй дæр.

Дыууæ азы размæ Лалыты Лева Знауыры районæн балæвар кодта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырт, кæцы æвæрд æрцыд æмæ рафидауын кодта Знауыры поселочы центры. Ацы аз 19-æм сентябры Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы боны Дзауы поселочы цæрджытæ банысан кодтой ноджы иу цау – официалон æгъдауæй байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы бюст. Мадзалы хайад райста РХИ-йы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Уый, æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, арфæйы ныхæстæ загъта Хайты Ибрагимæн, кæцы Дзаумæ æрласта йæ фыд, скульптор Хайты Владимиры куыст, æмæ Лалыты Левайæн цырт йæхи финансон фæрæзтæй кæй саразын кодта, уый тыххæй. Мадзалы рæстæджы Бибылты Анатоли Лалыты Левайы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй Ирыстоны цæгат æмæ хуссары ‘хсæн æхсæнадон æмæ интеграцион бастдзинæдты рæзтмæ йе стыр хайбавæрды  тыххæй.

Ацы аз ноябры райдианы фембæлд Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ  ахуыргæнинæгтимæ. Скъолайæн балæвар кодта Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Президенттæ Владимир Путин æмæ Бибылты Анатолийы портреттæ. Скъола-дзаутæн та балæвар кодта тетрæдтæ, ручкæтæ, къарандастæ æмæ æндæр ахуыргæнæн дзаумæттæ. Скъоладзаутæн радзырдта абоны царды тыххæй, загъта сын, цæмæй ахуыр кæной хорз. Баныфс сын æвæрдта, дарддæр дæр сæм йæ хъус кæй дардзæн, уымæй. Дзауæй йæ фæндаг акодта Знауыры ра-йонмæ. Нырма уал фембæлд, йæхæдæг кæм ахуыр кодта, Дзагъинайы хъæуы уыцы скъолайы коллективимæ, уый фæстæ та – Знауыры астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутимæ. Ацы дыууæ скъолайæн дæр Лева балæвар кодта Путин, Бибылты Анатоли æмæ Хетæгкаты Къостайы  портреттæ, афтæ ма тетрæдтæ, ручкæтæ, къарандастæ æмæ скъолайон æндæр дзаумæттæ. Уый фæстæ та фембæлд РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Наталиимæ æмæ йын радзырдта йæ дарддæры плæнтты тыххæй, ома, хуссарирыстойнаг сывæллæттæн организаци кæндзæн экскурситæ Цæгат Ирыстоны фенддаг бынæт-тæм, афтæ ма æндæр мадзæлттæ дæр. Министры зæрдæмæ  фæцыдысты Лалыйы фырты плæнттæ æмæ йын загъта бузныджы ныхæстæ.

Æрæджы Уæллаг Фиагдонæн дæр балæвар кодта Къостайы цырт. Цырт æвæрд кæм æрцыд, уым арæзт æрцæудзæн парк дæр æмæ хæсдзæн Къостайы ном. Къостайы ном хæсдзысты, Знауыр æмæ Дзауы районты йæ балæваргонд цыртытæ æвæрд кæм æрцыдысты, уыцы парктæ дæр. Сентябры мæйы Дзауы фембæлд горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæгимæ æмæ уымæн дæр баныфсæвæрдта горæты центры Къостайы цырт сæвæрынæй. Фæнды йæ Ленингоры районæн дæр ирон генийы цырт балæвар кæнын. Уымæн æмæ, зæгъ, рæзгæ фæлтæр куы уыной ирон адæмы аккаг фыртты цыртытæ, уæд сыл уый хуыздæры ‘рдæм æндавдзæн сæ патриотикон хъомыладыл.

Ацы бонты Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар Плиты Иссæйы мæлæн боны сæраппонд Лева Бæтæхъойыхъæуы фембæлд сорганизаци кодта хъæуы цæрджытимæ, Плиты мыггагимæ. Йемæ ма уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады минæвæрттæ æмæ Парламенты депутаттæ, уыцы нымæцы Уататы Зелим дæр. Фембæлд рауад хъарм æмæ цымыдисон. Бæтæхъойыхъæуы астæуккаг скъолайæн балæвар кодта Плиты Иссæ æмæ Къостайы портреттæ. Лалыты Лева ма æрмæг æрæмбырд кодта Айдарты Знауыры тыххæй, сæ æрæмбырд кæнынæн ын баххуыс  кодта профессор Цыбырты Людвиг æмæ 10 боны æмгъуыдмæ чиныг рухс фендзæн. 500 экземпляры дзы балæвар кæндзæн Хуссар Ирыстонæн æмæ 500 та – Цæгат Ирыстонæн, уыцы нымæцы, Знауыр кæм райгуырд, уыцы Хъæдгæроны хъæуæн дæр.

Хъуамæ сорганизаци кæна фембæлд Æрыдоны æмæ Знауыры районты сæргълæуджыты æмæ минæвæртты хайадистæй Хъæдгæроны хъæуы цæрджытимæ. Дыууæ районы хъуамæ саразой бадзырд бастдзинæдты тыххæй. Уымæй дарддæр ма йын ивгъуыд азы та фембæлдтытæ уыд Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары æмæ Стъараполы 80 скъолайы ахуыргæнинæгтимæ. Йемæ ма уыдысты дыууæ инæлары – Къæболты Солтан æмæ Бедойты Руслан, афтæ ма æртæ булкъоны дæр. Стъараполы скъолаты ахуырдзаутæй æртæйæн сæ мæдтæ разындысты ирæттæ, кæцытæ стыр райгондæй баззадысты, ирон адæмы тыххæй сын цы диссаджы хабæрттæ радзырдтой, уыдонæй. Æрæджы Къæсæг-Балхъары фембæлд, ирæттæ æмæ балхъайрæгтæ иумæ цы скъолайы ахуыр кæнынц, уыцы уагдоны коллективимæ. Ацы скъолаты коллективтæй иумæ дæр Лева афтид армæй нæ бацыд, алкæмæндæр сæ бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Лалыты Лева куыд радзырдта, афтæмæй йын 2019 азы ис стыр плæнттæ РХИ-йы Ахуырад æмæ Культурæйы министрадтимæ иумæ æмгуыстад кæныны тыххæй. Хуыцау зæгъæд, æмæ йæ фæндтæ сæххæст уæд. Лева мæм бахатыд, цæмæй йæ номæй бузныг зæгъон Президент Бибылты Анатолийæн, Хæлардзинады орденæй йæ кæй схорзæхджын кодта, уый тыххæй.

Инвалидты дунеон боны сæраппонд арфæ кæнæм Лалыты Левайæн. Уадз, бирæ азты дæ архайдæй рухс кæн дæ уарзон адæмы зæрдæтæ.

Джиоты Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.