Ныр цалдæр мæйы дæргъы дунеон æхсæнадæн се ‘ргом здæхт у Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцимæ æмæ йæ бирæ бæстæтæ æргомæй æвдисынц, кæй сты фашистты æвварс. Ныры дуджы фашисттæн æмæ нацисттæн æххуыс кæнын диссаг у, уæлдайдæр та европæйаг бæстæтæн, кæцытæ сæ азарæй хæрз æрæджы басыгъдысты. Фæлæ искæцы бастæйы къухдариуæгад æндæр хъомысджындæр паддзахады дæлбар куы вæййы, уæд йæ къахдзæфтæ нæ вæййынц, йе ‘мбæстæгтæ куыд хъуыды кæнынц, ахæм. Æмæ куыд зонæм, афтæмæй Европæйы бæстæтæ сты АИШ-ы дæлбар, кæд ыл æргомæй нæ сæттынц, уæддæр.

Æниу, Европæйы фашизм рагæй фæстæмæ уæвынад кæны æмæ историон факттæ куыд æвдисынц, афтæмæй алы æнусы дæр аккаг ныхкъуырд куы нæ баййафынц, уæд сæ бон сабырæй цæрын нæ вæййы сæ сыхæгтимæ. Афтæ уыд Гитлер æмæ Наполеоны рæстæджыты æмæ ма уый размæ æнусты дæр. Ныр дæр та, æвæццæгæн, сæ рæстæг æрцыд, æмæ та Уæрæсейы бахъуыд сæр, цæмæй та Европæйы фашизмæй æмæ алыгъуызон цъаммар гоймæгтæй асыгъдæг кæной. Мæлдзыгæн, дам, йе ‘намонд куы æрцæуы, уæд ыл базыртæ базайы.

Ныр 30 азы дæргъы Америкæйы Иугонд Штаттæ æлдариуæг кæнынц дунейыл. Уыцы хъуыддаг сæ къухты бафтыд Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ æмæ уæдæй нырмæ пырыстъыфæй æрбадтысты. Ӕрмæст æппæт экономикон æмæ полтикон фарстатæ не скъуддзаг кæнынц, фæлæ ма сæ дæлбар бакодтой дзыллон информацийы фæрæзты дæр, æмæ сæ рацарæзтой сæхирдыгонау, – ома, «дзыллон дезинформацийы фæрæзтæ». Уыцы уайдзæф сын комкоммæ бакодта Китайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. «Факттæ йæ куыд æвдисынц, афтæмæй АИШ у дезинформацийы сæйраг парахатгæнæг, кæцытæ демократи æмæ адæмы бартæ хъахъхъæныны ‘фсон æгас дунейыл тауынц хаос æмæ æндыгъддзинад, сæхи пайдайæн халынц æппæт бадзырдтæ дæр. Уый фæстиуæгæн тæригъæддаг фæвæййынц миллуангай адæймæгтæ æмæ уыдоны ‘хсæн бахауынц се ‘мцæдисонтæ дæр, зæгъæм, Европæйы бæстæтæ».

Историон барæнтæм гæсгæ АИШ-ы бæстæ уæвынад кæны хæрзцъус –  240 азы бæрц, æмæ куыд банымадтой, афтæмæй, иумийагæй сисгæйæ, æрмæстдæр 16 азы никæимæ хæцыд. Дыккаг дунеон хæстæй фæстæмæ æрцыд 250 хæстон конфликтæй фылдæр æмæ дзы АИШ-ы бæстæ хайад райста 200 фылдæры. Иумийагæй сисгæйæ, æппæт хæстон архæйдтытæн сæ 80% уыдысты активон хайадисджытæ. Уыимæ ма иумæ, арæзтой æмæ аразынц революцитæ æмæ паддзахадон фæфæлдæхтытæ, æмæ сæ фæстиуæгæн къухдариуæггæнджытæй сæвæрдтой сæ марионеткæты, куыд Владимир Зеленский, Майя Санду æмæ æндæрты.

Нæ цивилизаци æрымысыд æртæ хуызы массон куынæггæнæн æхсæнгарзы – ядерон, химикон æмæ биологон, æмæ дзы АИШ алкæцыйæ дæр спайда кодта. Япойнаг горæттæ Хиросима æмæ Нагасакийыл æрæппæрста ядерон бомбæтæ æмæ Вьетнам æмæ Иракы та спайда кодта химикон æмæ биологон хæцæнгæрзтæй. Кæмдæриддæр хурныгуылæйнаг бæстæтæ истыхуызон хайад райсынц, уым ныууадзынц æрмæстдæр заууат, хæццæдзинад æмæ мæгуырдзинад. Англосаксойнаг политикæйы ис æрмæстдæр иу принцип, – хъуамæ семæ алцæуыл дæр разы кæнай æмæ сын уай цагъайраджы бынаты. Кæннод дæ схондзысты адæмы знаг, «демократийы» ныхмæлæууæг, æмæ æппынæдзух архайдзысты де скуынæг кæныныл.

Историмæ куы ‘ркæсæм, уæд бæлвырдæй зыны, АИШ-ы бæстæ кæй у Стыр Британийæ равзæргæ, ома, сты англосаксойнаг паддзахадтæ. Ӕмæ кæд хицæн бæстæтыл нымад сты, уæддæр се ‘ддагон политикæ иумæ аразынц. Уымæй уæлдай ма Канадæ, Австрали æмæ Израиль дæр юридикон æгъдауæй хæдбар паддзахадтыл нымад сты, фæлæ практикон æгъдауæй та АИШ-ы штаттæй ницæмæй хицæн кæнынц. Стæй ма Дыккаг дунеон хæсты фæстæ англосаксойнаг хъомысджын политиктæ сæ дзæмбыты бын æрбакодтой Европæйы бæстæты æмæ Японийы. Сæ коммæ чи нæ кастис, уыцы бæстæты та фæкодтой экономикон санкциты бын.

Саддам Хусейн æмæ Муаммар Каддафи фесты империалистты амæттаг æмæ Ирак æмæ Ливийы цæрæг адæм та ныридæгæн дæр тæригъæдæй мæлынц. Æмæ цæй тыххæй? Уымæн æмæ нæ хъуыстой Вашингтонмæ. Сæ фæстæ та уыд Сирийы сæргълæууæг Башар Асады рад, фæлæ йæ Уæрæсе бахъахъхъæдта мæлæтæй, – нæ бауагъта ныппырх кæнын Сирийы паддзахады. Æмæ Путинæн уыцы хъуыддаг нæ барынц абоны бон дæр.

Æниу, Уæрæсейы скуынæг кæнынмæ рагæй фæстæмæ бæллынц Стыр Британи æмæ иннæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ. Сæ фæндтæ сæххæст кæныны тыххæй архайдтой алы амæлттæй цалдæр æнусы дæргъы. Суанг ма Наполеоны дæр Стыр Британийы къухдариуæгад сразæнгард кодта Уæрæсемæ ныббырсынмæ æмæ йын йе ‘фсадæн кодтой алыгъуызон æххуыс. Уый фæстæ та 1917 азы Ленины фæрцы сарæзтой Октябры революци. Абоны бон бирæтæ æнхъæлынц, ома, адæм сæхи хъæппæрисæй растадысты паддзахы ныхмæ, фæлæ историон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй уыцы революци аразджытæ уыдысты хурныгуылæйнаг бæстæты агенттæ. Ленин афтæ тагъд куы нæ амардаид, уæд Советон Цæдисы хъысмæт бынтон æндæргъуызон уыдаид. Уымæн æмæ Ленин йе ‘рлæудæй фæстæмæ архайдта Уæрæсейы импери ныддихтæ кæныныл æмæ цыбыр рæстæгмæ хæдбардзинад радта цалдæр нацийæн, уыдоны ‘хсæн: Украинæ, Литва, Латви, Эстони, Финлянди æмæ афтæ дарддæр, кæцытæ хæдбар паддзахадтæ никуы уыдысты сæ историйы. Уыцы процесс, æвæццæгæн, адарддæр кодтаиккой, фæлæ æнæнхъæлæджы бæстæйы сæргълæууæг ссис Сталин, кæцы англосаксойнæгты фыдæнхъæл фæкодта.

Цæмæй Уæрæсейы ныхмæ стырдæр тыхтæ æрæмбырд кодтаиккой, уый тыххæй Дыккаг дунеон хæсты фæстæ æрымысыдысты НАТО æмæ йын йе скондмæ бакодтой æппæт Европæйы бæстæты. НАТО æрмæст æфсæддон альянс куы уаид, кæцы æрмæстдæр нысанмæздæхт у сæ территоритæ бахъахъхъæнынмæ, уæд ма йын ницы у. Фæлæ йе скондмæ чи бахизы, уыцы бæстæтæ практикон æгъдауæй фесафынц сæ хæдбардзинад, – сæхи бахъахъхъæнынæн сæм ницыуал фæрæзтæ вæййы æмæ сын се ‘фсæддонтыл та фæкъухдариуæг кæнынц æцæгæлæттæ. Уымæ гæсгæ европæйаг бæстæтæ, хицæнтæй сисгæйæ, абоны бон сты æдых, сæхи бахъахъхъæнын сæ бон нæу æмæ бар-æнæбары хъусынц Вашингтонмæ. Сæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстой, англосаксойнæгты ахæсты куыд бахаудтой, уый.

Цæмæй Европæйы бæстæтæн бынтондæр хæдбардзинад мауал уа, уый тыххæй та сын 1992 азы æрымысыдсты «Евроцæдис», зæгъгæ. Æмæ ацы организаци ахæстонæй хъавджы кæй нæу, уый ирдæй рабæрæг ис ныры санкциты рæстæджы. Ӕмæ хъуыдыйаг у, æрæджы Стыр Британи ацы цæдисæй цæмæ рахызт, уый? Уымæн æмæ сæ план сæххæст кодтой æмæ сын Евроцæдисы уæвын ницыуал пайда хаста. Ныр сæ ныууагътой сæхи бар, – æрмæст сын аразын кæнынц ультимативон хуызы, пайда сын цы нæу, ахæм къахдзæфтæ. Бирæ европæйаг бæстæтæн Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ уыйбæрц зиæнттæ хæссынц, уыйас сæ мæгуырдзинадмæ тæрынц, æмæ, æхцайæ банымайгæйæ, миллиардгай доллартæй ахызтысты. Фæлæ ма исчи сымсым дæр суæндæт, – иумийагæй куыд аскъуыддзаг кæной, афтæ уыдзæнис æмæ хуымæтæг цæрджыты мæт ничи дæр кæны. Кæцыдæр бæстæтæ, куыд Серби æмæ Венгри, хаттæйхатт сæхи зонд акæнынц, фæлæ уый иумийагæй ситуацийыл не ‘ндавы.

Рæстæг æй куыд æвдисы, афтæмæй бæрæг у, Стыр Британи æмæ АИШ-ы кæй фæнды, цæмæй Европæйы размæцыд бæстæты раууатмæ æркæной, йæ бæрзонд-технологон промышленность ын скуынæг кæной. Уымæн æмæ англосаксойнæгтæ Евроцæдисы бæстæты нымайынц сæ конкуренттыл æмæ сæ хинæйдзаг пла-ны фæрцы хъавынц аиуварс кæ-нынмæ. Уыимæ ма иумæ, ома, Уæрæсе дæр баййафдзæнис зи-æнттæ æмæ сæ бæллицтæ æх-хæст кæндзысты. Ацы хъуыддаг Европæйы бæстæты цæрæг адæм нырма не ‘мбарынц æмæ æмдзæгъд кæнынц Байден æмæ Джонсоны хуызæттæн. Æниу, сæхи бæстæты къухдариуæггæнджытæ дæр бирæ хуыздæр не сты. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахæсдзæнис – банхъæлмæ уал кæсæм зымæджы æрцыдмæ.

НАТО-йы фыццаг генералон секретарь уыд бритайнаг лорд Исмей Гастингс Лайонел æмæ альянсæн йæ нысанмæздæхты бындур дæр уый æрæвæрдта. Цы принциптæ æрæвæрдта ацы æфсæддон альянсы раз, уыдон сты:  Уæрæсейы ма æрбауадзын Европæйы, АИШ хъуамæ æдзух уæвынад кæна Европæйы æмæ Германи та æдзух уа сæ контролы бын. Куыд уынæм, афтæмæй уал азы дæргъы ацы принциптæй иу къахдзæф дæр фæрсырдæм нæ ахызтысты.

Хурныгуылæйнаг бæстæтæн Советон Цæдисы ныппырх кæнын æрмæст экономикон санкциты фæрцы нæ бантыст. 70 азы дæргъы уыдон сæ агентурæйы фæрцы агуырдтой уæрæсейаг æмбæстæгты ‘хсæн уæйгæнджыты, æххуыс сын кодтой алыгъуызон бæрнон бынæттæм схизынмæ. Ахæм куыст кæнынæн фæхъæуы егъау æхцайы фæрæзтæ æмæ хардз дæр дзæвгар кодтой. 1992 азы АИШ-ы президент Клинтон йæ сусæг доклады комкоммæ фыста.

«Мах бахардз кодтам бирæ миллиард доллары, цæмæй Ельцины президентæй сæвæрæм, æмæ нæ фæрæдыдыстæм. Цы финансон фæрæзтæ æрцыдысты хардз, уыдон фæстæдæр ноджы фылдæрæй райстам, – Уæрæсейæ æнæаргъæй раластам 20 мин тоннæйæ фылдæр æрхуы, 15 мин тоннæйы бæрц алюмини, 2 мин тоннæйæ фылдæр та – цези, берилли, стронци, æмæ ноджы бирæ цыдæртæ. Цы æфтиæгтæ нæм æрбахаудта, уыдон 5700 процентæй фылдæр уыдысты нæ хæрдзтæй. Историйы нырма ахæм цау никуыма æрцыд», – æппæлыд Клинтон.

Уæрæсемæ цы ахаст дарынц, уый бамбæхсын сæ бон никуы уыд Стыр Британийы политиктæн, – æвæццæгæн, иууыл хъæстæдæртæ уыдон сты. Сæ премьер-министр Джон Мейджер йæ рæстæджы фыста: «Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Уæрæсейыл ис æрмæстдæр иу хæс – ифтонг кæна ресурстæй размæцыд бæстæты. Æмæ уый тыххæй та 50-60 милуан адæймаг дæр фаг сты». Ома, Уæрæсейы территорийыл æгæр бирæ цæрджытæ ис æмæ сæ хъæуы фæкъаддæр кæнын.

Стыр Британийы иннæ премьер-министр Маргарет Тетчер ноджы карздæрæй загъта йæ хъуыды (схонæн ма æй ис æппæт хурныгуылæйнаг къухдариуæгады бæллиц дæр): «Экономикæйы барæнтæй йæ куы абарæм, уæд Уæрæсейы территорийыл 15 милуан цæрæджы дæр фаг у, кæцытæ кусиккой æрзæткъахæнты æмæ нефть æмæ æрдзон газы промышленносты».

Уæдæ йæ куыд уынæм, афтæмæй сын Путин сæ хинæйдзаг митæ зоны æмæ сыл æууæндгæ дæр никуы кодта. Уымæ гæсгæ сын сайын дæр нæ комы, йæ амарын та сæ къухты не ‘фты. Æндæра сын Путины амæлæт уды хосæй хъавджы нæ уаид. Мæ зæрдыл æрлæууы, Ливийы сæргълæууæг Муаммар Каддафийы 2011 азы куы амардтой, уæд АИШ-ы госсекретарь Хиллари Клинтон фырцинæй хæрдмæ куыд хаудта. Фæлæ сын Уæрæсейы басæттын нæ бантысдзæнис æмæ æвдисæн уыдзыстæм, сæ хинæйдзаг митæ тагъд рæстæджы сæхи ныхмæ кæй æрзилдзысты.

               ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.