Мыхуыры рацыд историон зонӕдты кандидат Хъуылымбегты Роберты чиныг «Южная Осетия. Год за годом». Авторы бирӕ фыдӕбон кӕнын бахъуыд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны архивты ӕмӕ йын бантыст дзӕвгар ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын. Дзырд дзы цæуы, 1922 азӕй суанг 1992 азты онг Хуссар Ирыстоны цы ахсджиаг ӕмӕ зӕрдылдарӕн цаутӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Чиныгкӕсӕг базонгӕ уыдзӕн дзӕвгар цымыдисон ӕрмӕджытимæ ӕмӕ йын фӕахъаз уыдзысты нӕ истори ноджы хуыздӕр базоныны хъуыддаджы.

Чиныгкæсæг базондзæн, 1922 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы статус закъонон ӕгъдауӕй фидар кӕй ӕрцыд æмæ ЦÆК-ы сӕрдарӕй та ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд Дзадтиаты Алыксандр, ӕвзӕрст ма ӕрцыдысты ахуырад, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын, юстицийы ӕмӕ ӕндӕр адӕмон комиссартӕ.

1924 азы 1 январы Хуссар Ирыстоны цӕрджытыл ӕрцыд стыр ӕхсызгон цау – цӕуын райдыдта ирон ӕвзагыл газет «Хурзӕрин» ӕмӕ йӕ редактор та уыд Плиты Арон.

1925 азы 8-ӕм июны Советон хицауад расидыны боны цытæн уагъд ӕрцыдысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ. Уыцы аз ма Цъунары хъӕуы байгом цыхтахсæн куыстуат.

Цины ӕнкъарӕнтӕй зӕрдӕ куынӕ хъуамӕ байдзаг уыдаид уӕды ӕмбӕстӕгтӕн, 1926 азы 16 февралы кӕй скуыста Стыр Леуахийы цӕугӕдоныл гидроэлектростанцӕ, пайда та дзы кодтой куыд горӕты цӕрджытӕ, афтӕ ма хырхӕйфадӕн завод ӕмӕ хӕдзарон скъаптӕ аразӕн фабрикӕ.

   Къаддӕр ӕхсызгондзинад нӕ банкъардтой ирон мыхуыры хӕлӕрттӕ, 1927 азы журнал «Фидиуӕг»-ы фыццаг номыр куы фӕзынд, уӕд. Чиныджы автор ма дарддӕр йӕ кӕсджыты зонгӕ кӕны хъӕууон хӕдзарад, арӕз-тад, киноаивад, театралон аивад, зонад ӕмӕ ахуырады къабӕзты азæй-азмӕ цы ивындзинӕдтӕ цыд хорзӕрдӕм, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. 1939 азы февралы мӕйы йӕ дуӕрттӕ байгом кодта ног уазӕгдон ӕмӕ хуынд «Колхозон хӕдзар»(ныртӕккӕ – уазӕгдон «Ирыстон»). Уыцы аз ма аразын райдыдтой Сталинир-Гуры ӕфсӕнвӕндаг дӕр.

   Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты нӕ адӕм канд хӕсты цӕхӕры не ‘вдыстой хъӕбатырдзинад, фӕлӕ ма фӕсчъылдымы дӕр сӕ ахъаззаджы хайбавӕрд хастой уæлахизы хъуыддагмæ. Цӕвиттон, паддзахадон театры актер Мамиты Димитр бахаста 600 сомы ӕхцайӕ ӕмӕ 1000 сомы та – облигацитӕй, композитор Галаты Барис – 1200 сомы ӕхцайӕ ӕмӕ 3000 сомы та облигацитӕй, уырыссаг скъолайы 2-ӕм къласы ахуыргӕнинаг Бекъойты Рая танчы арӕзтадӕн радта 20 сомы ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Чиныджы цы къамтӕ ис, уыдон фӕрцы кӕсӕг базонгӕ уыдзӕн областы уæды къухдариуæггæн-джытимæ, уыдонимӕ – партийы обкомы фыццаг къухдариуӕггӕнӕг Санахъоты В., ЦӔК-ы фыццаг къухдариуӕггӕнӕг Дзаттиаты А. ӕмӕ ӕндӕртимӕ. Цымыдис сӕм сӕвзӕрын кӕндзысты ноджыдӕр ахӕм къамтӕ, куыд фыццаг трактор Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы хъӕдгуысты комбинат, педагогон техникумы оркестр, Советты Хӕдзары арӕзтад, фыццаг поезды ӕрбацыд, Цхинвалы футболон командӕ, горӕты фыццаг афтек, автовокзалы раздӕры бӕстыхай Тбилисы (Лужковы) уынгыл, 13 Коммунары цырты байгом, фысджыты ӕмӕ медикты иу къорд, кинотеатр «Ирыстон» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.