Ивгъуыд аз нæ горæты 6-æм скъолайы байгом цæгатирыстойнаг менталон арифметикæйы скъола «Tesla»-йы филиал. Скъолайæн йæ бындур у математикон нымæцтæ тагъд нымайын. Хуссар Ирыстоны ахæм скъола бакæныны инициатор у скъола «Tesla». Ахуыр дзы кæнынц иттæг курдиатджын сывæллæттæ. Скъола исы, æхсæз азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм кары сывæллæтты. «Tesla» – скъолайы минæвæрттæ сæхæдæг æр-цыдысты æмæ бынаты, нæхимæ уагътой скъолаты ‘хсæн математикон фæдыздæхты хуыздæр зонындзинæдтæ рабæрæг кæныны фæдыл фæлварæнтæ. Математикæйы ахуыргæнджытæй равзæрстой дыууæ æмæ иу педагог та у организатор.

Ныртæккæ скъолайы цы ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæны, уыдон сты, 6-14 азмæ кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Фæлæ ног ахуыры азы скъола исдзæн 4  азы кары сабиты дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй менталон арифметикæ «Юсимас» ку-сы 25 азы бæрц. Йæ программæмæ гæсгæ архайынц дунейы 80 бæстæйы бæрц.

Скъолайы ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Инди, Малазийы, Казахстан æмæ Япони «Tesla»-йы ахуыры метод бахастой скъолаты программæмæ.

Ацы сæрмагонд метод – математикон нымæцты тагъд нымайыны бындур конд у авд сæйраг æмæ æртæ уæлæмхас сæргондæй. Иу æмвæзад сахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы æртæ-цыппар мæйы. Скъолайы цы ахуыргæнджытæ кусы, уыдонæй сæ иу у Цæгат Ирыстон-Аланийæ æрцæугæ.

Хацырты Агуындæ сывæллæттимæ кусы ныр дыккаг аз æмæ йæ куы фарстам, нæ горæты сывæллæттæ цас курдиатджын сты математикæйы фæдыздæхты, уæд загъта: «Ахуыргæнинæгтæ арæх фæцæуынц ерыстæм. Ерыстæ нын вæййы, канд Цæгат Ирыстоны  цы менталон скъола ис, уым нæ, фæлæ цæгаткавказаг, æппæтуæрæсейон æмæ дунейон ерысты дæр. Ивгъуыд аз уыдыстæм Иорданийы. Уым мах бацахстам иу фыццаг æмæ иу та æртыккаг бынат. Декабры мæйы та Казахстаны цыд æхсæнадæмон чемпионат, цыран цхинвайлаг лæппу Дзабиты Денис бацахста дыккаг бынат», – дзырдта ахуыргæнæг.

Хацырты Агуындæ ма куыд зæгъы, афтæмæй ахуыры процессы рæстæджы иуæй-иу сывæллæттæн райтынг вæййы сæ курдиат æндæр фадыджы дæр. Сæ ныййарджытæ куыд фæзæгъынц, афтæмæй уый вæййы æнæнхъæлæджы. Уроктыл ахуыргæнинæгтæ нæ бафæллайынц, уымæн æмæ иудадзыг ивд цæуы сæ архайд. Ам цы сабитæ ахуыр кæнынц, уыдоны нæ хъæуы се ‘мбæлттимæ ерысты сæр. Алчи дæр кусы йæхи сæрмагонд хæслæвæрдыл. Уый та у хорз стимул.

Менталон арифметикæйы уроктæ нæ хъыгдарынц иумæйаг ахуыры системæйы. Ахуыргæнинæгтæн сæ бон у къуыри дыууæ боны сæ ахуыры процесс адарддæр кæной, Цæгат Ирыстоны цы менталон скъола ис, уым.

Скъоламæ ист цæуынц рынчын сабитæ дæр.

Дзабиты Денисы хуызæн инвалид сывæллæттæн ацы скъолайы ахуыртæ цæуынц æнæаргъæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.