Ныр æртыккаг аз фæд-фæдыл Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты бындурæвæрæг Къораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнинаг Советон Цæдисы æмæ Европæйы чемпион Цхуырбаты Андрейы номарæн турнир. Ерыстæ уагъд цыдысты Республикон комплексон спортивон скъолайы. Хайад сæ райстой 164 æвзонг богалы. Уыдон уыдысты Цхинвал, Дзау, Ленингор æмæ Къуайсайæ.

«Алы хатт дæр ацы турнирмæ æркæнын мæ хъомылгæнинæгты. Ныр дæр та æр-кодтон 20 богалы æмæ сæхи æвдисынц хорз. Бузныг мæ фæнды зæгъын ерысты организатортæн. Азæй азмæ турниры æмвæзад кæны бæрзондæй бæрзонддæр», – загъта Къуайсайы хæбысæйхæцджыты тренер Битеты Сæрмæт.

Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн Парламенты номæй раарфæ кодта депутат Касаты Ацæмæз æмæ банысан кодта турниры ахсджиагдзинад. «Æвзонг спортсментæ хъуамæ зоной нæ республикæйы спорты истори. Зоной ахæм стыр гоймæгты тыххæй, куыд Къораты Харитон æмæ Цхуырбаты Андрей æмæ тырной спорты бæрзæндтæм», – загъта Касаты Ацæмæз.

Спортуарзджытæн Президенты номæй  раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Уый хорз зыдта Цхуырбаты Андрейы. Куыд банысан кодта, афтæмæй Андрей æмæ йæ тренер Къораты Харитон стыр бынат ахсынц Ирыстоны спорты историйы.

«Президенты номæй арфæ кæнын æвзонг богалтæн æмæ бузныг зæгъын йæ организатортæн, хъæбысхæсты скъолайы директор Тедеты Мурат, скъолайы ахуыры хайы сæгълæууæг Бестауты Мурат æмæ тренертæн, – загъта Джиоты Руфин.  Къораты Харитон арф фæд ныууагъта Ирыстоны хъæбысхæсты историйы. Схъомыл кодта Цхуырбаты Андрейы дæр. Уый 1968 азы ссис Советон Цæдисы æмæ Европæйы чемпион. Андрей уыд стыр зæрдæйы хицау, уыд йæ Райгуырæн бæстæйы стыр патриот æмæ тынг хорз æмгар. Фæлæ æнæрæстæджы ацыд а-дунейæ.  Ахæм адæймæгты нæмттæ ма хъуамæ рох кæнæм».

Боны дæргъы цыдысты карз спортивон тохтæ. Æрæмбырдуæвджытæ райгондæй баззадысты спортивон бæрæгбонæй. Хъæбысхæсты скъолайы директор Тедеты Мурат куыд фехъусын кодта, афтæмæй турнир ссис традицион æмæ йæ уаддзысты æрвылаз дæр.

«Турнир ауадзыны хъуыды нæм фæзынд æнæнхъæлæджы. 2015 азы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты уæды кусæг Касаты Ацæмæзимæ нæм ныхас æрхауд, зæгъгæ, æвзонг тренертæ æмæ богалтæй дæр бирæтæ нæ зонынц, Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты бындурæвæрæг чи уыд, уый ном».

Карз спортивон тохты фæстæ 2003-2004 азты гуырд спортсменты ‘хсæн турниры уæлахиздзаутæ систы Бæгъиаты Зауыр (38 кг), Нарыкъаты Марат (44 кг), Гæззаты Александр (48 кг), Гæбæраты Васили (52 кг), Джиоты Дмитрий (57 кг), Хуыгаты Владислав (62 кг), Хуыгаты Руслан (68 кг), Тедеты Баймæт (75 кг) æмæ Гататы Аслан (85 кг).

2005-2006 азты гуырд спорсменты ‘хсæн та фыццæгтæ систы Галуанты Æхсæртæг (23 кг), Санахъоты Ален (26 кг), Болататы Джамболат (29 кг), Гуыззыдтаты Батрадз (32 кг), Бесаты Алан (35 кг), Шавердаты Рауль (38 кг), Хуыгаты Артур (42 кг), Эдгар Мелкоев (46 кг), Хъазиты Михаил (50 кг), Джиоты Артур (54 кг), Тедеты Давид (58 кг) æмæ Мамиты Эдуард (+69кг).

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.