Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты бындуæрæвæрæг Къораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнинаг Европæ æмæ Советон Цæдисы чемпион Цхуырбаты Андрейы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 5-æм аз фæд-фæдыл æмæ та стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой спортуарзджытæм. Тохтæ цыдысты республикон комплексон спортивон скъолайы. Хайад сæ райстой 134 æвзонг богалы. Уыдон уыдысты куыд Цхинвал, афтæ Дзау, Къуайса æмæ Ленингоры районæй.

Ерысты хайадисджытæ дихгонд уыдысты дыууæ кары къордыл. Кæстæр кары архайдтой, 12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Хистæр кары къорды та  – 14 азы онг кæуыл цыд, ахæм богалтæ. Президенты номæй æрæмбырдуæвджытæн спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг, турниры сæйраг тæрхонгæнæг Джиоты Руфин.

Къораты Харитон схъомыл кодта бирæ зындгонд богалты. Уыдон ‘хсæн уыд дунеон къласы спорты дæсны Цхуырбаты Андрей. Андрейыл ацы аз сæххæст уыдаид 80 азы.

Хъæбысхæсты скъолайы директор Тедеты Мурат куыд банысан кодта, афтæмæй турнирæн ис хорз фæстиуджытæ. Уый бузныг загъта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитетæн, афтæ ма сын турнир ауадзынæн чи баххуыс кодта, уыдонæн. Сæрмагондæй рахицæн кодта турниры нымæрдар Игорь Пахомовы. Йæ фæрцы ерыстæ уагъд цæуынц уæлдай организацигондæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.