Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фыццаг номыр.

Дзæнæттаг поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 80 азы. Уый тыххæй журналы йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ис цыбыр зонæнтæ, ис дзы йæ къам дæр. Рубрикæ «Журналы уазæг»-ы бын редакцийы фарстататæн дзуапп дæтты æцæгæлон бæстæйы цæрæг Цорити Эми-нæ. «Бæрæгбæттæ», зæгъгæ, уым та æвзонг кæсджытæ базонгæ уыдзысты Цыппурсы бæ-рæгбоны тыххæй.

«Ногдзау» йæ хъус тынг дары ирон æгъдæуттимæ кæстæрты зонгæ кæнынмæ æмæ ацы номыры дæр уый фæдыл ис уац «Хи дарын Ныхасы».  Редакцийы коллектив се ‘нцой балæууы, сфæлдыстадон архайдмæ йæ тыхтæ чи здахы, уыцы æвзонг автортæм æмæ сын йæ фæрстыл ныммыхуыр кæны сæ уацмыстæ. Ныр дæр дзы сты Алайнаг гимназы 1-æм къласы ахуырдзау Дзасохты Тамарæ æмæ Нарты хъæуы астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Дзигойты Алинæйы поэтикон рæнхъытæ. Номыры нæ чысыл хуртæ бацин кæндзысты зарæг «Уарзын нанайы»- йыл. Ныхæстæ ныффыста Гæджынаты-Хабæты Риммæ, музыкæ Евгений Воложанины, сты дзы зарæджы ныхæстæ нотæтимæ.

«Ирон этикет»-ы кæсджытæ базонгæ уыдзысты «Фынджы æгъдæутты» иу хаимæ. «Таурæгъ»-ы рубрикæйы бын та мыхуыр æрцыд Беслæны хъæуы фыццæгæм астæуккаг скъолайы 8-æм «А» къласы ахуыргæнинаг Хадыхъаты Камиллæйы таурæгъ «Уыг- нывгæнæг» æмæ «Аргъау»-ы та Дзæуджыхъæуы скъола-интернаты ахуырдзау Гасынты Аринæйы куыст «Дзамболат æмæ цъæгъæдз». Рубрикæ «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн», зæгъгæ, уый бын Бызыккаты Земфирæ мыхуыр кæны æмдзæвгæтæ «Хъохъо» æмæ «Бабыз»-æй. Рубрикæ «Иры намыс»-ы нæ чысыл хур-тæ бакæсдзысты уац Тылаттаты Чермены тыххæй, стæй ма, йæ номыл цы зарæг ис, уый дæр. «Худæг нывтæ», зæгъгæ, уым та сты, сабитæ зымæгыл куыд цин кæнынц, стæй Митын Дада куыд аразынц, уыдæттæ. «Аивад»-ы рубрикæйы та дзырдæуы «Фый-йауы кафт»-ы тыххæй. «Радзырд»-ы мыхуыр æрцыд Бес-лæны горæты 7-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Бедойты Инессæйы æм-дзæвгæ æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Риммæйы радзырд «Æнæзонд гогыз». Редакци хорз кæны, сабитæн кæй дæтты фæндаг сæ райгуырæн къуымы тыххæй уацтæ фыссынæн. Ацы номыры дæр æрыгон кæсджытæ базонгæ уыдзысты Дзæуджыхъæуы 8-æм скъолайы ахуырдзау Козаты Агуындæйы уаци-мæ æмæ хуыйны «Поселок Хуссайраг». «Ирон мыггæгтæ»-йы та Дзæуджыхъæуы скъола-интернаты 5-æм къласы ахуырдзау Плиты Арианæ дзуры йæ мыггаджы тыххæй. «Ногдзау»-ы ма сты рубрикæтæ «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ», сканворд æмæ дзырдбыд.

 Журнал аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади, Дзиуаты Земфирæ, Айларты Владимир, Гаппуаты Наталья æмæ Мамсыраты Хасан.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.