24-ӕм февралӕй 2-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу фыдракæнд ӕмӕ раргом. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фæндагонтранспортон цау.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 243 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты цыппар адӕй-маджы. Цхинвалы тæрхондон иу фæткхалæгæн тæрхон рахаста 10 бон, иннæмæн та – 5 боны ахæстоны фæбадын.

Наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны кусджытæн 42-аздзыд горӕттаг цӕрӕгмӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ ӕнӕзакъонӕй спайда кӕнынмӕ. Оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн Цхинвалы районы Присы хъӕуы бархалæджы хисӕрмагонд хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой цыппар хус гӕны къутӕры, гӕххӕтты тыхт гӕны ссадӕг ӕмӕ ма пластмассӕй къӕртайы гӕны тала. Уымӕй уӕлдай ма ноджы баурӕдтой 54-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы, кӕцы ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ. Фӕткхалджыты Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта  фæйнæ 8 мин сомы.

Цхинвалы районы Хелцуайы хъӕуы 61-аздзыд цӕрӕг йӕ дыргъдоны кусгӕйӕ хус кӕрдӕг ссыгъта ӕмӕ арт ахызт сыхаг хӕдзары кӕртмӕ, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн басыгъд Дменисы хъӕуы 42-аздзыд цӕрӕджы автомашинӕ «Honda Elysion».

28-ӕм февралы рынчындонмӕ бахаудта 29-аздзыд горӕттаг цӕрӕг, кӕцы фӕхъӕстӕ ис газӕй. Дохтыртӕ йын медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг нал у.

 Харебаты Исахъы уынгӕй Лужковы уынгмӕ азилӕны 38-аздзыд Цхинвалы цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-21214» скъӕрынмæ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «ВМW-550»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд 24-аздзыд горӕттаг цӕрӕг. «ВАЗ-21214»-ы шофыр разынд нозтджын.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.