Сæрды мæйтæ скъоладзаутæн вæййынц улæфты бонтæ. Алкæй дæр фæфæнды, цæмæй йын баззайа хорз мысинагæй. Чи куыд хуыздæр æмæ хъæлдзæгдæрæй арвита йæ сæрдыгон улæфтыты рæстæг, уыцы фарст алкæмæн дæр свæййы сæйраг. Бирæтæ ацæуынц денджызы былмæ æмæ æндæр курортон бынæттæм. Иутæ та сæ улæфты бонтæ фервитынц хъæуты, алæмæттаг æрдзы хъæбысы. Куыд æндæр азты, афтæ та ацы аз дæр нæ хицауад бацархайдта, цæмæй та баконд æрцæуой сæрдыгон лагертæ.

Ныртæккæ сæрд бацыдис йæ тæмæны. Афæдзы афонтæй сæрд у сывæллæттæн иууыл уарзондæр рæстæг, афтæ ма адæймаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн кæд баулæфа, ахæм фæндиаг рæстæг. Сæрды улæфтыты рæстæджы сывæллæттæй чи цы уавæры арвиты, уымæй цасдæрбæрцæй кæнгæ у йæ дарддæры ахуыры хъуыддаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг аудинаг сты нæ рæзгæ фæлтæр æмæ, уыцы уавæр æмбаргæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрадæй рохуаты нæ баззадис, цæмæй республикæйы сывæллæттæ  цух мацæмæй баззайой. Уый тыххæй сæрдыгон лагертæ байгом нæ республикæйы цалдæр ран. Бакодтой сæрдыгон ла-гертæ  куыд горæты, афтæ Дзауы районы дæр. Гуфтайы астæуккаг скъолайы базæйыл байгом спортивон-æнæнизгæ-нæн лагерь «Фарн», зæгъ-гæ, ахæм номимæ. Ацы лагерь бакæныны агъоммæ Гуфтайы скъолайы бæстыхай æрцыд хæрзæфс-найд, æрцæттæ кодтой æппæтдæр, цæмæй райстаиккой, куыд æмбæлы, афтæ сывæллæтты улæфынмæ. Лагерь «Фарн» кусы ныр цалдæр боны æмæ сын бацымыдис кодтам, куыд улæфынц, уымæ. Уый тыххæй нын бæстон-дæрæй радзырдта йæ хистæр Дзигойты Альбинæ.

– Мæн, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды, ацы лагерь чи срæвдз кодта æмæ ацы сы-вæллæттæн æхцондзинад чи æрхаста, æппæт уыдонæн.

Куыд фарон, афтæ та ацы аз дæр 5-æм июлæй Дзауы районы Гуфтайы скъолайы бæстыхайы баконд æрцыдис сæрдыгон спортивон-æнæнизгæнæн лагерь «Фарн». Ардæм нырма æрвыст æрцыдис сывæллæтты фыццаг къорд. Ахуырады министрады куыд аскъуыддзаг кодтой, уымæ гæсгæ лагеры хъуамæ улæфой 9-15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Ныртæккæ нæм улæфы 60 ахуыргæнинаджы. Уыдон сты нæ республикæйы скъолаты ахуырдзау фæсивæд. Лагеры сывæллæттæн фадат уыдзæн  дыууæ къуырийы бæрц баулæфынæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы лагерæн арæзт æрцыд  сæрмагонд цымыдисон программæ æмæ дзы кусæм цалдæр азы. Ацы программæ ахъаз уыдзæн, цæмæй сывæллæттæ лагеры арвитой хъæлдзæгæй. Программæ афтæ арæзт у, æмæ сывæллæттæ райсомæй суанг изæрмæ вæййынц, сæ рæстæг куыд хуыздæр арвитой, уыцы хъуыддагыл хæст. Æнæхъæн бон уыдон фæхъазынц алыгъуызон спортивон хъазтытæй, хайад исынц нывкæныны æмæ хореографион конкурсты. Фыццаг бон куы ‘рбацыдыстæм, уæдæй сывæллæттæ дихгонд æрцыдысты цыппар отрядыл æмæ сын уый фæстæ сæ хъомылгæнджытæ бацамыдтой лагеры фæткойтæ, ома, лагеры улæфты рæстæджы уыдонæн сæрмагонд хæс кæй ис сæ хъомылгæнджыты раз, сæхи куыд хъуамæ дарой æмæ афтæ дарддæр. Сывæллæттæ цалдæр бонмæ сахуыр кодтой сæ къордон девизтæ æмæ паддзахадон гимны зарæг. Афтæмæй алкæцы къордæн дæр вæййы йæхи хъуыддæгтæ æмæ плæнттæ. Сихорæй фæстæмæ сын вæййы алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, фæхъазынц шашкæтæ, шахматтæй дæр. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсынц интеллектуалон хъазтытæ дæр.

Фæнды мæ зæгъын уый дæр, æмæ нæм тынг хорз сывæллæттæ кæй улæфы, сты коммæгæс æмæ семæ у æнцонкусæн. Иудзырдæй, семæ кусын нын у тынг æхсызгон. Сывæллæттæ сæхи цæттæ кæнынц лагеры бакондмæ. Лагеры бакондмæ фæхуыдтам хъæуы цæрджыты дæр. Уыдон алыхатт дæр хайад райсынц нæ сæйраг мадзæлтты æмæ иумæ арвитæм хъæлдзæг рæстæг. Кæд боныгъæд дзæбæх уа, уæд нæ программæйы арæх сты экскурситæ æрдзы хъæбысмæ æмæ-иу сæ уырдæм дæр акæндзыстæм. Алы изæр та нæм арæзт æрцæуы дискотекæтæ, цыран сывæллæттæ куыд кафгæ, афтæ фæкæнынц заргæ дæр. Уæдæ афтæ зæгъæн ис, æмæ сывæллæттæ дыууæ къуырийы дæргъы хъæлдзæг рæстæг æрвитдзысты.

Лагеры хистæр Дзигойты Альбинæ ма куыд загъта, уымæ гæсгæ сын проблемæтæ нæй сæ куысты. Ахуырады министрад сын развæлгъау сарæзта уавæртæ æмæ ныртæккæ у ифтонг алцæмæй дæр. Мидхъуыддæгты министрад дæр сын сæ къух сарæзтой. Дзауы районы ОМОН æмæ милицийы кусджытæ хъахъхъæнынц лагеры улæфджыты æхсæвæй, бонæй. Æнæуый та кæд сывæллæттæй исчи йæ ныййарджытимæ лагерæй ацæуы рæстæгмæ, уæд сын сæ ацыды агъоммæ ныффыссын кæнынц куырдиæттæ, уымæн æмæ лагеры хъомылгæнджытæ хæссынц стыр бæрндзинад æмæ хъуамæ зоной, сывæллæттæй чи кæм ис, уый. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ сывæллæттæ бон 4 хатты кæй хæрынц хæрзад хæринæгтæ. Лагеры ма сывæллæттæм сæ хъус дары хъомылгæнджытæй дарддæр медицинон кусæг дæр.

Сæ улæфты рæстæджы сæм æнхъæлмæ кæсынц ноджыдæр бирæ цымыдисон мадзæлттæ. Сæ программæйы нысангонд чи сты, уыдонæй дарддæр ма организаци æрцæудзысты æртытæ кæнын æмæ сæ фарсмæ хъæлдзæг рæстæг æрвитын.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.