«Артек» у сывæллæтты æхсæнадæмон улæфæн центр æмæ æрбынат кодта Хъырымы хуссар донбылгæрон Гурздуфы поселочы. Уый советон рæстæджы уыд ногдзауты иууыл зындгонддæр  лагерь æмæ бæстæйы ногдзауты организацийы визитон карточкæ. Райдианы сывæллæтты центр хуынд «Артечы лагерь-санатори» æмæ сырæзт 1925 азы Сырх Дзуары Уæрæсейаг æхсæнады сæрдар Соловьев Зинов Петры хъæппæрисмæ гæсгæ. Йæ фыццаг разамонæг сси дохтыр Шашмаров Федр Федры фырт. «Артек»-ы фыццаг сменæ байгом 1925 азы 16 июны.

Сындæггай «Артек» чысыл сæрдыгон цатырты лагерæй сси сывæллæтты дунейы иууыл егъаудæр фæлладуадзæн комплекс. 1960 азæй райдыдта архитектор Анатоли Полянскийы «Стыр Артек»-ы проекты реализаци. Уымæн бындур æвæрд æрцыд, куыд сывæллæтты лагерь-санатори, афтæ, кæцытæ фæхъæрзынц рæуджыты антоксикацийæ. Æппæты фыццаг сывæллæтты лагерь Артек саразыны тыххæй фехъусынчындæуыд 1924 азы 5 ноябры мæскуыйаг ногдзауты бæрæгбоны рæстæджы. Лагерь сцæттæ кæныны тыххæй дзы хайад райстой Сырх Дзуары Уæрæсейаг æхсæнад, Уæрæсейы фæсивæдон коммунистон цæдис (фидæны ФÆЛКЦ) æмæ æвзонг ногдзауты Централон бюро. Йæ бацæттæ кæныны къухдариуæг кодта З. П. Соловьев йæхæдæг. Афтæ æмæ лагерь байгом 1925 азы 16 июны æмæ арæзт уыдысты  цыппар  къаннæг брезент палаткæтæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы «Артек» эвуакаци æрцыд Сталинградмæ, уый фæстæ та «Серебряные Пруды»-йы санаторимæ, йæ кæройнаг бынат та æрæнцад Алтайы хохбын Белокурихайы. Уыцы ран, хæсты райдианы Хъырымы цы сывæллæттæ баззад, уыдонимæ иумæ улæфыдысты сыбыраг скъоладзаутæ дæр. Куыддæр Хъырым сæрибар æрцыд, афтæ 1944 азы апрелы мæйы æндидзын райдыдтой «Артек»-ы æмæ хæсты фæстæ августы мæйы байгом фыццаг сменæ. Иу азы фæстæ лагеры территори фестыр абоны фæлгæтты онг. 1945 азы 9 февралы «Артек»-ы улæфджытæ арфæ кодтой Ялтæйы конференцийы хайадисджытæн. 1947 азмæ лагерь райста 4 мины бæрц сывæллæтты, уыдонæй æрмæст фæсарæйнаг бæстæтæ – Польшæ æмæ Чехословакийæ уыдысты 50. 5 мæйы фæстæ уыдон ахуыр кæнын райдыдтой уырыссаг æвзаг, цин кодтой Цæдисы æнтыстытыл, дзырдтой бæстæйы рæстдзинады тыххæй.

1958 азы «Артек» лæвæрд æрцыд ФÆЛКЦ-йы ЦК-йы бæрны æмæ райста æхсæнадæмон лагеры официалон статус. 1960-æм азты райдианы лагеры райдыдтой реконструкци кæнын А. Т. Полянскийы проектмæ гæсгæ. 1969 азмæ «Артек»-ы нымадæуыд 150 бæстыхайы, æртæ медицинон центры, скъола, киностуди «Артекфильм», æртæ ленк-гæнæн бассейны, стадион 7000 бынатимæ æмæ сывæллæтты алыгъузон фæзуæттæ. Лагерь æнæхъæн афæдз кæй куыста,  уымæ гæсгæ йæ территорийы уыд иумиагахуырадон скъола. Лагеры цытджын уазджытæ æндæр æмæ æндæр азты уыдысты Жан-Бедель Бокасса, Леонид Брежнев, Юри Гагарин, Индира Ганди, Джавахарлал Неру, Хо Ши Мин, Валентина Терешкова, Лев Яшин æмæ æндæртæ.

Хъырым фæстæмæ УФ-йы скондмæ куы æрбаиу, уæд 2014 азы 16 июны, Уæрæсейы Хицауады бадзырдмæ гæсгæ сырæзт ахуырадон уагдон «Æхсæнадæмон сывæллæтты центр «Артек» æмæ бакуыстæуыд центры размæцыды ног концепци. 2015 азы марты мæйы «Артек»-ы директор Алексей Каспржак Мæскуыйы пресс-конференцийы бавдыста балцæгтæ радих кæныны ног системæ æмæ  уæд лагеры фыццаг сменæ райдыдта уыцы аз 26 апрелы.  Уыцы аз «Артек» райста 20 мины бæрц сывæллæтты. Лагеры 90 азы цытджын бæрæгбоны 2015 азы хайад райста Хицауады Сæрдар Д. Медведев. 2017 азы 24 июны йæм æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президент  В.Путин.

2020 азы сывæллæтты уарзон фæлладуадзæн æмæ æнæнизгæнæн лагерыл сæххæст 95 азы æмæ уыцы дæргъвæтин рæстæджы стыр у йæ лæггады хай нæ рæзгæ фæлтæрæн.

         Æрмæг бацæттæ кодта                                                  

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.