Нæ горæты В. Путины уынджы кæрон фæзынд ноджыдæр иу хæрзарæзт сквер. Уый арæзт æрцыд раздæры Турбазæйы бæстыхайы раз.

Туристон базæйы 1990-æм азты æрцардысты лигъдæттæ. Йæ кæрты цы хæрæндон уыд, уый цадæггай пырх цыд, иу рæстæджы дзы уыд зынгсирвæзт дæр æмæ йын саразæн нал уыд. Тæссагдзинад æвзæрын кодта Турбазæйы цæрджыты сывæллæттæн æмæ хицауадæй домдтой, цæмæй бæстыхайы ныппырх кæной.

Сæрды æмбисы бæстыхаймæ бавнæлдта горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уыдон æй ныппырх кодтой æмæ йын йæ  бынаты райдыдтой улæфæн зонæ саразын.

Ныр сквер арæзт æрцыд капиталонæй, судзынц дзы рухсытæ, сæвæрдтой дзы  рухсдæттæн системæ, урнæтæ, бандæттæ. Уал-дзæджы уым сагъд æрцæудзæнис алыгъуызон бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы кусын куыд хъæуы, улæфын дæр, афтæ æмæ ныр амы цæрджытæн дæр фæзынд уыцы уавæртæ.

Цæрджытæй сæ иу, Санахъоты Раиса загъта, зæгъгæ, фæстаг азты кæд бирæ куыст цæуы горæ-ты схæрзарæзт кæныныл, цæрджытæн хуыздæр цардуагон уа-вæртæ саразыныл, уæддæр нæ районы ницы арæзт цыд æмæ ныр ацы сквер кæй сырæзт, уый нын тынг æхсызгон у. Нæ сывæллæттæ-иу кæлæддзаг агъуыстмæ хæстæг куы хъазыдысты, уæд-иу сын тарстыстæм. Ныр ам фæрнæй хъазæт! Цæрджытæй ацæргæ æмæ æвæрæз чи у, уыдонæн дæр, зæгъгæ, ныр ис, сæхи кæм аирхæфсой, уый».

                    УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.