Æрмæст ивгъуыд аз нæ горæты бындуронæй цы бирæ уынгтæ æрцыд арæзт, уыдон сæ аивдзинадæй бынæттон цæрджытæ æмæ уазджыты цæстæнгас дæр сæхимæ здахынц.

Ацы аз дæр арæзт цæуы 8 уынджы. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон арæзт цæуынц 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Горæты администрацийы æххуысæй ма  арæзт цæуы цæрджытæн улæфæн бынæттæ дæр. Горæты афтæ бирæ нæй сæрибар бынæттæ, фаг улæфæн бынæттæ саразынæн. Уымæ гæсгæ сквер саразынæн æвзæрст æрцыд раздæры универмаг «Ир» æмæ кинотеатр «Ирыстон»-ы бынæттæ. Ам дыууæ ран дæр цы райдзаст уагдæттæ уыд, уыдонæй сæ иу «Ир» басыгъд 2008, азы кинотеатр «Ирыстон» та-1990 азтæй фæс-тæмæ æнæркастæй æдзæллаг уавæрмæ æрхауд. Дыууæ административон уагдо-нæй  ма цы баззад, уыдон хафт æрцы-дысты. Горæты администрацийы куыд зæ-гъынц, афтæмæй уы-дон нал бæззыдысты сæндидзын кæнынæн. Универмаг «Ир» 1964 азы сырæзт. Æртæ уæладзыг дæр уыдысты базарадон объекттæ. Ам уæй цыд уæрæх ассортименты алыгъуызон товартæ. 2008 азы 8-æм августы уымæн басыгъдысты йæ æртæ уæладзыг дæр. Уæдæй нырмæ универмаг лæууыд æдзæмæй. Бирæ хъавджытæ уыд ацы бынатмæ, кæй уазæгдонæн хъуыд, кæй хæдзар аразынæн. Фæлæ боны фæстагмæ горæты администраци сфæнд кодта уым саразын улæфæн зонæ. Бынат цалдæр мæйы размæ асыгъдæг кодтой, æмæ ныр та бавнæлдтой йе схæрзарæзт кæнынмæ. Рæсугъд фæхсбандæттæй дарддæр ам арæзт æрцæудзæнис фонтан дæр. Ам ныр изæрыгæтты улæфдзысты, канд йæ алфæмб-лай чи цæры, уыдон нæ, фæлæ ма горæты иннæ цæрджытæ дæр.

Мæскуыйы уынджы кæрон ма рæзы ноджы иу сквер. Уый та – раздæры туристон базæйы территорийыл. Ам раздæр дзæвгар адæм улæфыд. Турбазæйы хæрæндон  цы бынаты уыд, уым 1990 азты æрцыд зынгсирвæзт, уæдæй нырмæ агъуыст нымад цыд аварион объектыл.

Саразæн ын нал уыд æмæ тæссагдзинад æв-зæрын кодта цæрджытæн. Ам дæр æрцыд сыгъдæггæнæн куыстытæ. Улæфæн зонæйы æвæрд æрцæудзæн бандæттæ, ныссадздзысты дзы бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ, цæмæй дзы сæ рæстæг æрвитой сабитæ æмæ хистæр кары адæймæгтæ.

Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Лалыты  Сослан куыд зæгъы, афтæмæй ацы дыууæ сквер арæзт фæуыдзысты азы кæронмæ, кинотеатр «Ирыстон»-ы территори та хæрзарæзт æрцæудзæнис 2020 азы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.