Нæ горæты уынгтæй хæрзарæзт чи æрцыдысты, уыдон ныр та хъæуы цъæхфæлыст скæнын, алыгъуызон декоративон бæлæстæ æмæ дидинджытæ ныссадзын, срæсугъд сæ кæнын. Ацы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд хæссынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ. Уыдон уал дидинджытæ ныссагътой Октябры, Хъайтарты, Джиоты Аланы уынгтыл. Газонты та байтыдтой кæрдæг. Иуæй-иу административон бæстыхæйтты раз та садзынц бæрзбæлæстæ. Ивгъуыд азты Мамсырайы фырты уынджы цы назбæлæсты талатæ ныссагътой æмæ дзы чи бахус, уыдоны бæсты дæр сагъд æрцыдысты ногтæ.

Рæсугъд дидинджытæ сагъд æрцыд Театралон фæзуаты дæр. Фæлæ æрмæст уынгтæ æмæ уагдæтты алыварс территоритæ нæ цæуынц хæрзарæзт. Горæты администрацийы кусынц сквертæ аразыныл дæр. Практикон æгъдауæй горæты нæ уыд сæрибар бынæттæ, зæрдæйы фаг улæфæн зонæ арæзт кæм æрцыдаид. Уымæ гæсгæ сквер арæзт æрцыд Советон рæстæджыты раздæры универмаг «Ир»-ы бынаты. «Ир» басыгъд 2008 азы, кинотеатр «Ирыстон» та – 1990 азты æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Фæстæдæр сæ ныппырх кодтой. Универмаг «Ир» 1964 азы сырæзт. Уыд æртæуæладзыгон. Бирæ хъавджытæ уыд ацы бынатмæ – кæй уазæгдонæн хъуыд, кæй хæдзар аразынæн. Фæлæ боны фæстагмæ горæты администраци сфæнд кодта уым улæфæн зонæ саразын. Ныр ацы бынат хæрзарæзт æрцыд, сæвæрдтой дзы фæхсбандæттæ. Арæзт дзы æрцыд фонтан дæр. Ам ныр изæрыгæтты фæулæфынц бирæ адæм.

Владимир Путины уынджы кæрон дæр сырæзт ноджыдæр иу сквер. Уый та раздæры туристон базæйы территорийыл. Турбазæ «Осетия»йы иу дзæвгар адæм улæфыд. Хæрæндон цы бынаты уыд, уым дæр 1990 азты уыд зынгсирвæзт æмæ агъуыст нымад æрцыд аварион объектыл. Саразæн ын нал уыд æмæ тæссагдзинад æвзарын кодта æмдзæрæндоны цæрджытæн. Горæты администраци ныссыгъдæг кодта уыцы бынат дæр æмæ дзы сарæзта улæфæн зонæ. Кæстæр кары сывæллæттæн та дзы сырæзт хъазæн фæз. Ныссагътой дзы бæлæстæ, цъæхдарæн къутæртæ æмæ дзы ныр хъæлдзæгæй сæ рæстæг фервитынц сабитæ дæр æмæ хистæр кары адæймæгтæ дæр.

Ныр та æрхæццæ кинотеатр «Ирыстон»  цы бынаты уыд, уый рæстæг. Ацы территори дæр нывæзтмæ гæсгæ хорз арæзт  æрцæудзæн ацы аз.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.