Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй РХИ-йы президенты баранмындмæ гæсгæ ацы аз горæты администраци хъуамæ сараза æмæ схæрзарæзт кæна дæс муниципалон хæдзары кæртытæ.

Ныртæккæ ахæм куыстытæм бавнæлдтой Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдонмæ.

Горæты администрацийы пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы куыстытæ кæнынц æртæ бригадæйæ. Куыстытæ конд æрцæудзысты дыууæ этапæй. Фыццаг уал ссыгъдæг кæндзысты бирæуæладзыгон хæдзары алфæмблай брæттæй. Корпусты фæстæ цы сæрибар бынат уыд, уым цæрджытæ сæхицæн сарæзтой цæхæрадæттæ, сæхгæдтой сæ алыгъуызон фæйнæджы гæппæлтæй. Уыдон та халынц уынджы иумæйаг хуыз. Ардыгæй хаст æрцæудзысты æнæзакъонон гаражтæ дæр. Уый фæстæ арæзтадон бригадæ æрæвналдзæн хæдзæртты æмбæлон уагмæ æркæнынмæ.

Горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй уыцы куыстытæ уыдон кодтой ивгъуыд аз дæр.

Ацы аз  ма ивындзиндæтæ æрцæудзæн нæ горæты сæйраг уынгтæй сæ иу – Мæскуыйы уынгыл дæр. Ацы уынгыл арæзт æрцæудзæн дыууæ скверы. Раздæры универмаг, кæцы басыгъд 2008 азы хæсты рæстæджы, бирæ азты лæууыд сыгъдæй, фыдуынд кодта горæты иумæйаг хуыз. Ныртæккæ уым æххæст цæуынц куыстытæ, хъуамæ пырх æрцæуа æмæ йæ бынаты та фæзындзæн сквер.

Ноджы ма иу улæфæн зонæ фæзындзæнис Мæскуыйы уынджы кæрон «Турбаза»-йы территорийыл дæр. Уым раздæр уыд хæрæндон, цалдæр азы йæм æркаст кæй нал уыд, уый аххосæй æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Тæссаг уыд йæ ныккæлынæй, уырдæм брон фæхастой Турбазайы цæрджытæ. Ныр уыцы территори сыгъдæг кæнынц горæты администрацийы коммуналон хæдзарады кусджытæ æмæ тагъд ацы бынаты дæр сырæздзæнис чысыл сквер æмæ сывæллæттæн хъазæн фæз.

Горæты администрацийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрды ис ацы аз Фидауынгæнджыты уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдон схæрзарæзт кæнын дæр. Уый тыххæй финансон фæрæзтæ рахицæн æрцыд бюджетæй, Президенты барамындмæ гæсгæ.

                                    УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.