Куыд зонæм, афтæмæй марты мæйы кæрон интернет-провайдер «Юг-телеком» схæцыд йæ лæггæдты æргътыл, ома, интернет бауадзыны куыстытæ раздæрмæ абаргæйæ бæрæг фæзынаргъдæр сты. Компани уый куыд æмбарын кодта, афтæмæй баст уыд, Уæрæсейæн Европæйаг бæстæтæ цы санкцитæ сарæзтой, уыдонимæ. Ныртæккæ интернет бауадзыны лæггæдтæ фæстæмæ сæ гаччы сбадтысты. Сæрмагонд хæдзæрттæм марты мæйы кабелон итернет бауадзын кæд 7, 700 сомы аргъ уыд, уæд ныр та раздæрау у 6, 300 сомы. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæм куыстыты лæггæдтæ кæд 2, 200 сомы уыдысты, уæд ныр та фæстæмæ у 1 900 сомы.

Куыд зонæм, афтæмæй интернет тарифты аргъмæ ницы ивындзинæдтæ хаст æрцыд, сæ дыууæ хуызы дæр 800-900 сомы баззад æнæаивгæйæ. «Юг-Телеком»-ы коммерцион директор Джиоты Эрна куыд зæгъы, афтæмæй уыдон дарддæр дæр архайдзысты абоненты хæрзиуæгæн, куыддæр уавæр фæзына, афтæ та æрхæцдзысты куысты лæггæдты æргътыл. «Юг-Телеком»-ы хатт цы къуылымпыдзинæдтæ фæзыны, уый вæййы рæстæгмæ, цыбыр æмгъуыдмæ проблемæ аиуварс æрцæуы. Кæд æмæ абонентмæ исты фарстатæ ис, уæд та йæ бон у бадзура оператормæ æмæ уый уадид аиуварс кæны згъуыдтытæ.

Джиоты Эрна ма куыд зæгъы, афтæмæй кабелон интернетæй пайда-гæнджыты хæрзиуæгæн горæты супермаркет æмæ магазинты æвæрд æрцыд терминалтæ, кæцыты фæрцы не ‘мбæстæгтæн фадат ис сæ интернеты хыгъдмæ ахынцой æхцайы фæрæзтæ. Раздæр уый тыххæй абоненты бацæуын хъуыд «Юг-телеком»-ы офисмæ.

Ныртæккæ кабелон интернет «Юг-телеком»-ы лæггæдтæй пайда кæнынц нæ горæты 70% цæрджытæ. Интернет-провайдер Хуссар Ирыстонмæ хуынд æрцыд 2018 азы, уый цыбыр рæстæгмæ æнæлимитон интернетæй сифтонг кодта канд горæт нæ, фæлæ ма Уæллаг æмæ Дæллаг Гудзабары хъæуты дæр. Фæстæдæр та Къуайсайы горæт, Тъбет, Къостайыхъæу æмæ Дзауы поселочы цæрджыты. Сæ нывæсты ис республикæйы дæрддзæф хъæутæ дæр интернетæй сифтонг кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.