15-æм сентябры уыд Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты профессионалон бæрæгбон.

Уый цытæн сæм фæуазæг РХИ-йы Президент Гаглойты Алан. Ацы  коми-теты сæргълæууæг Коцты Маринæ Президентæн фенын кодта, æрæджы цы ног ифтонгад самал кодтой, уый. Атомон-абсорбцион спектрометры фæрцы рафæлгъауæн уыдзæн дон, уæлдæф, зæххы уæлцъар æмæ хæлцадон продуктты уæззау металлты  бæрцæн.

Комитеты сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы нырмæ никуы уыд ахæм спектрометр. Уымæй дарддæр Коцты Маринæ Президентæн радзырдта, ныртæккæ комитетæн йæ хъомысад цæй бæрц у, уый тыххæй æмæ ма цавæр анализтæ саразын у сæ бон.

Актон залы та Президентмæ æнхъæлмæ кастысты, ацы къабазы бирæ азты цæсгомджынæй чи фæллой кæны, уыцы кусджытæ. Зæрдиаг арфæтæ сын ракодта Гаглойты Алан.

РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæйы Президент схорзæхджын кодта «Хæлардзинады Орден»-æй. Уый фæдыл стыр бузныджы ныхæстæ  загъта комитеты сæргълæууæг: «Ацы стыр хорзæх мæн разæнгард кæндзæнис дарддæр ноджы стырдæр энтузиазмимæ кусынмæ.

Хуссар Ирыстоны «Санэпидстанц» куы сырæзт, уæдæй рацыд 100 азæй фылдæр. Уыдæй нырмæ комитетæн йæ ном бирæ хатт баивтой. Фæлæ æнæивгæ баззад йæ лæггад адæймаджы хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы. Æз ацы комитеты сæргъ лæууын 18 азы. 2008 азы фæстæ нæ материалон-техникон базæ зынгæ фæхъæздыгдæр Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй. Ис нæм ПЦР лаборатори дæр æмæ йæ фæрцы махæн нæ бон ссис хæцгæ низ «Ковид 19» æруромын. Рæстæджы цыдимæ мах дæр цæуæм размæ, нæ амæлттæ цæй бæрц сты, уымæй архайæм лæггад кæнын не ‘мбæстæгтæн».

Президент ма «Сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном радта ацы комитеты къорд азты цæсгомджынæй кусæг  Пæррæстаты Фузæйæн.

Цытджын грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты ПЦР лабораторийы сæйраг дохтыр Томайты Залинæ, санитарон-гигиенон лабораторийы къухдариуæггæнæг Бесаты Ланæ, кадрты сæргълæууæг Чысиаты Олеся, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Санахъоты Жаннæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.