2018-2019 азты Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзт цыд республикон нысаниуæджы фæндаг   Гуфта-Къуайсайы иу хай. Ацы фæндаджы дæргъ æххæст 40 киллометры нæу. Фæндаджы арæзтады дих уыд цалдæр этапыл. 2018-2019 азты фæндаджы арæзтад проектмæ цы цалцæггæнæн куыстытæ хаст æрцыдысты, уыдоны аразджытæ сæххæст кодтой иууылдæр. Куыстытæ æххæст кодта паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой». Арæзт дзы æрцыд 12 вазыгджын фидаргæнæн арæзтады 400 метры дæрддзæгæн. Уый фæстиуæгæн æрцыд асфальт 12 километры бæрц Гуфтайæ Хъемултайы хъæуы онг  æмæ иннæ фадыг та – Кæсаджджыны хъæуæй суанг Къуайсайы горæтмæ.

Ныртæккæ та активон куыст цæуы, ацы нысаниуæгджын фæндагæй ма цалцæггæнинаг чи баззад, уыцы хайыл.

Прораб Габеты Хъазбег нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы куыстытæм æрæвнæлдтой ивгъуыд аз декабры мæйы.

«Техникæ, вагæттæ æрбаластам, цæмæй рæстæгыл æрæвналæм куыстытæм. Афтæмæй Гуфта-Къуайсайы фæндагæн æрæвнæлдæуыд йæ арæзтады æртыккаг этапмæ – Уæллаг Хъемултайæ Суацъалайы онг, йæ дæргъ у 15 километры. Куыстытæ æххæст кæны пад-дзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой», кусынц дзы æрмæстдæр бынæттон кусджытæ», – радзырдта  нын  прораб.

Габеты Хъазбег куыд загъта, уымæ гæсгæ ныртæккæ фæндагæн ист цæуы йæ уæлцъар. Кæм хъæуы, уымæй фæтæн кæнынц. «Боныгъæдæй пайдакæнгæйæ, æххæст цæуынц ацы куыстытæ, уымæн æмæ хæххон бынаты æрæгмæ фæхъæрмттæ вæййы, уазæлттæ та раджы райдайынц, уымæ гæсгæ куыстытæм уымæн рагацау æрæвнæлдтам. Цалынмæ зымæг нæ æрбалæууа нæ къæсæрыл, уæдмæ фæндагарæзтады куыстытæ кæронмæ хъуамæ фæуой», – банысан кодта Хъазбег.

Ацы фæндаджы арæзтад хаст у радон Инвестицион программæмæ. Æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн декабры мæйы. Æдасдзинады нысанæн фæндаджы фæйнæ фарс æвæрд æрцæудзæн бетонæй плитæтæ. Фидар цæудзысты донбылгæрæттæ дæр, бирæ рæтты та æвæрд æрцæудзæн æфсæн-бетонон трубæтæ. Æппæт ацы куыстытæ конд куы æр-цæуой, уæд та æрæвналдзысты фæндагарæзтады сæйраг хаймæ – асфальт кæнынмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æппæт ацы куыстытæ домынц бæстон ахаст, уымæн æмæ фæндаг у хæххон æмæ дзы тагъдыл куыстытæн бынат нæй.

Фæндаджы проектмæ хаст нæ цæуы ногдзинæдтæ, Замтареты хъæуы зæронд хид хъæуы реставраци кæнын æмæ йыл лæмбынæг бакусдзысты фæндагаразджытæ.

Къуыдаргомы цæрджытæн ацы фæндаджы сырæзтæй бирæбæрцæй фенцондæр уыдзысты сæ царды уавæртæ. 

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.