Гуфта-Къуайсайы фæндагарæзтады фыццаг этапы арæзт æрцыд Гуфтайæ Хъемултамæ, кæцыйы дæргъ 12 километры. Дыккаг этапмæ та бавнæлдтой ивгъуыд аз. Уый та райдыдтой Къуайсайы горæтæй. Ацы уынаффæ хаст æрцыд республикæйы хицауады инициативæмæ гæсгæ. Уымæн æмæ уым кæрæдзимæ æввахс бирæ хъæутæ ис æмæ сæ цæрджытæ зындзинæдтæ æййæфтой фæндаджы æдзæллаг уавæры аххосæй. Ивгъуыд азы кæрон фæндаг арæзт æрцыд Кæсаджджыны хъæуы онг. Уымæн та йæ дæргъ у 10 км. бæрц. Æмткæй Гуфтайæ Къуайсамæ фæндаджы дæргъ у 44 километры æмæ ма дзы цы хай баззад, уый арæзт кæд æрцæудзæн, уый фæдыл нын Арæзтады министры хæдивæг Гуыцмæзты Илья куыд радзырдта, афтæмæй 2019 азæн Инвестпрограммæйы ацы фæндаджы арæзтады тыххæй фæрæзтæ æвæрд не ‘рцыд. Фæлæ, зæгъгæ, 2020 азæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы мадзæлттæ арæзт хъуамæ æрцæуой, уыдон æхсæн ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтады 3-аг этап дæр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Гуфта-Къуайсайы фæндагæй цы хæйттæ арæзт æрцыд, уыдон сты капиталон æмæ дзуапп дæттынц фæндаджы æппæт нормæтæн дæр. Фæндаджы арæзтад лæвæрд æрцыд Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитетмæ. Ацы комитеты дæлбаруæвæг «Дорэкспострой» фæндаджы арæзтады процессы рæстæджы пайда кодта хæрзгъæд æрмæджытæй. Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг сæвæрдтой фондз хиды. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы фæндаг хæхты фæрсты цæуы, ис дзы проблемон бынæттæ. Ахæм бынæтты æвæрд æрцыд стыр диаметры бетонон хæтæлтæ. Дурзæйтæй тæссаг цы бынæтты уыд, уымыты та айтыгътой æмæ ныффидар кодтой æфсæн хызтæ. Цыбырдзырдæй, арæзт æрцыд æппæт дæр, цæмæй трассæйыл цæуæг адæм проблемæтæ мауал æвзарой.

Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ фæндаджы арæзтадыл фылдæр куыстой бынæттон адæм. Ныртæккæ кæд сæйраг куыстытæ æххæст нæ цæуынц, уæддæр Къуайса-Кæсаджджыны ногарæзт фæндагыл фенæн ис кусджыты.

Фæндагмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уымыты арæзт цæуынц донлæдæрсæн къанаутæ, æвæрынц фæндагон нысæнттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.