Цæгат Ирыстон рагæй фæстæмæ Кавказы республикæтæй иууыл хæлардæр Кæсæг-Балхъаримæ кæй у, уый, æвæццæгæн, алчидæр зондзæн. Сæ хæлардзинады уидæгтæ цæуынц суанг рагзамантæй. Истори æмæ литературон уацмысты баззад уый фæдыл бирæ цымыдисон æрмæджытæ. Нæ фыдæлтæ бындур цы хорз ахастдзинæдтæн сæвæрдтой, уыдон рæсугъдæй æххæст кæнынц абоны фæлтæр дæр.

  Дыууæ æфсымæрон республикæйы ‘хсæн æмгуыстады бадзырд бафыстой 1995 азы Кæсæджы уæды Президент Валерий Коков æмæ Цæгат Ирыстоны Президент Галазты Æхсарбеджы разамындæй. Ахæм бадзырд уæд уыд Уæрæсейы регионты ‘хсæн фыццаг. Фæлæ абоны цæстæй акæсгæйæ, закъоны ног домæнтæм гæсгæ, абоны цардæн дзуапп нал лæвæрдта. Бахъуыд æй сног кæнын.  Уый фæдыл Ирыстонмæ официалон балцы, базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон бастдзинæдты ног бадзырд бафыссынмæ Кæсæг-Балхъарæй æрбацыд стыр делегаци, ныры Президент Казбек Коков сæ сæргъы, афтæмæй.

Уазджытыл дыууæ республикæйы ‘хсæн арæныл сæмбæлдысты нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ хицауады иннæ уæнгтæ æмæ фыццагдæр бабæрæг кодтой Беслæны мемориалон комплекс æмæ йыл дидинджытæ сæвæрдтой.

Хицауады хæдзары официалон мадзалы архайдтой дыууæ республикæйы Сæргълæууæджы, дыууæ фарсы хицауады уæнгтæ, Парламентты депутаттæ, министртæ… Ныхас кодтой абоны бастдзинæдтæ æмæ фидæны æмгуыстадыл. Казбек Коков зæрдæбын арфæ ракодта фысымтæн сæ хъарм ахасты тыххæй.  Куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ республикæйы цæрджытæ æнусты цардысты хæларæй, кæрæдзи æмбаргæйæ. Ныр та йæ хъуамæ дарддæр ахæссой кæстæр фæлтæртæ, уымæн та абон хъæуы бындур сæвæрын. Бадзырды сæйраг нысан здæхт уыдзæн культурæйы, фæсивæдон политикæйы, наукæйы,  хъæууон хæдзарады къабазы, туризмы рæзтмæ.

Сыхаг республикæйы Президент ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй кæсгон æмæ балхъайраг адæм хæларæй цæрынц сæ республикæйы цæрæг ирон адæмимæ. Ис сæм æнæхъæн ирон хъæутæ дæр, стæй ирон диаспорæ.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй бадзырды сæйраг нысан у адæмы царды æмвæзад, фæрныгад фæуæлдæр кæнын, æфсымæрон бастдзинæдтæ фидардæр кæнын, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ дарддæр цæуой.

Официалон бадзырд бафыссыны фæстæ дыууæ президенты дзуаппытæ радтой журналистты фарстытæн.

Уазджытæ æмæ фысымтæ федтой горæты ног цалцæггонд фæндæгтæ æмæ парк, Национ музей, «Барбашовы фæз», Намысы аллея, стæй цалдæр куыстуаты.

 Æмгуыстады бадзырд йæ тыхы бацыд 1-æм октябрæй.

                                                                                           Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.