Цытджын ахуыргæнджытæ! Педагогон фæллойады зынаргъ ветерантæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгæбоны цытæн!

Ахуырад у рæзтмæ иунæг фæндаг. Хорз ахуыргæнджытæ сывæллæттæм гуырын кæнынц цымыдисдзинад, æххуыс сын кæнынц царды нысан равзарын æмæ сбæрæг кæнынæн. Хæрзуагдзинад, уарзæгой æмæ куырыхондзинады цæвиттон уæвгæйæ, сымах æрмæст зонындзинæдтæ нæ лæвар кæнут, фæлæ хъомыл кæнут сывæллæтты, ахуыр сæ кæнут, цæмæй уой цæсгомджын æмæ зæрдæхæлар, кад кæной кæрæдзийæн, уа сын сæхи хъуыды æмæ сæ архайды тыххæй дзуапп дæттын фæразой. Сымахыл, уæ курдиатыл баст у рæзгæ фæлтæр – Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæны профессионалон æндидзынад!

Мæ сæрæй уын ныллæг кувын равзаргæ фæндагмæ уæ æнувыддзинады тыххæй!

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй кусдзыстут, æппæт уæ тыхтæ, зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад кæй ратдзыстут нæ фæсивæды хъуыдыкæнынад æмæ аккаг ориентацитæ æндидзын кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ дарддæры æнтыстытæ уæ кадджын куысты, сабырад, хорздзинад, фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Цытджын ахуыргæнджытæ æмæ педагогон фæллойады ветерантæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Ацы профессионалон бæрæгбон нысан цæуы уæлдай хъармдзинад æмæ бузныджы ныхæстимæ. Уымæн æмæ ахуыргæнæджы фæлгонц ахсы ахсджиаг бынат алы адæймаджы царды, æхсæнады иумæйагæй.

Ахуыргæнæджы професси у кадджын, сфæлдыстадон æмæ бæрнджын. Уæ разы лæууы вазыгджын хæс –   ахуыр кæнын æмæ духовон æгъдауæй рæзгæ фæсивæд хъомыл кæнын, кæцы сомбон бæрæг кæндзæн нæ паддзахады хъысмæт.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын педагогон фæллойады ветерантæн, кæцытæ æрмæст стыр хайабвæрд нæ бахастой сывæллæтты цалдæр фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддагмæ, фæлæ сæ æнæсаргъгæнгæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзи-нæдтæ балæвар кодтой хуссарирыстойнаг педагогон скъолайы традицитæ аккагæй чи дардæр кæны, уыцы аху-ыргæнджытæн .

Ацы бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы, куырыхондзинад, быхсындзинад, сфæлдыстадон удцырынад, æнæниздзинад, уæнгрогдзинад, амонд, фæрныгад, хорз ахуыргæнинæгтæ, æмæ уыдоны тыххæй сæрыстырдзинад, хъармдзинад æмæ æнцойдзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.