Цæгат Ирыстонæн азæй-азмæ йæ бастдзинæдтæ æнгомдæр кæнынц Хъырымимæ. Уыдон райдыдтой, Хъырым ма Украинæйы сконды куы уыд, уæдæй. Уыцы хъуыддагмæ стыр бавæрæн бахаста Хъырымы ирон æхсæнад дæр, йæ сæргъы йæ сæрдар Саулаты Валери, афтæмæй. Уый руаджы æфсымæрон горæттæ систы Ялтæ æмæ Дзæуджыхъæу, фæстæдæр та Гурзуф æмæ Беслæн. Бафыстой бирæ алыхуызон базарадон æмæ культурон бадзырдтæ, уыимæ Севастополимæ дæр.

Ныр дæр та республикæйы стыр делегаци ацыд Хъырыммæ, фыццаг хатт официалон хуызы. Делегацийы сконды уыдысты: республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, культурæйы министр Къубалты Эльбрус, Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан æмæ иннæ бæрнон адæймæгтæ. Балцы фæлгæтты ма Симферополы уыд Ирыстоны нывгæнджытæ æмæ æрмдæсныты куыстыты равдыст, стæй Адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль “Алан”-ы концерт. Официалон балцы сæйраг нысан уыд нæ зындгонд æмзæххон, Советон Цæдисы Хъæбатыр Къесаты Астаны номыл Севастополы уынгтæй иуæн лæвæрд кæй æрцыд, уый. Уынг ног номимæ кадджын уавæры бакодтой фысымтæ æмæ уазджытæ.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фыццаджыдæр фембæлд Севастополы губер-наторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Развожаевимæ. Битары-фырт Ирыстоны цæрджыты номæй зæрдиаг арфæ ракодта фысы-мæн, не ‘мгуыстады бадзырдтæ æнæкъуылымпыйæ кæй æххæст кæнынц, канд уый тыххæй нæ, фæлæ нæ зындгонд æмзæххон Къесаты Астаны номыл уынг кæй скодтой, стæй Севостополы  скъолатæй иу йæ ном кæй хæссы, уый тыххæй.  Куыд бафип-пайдта, афтæмæй уыцы æууæлтæ фидардæр кæнынц дыууæ регионы ‘хсæн бастдзинæдтæ æмæ хæлар ахастытæ.

Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой сæ дарддæры ног нысантыл.

Дарддæр Ирыстоны делегацийæн фембæлд уыд Хъырымы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Аксеновимæ. Дыууæ фарсы сæйрагдæр дзырдтой, цы бирæ æмгуыстадон бадзырдтæ скодтой, уыдоныл. Битарты Вячеслав куыд банысан кодта, афтæмæй ирæттæн Хъырым æцæгæлон нæу, хонынц æй сæ фыдæлты зæхх, кæрæдзимæ æнгом баст сты историон, экономикон æмæ культурон тæгтæй. Битары-фырт ма республикæйы цæрджыты номæй арфæ ракодта Хъырымы Сæргъ-лæууæгæн, республикæ ногæй йæ историон фыдыбæстæ – Уæрæсемæ кæй раздæхт, уый тыххæй.

Сергей Аксенов куыд радзырдта, афтæмæй Ирыстонмæ дары хорз зæрдæ, ис ын бирæ ирон хæлæрттæ Хъырымы дæр. Раппæлыд ирон æхсæнады архайдæй дæр. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны делегаци фыццаг хатт официалон хуызы кæй æрцыд Хъырыммæ, уый та у ноджы æнгомдæр æмгуыстады бастдзинæдтыл дзурæг сæ дарддæры куысты.

Дыууæ фарсы минæвæрттæ баныхас кодтой дыууæ регионы ‘хсæн авиарейсытæ фæфылдæр кæныныл, туризмы рæзтыл, базарадон æмгуыстадыл, культурон проекттыл, Ирыстоны сывæллæтты Хъырымы санаториты дзæбæх кæныныл æмæ бирæ æндæр фарстатыл.

Уый фæстæ уазджытæ æмæ фысымтæ бакастысты Ирыстоны аивады дæсныты равдыстытæм, стæй “Алан”-ы концертмæ.

        Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.