15 декабры Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон зонад-иртасæн институты уыд филологон зонæдты доктор, профессор Битарты Зоя Абайты Васойы тыххæй цы æртæтомон чиныг бацæттæ кодта «Фарн Вассо» уый, уыдон презентаци. Презентаци байгом кодта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт æмæ презентацийы куысты хайад кæй райстой, уый тыххæй бузныг загъта залы уæвджытæн. Сæрмагонд арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны делегацийы минæвæрттæн, делегацийы сæргълæууæг Хозиты Барис, филологон зонæдты доктор, профессор Тахъазты Харум, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ, Касаты Аслан, Гасанты Валери æмæ æндæртæн. Йæ бакæнгæ куысты тыххæй ма  Гаглойты Роберт арфæйы ныхæстæ загъта Битарты Зояйæн æмæ ныхасы бар радта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн.

Президент йæ раныхасы райдианы банысан кодта, зæгъгæ: Арæх иу, кæнæ æндæр фарсты фæдыл ныхас куы фæцæуы, уæд иуæй иутæ уыцы хъуыды адих кæнынц, сæвзæры сæм æндæр хъуыдытæ дæр. О, фæлæ дзырд Абайты Васойыл куы фæцæуы, уæд æй, чи зоны, уыдонæй алчи дæр банысан кæны, зæгъгæ, Васо уыд, йæ адæмæн стыр кад чи скодта, йæ Ирыстон æмæ ирон адæмы æнæкæрон уарзтæй чи уарзта, ахæм æмбæстаг». Уымæй дарддæр ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, Васойы тыххæй куыд хуымæтæг адæм, афтæ дзурдзысты дунейы ахуыргæндтæ. Уымæн æмæ Васо у уый аккаг.

Васо зонады кабазы стыр куыст бакодта. Уыимæ йæхи нæ тигъ кодта йæ разы рæстæгæй рæстæгмæ цы политикон фарстытæ фæзынд, уыдоныл дæр. Васо æппынæдзух архайдта æмæ хъуыды кодта, цæмæй сомбон Ирыстонæн уа размæдзыд æмбæстæгтæ. Уыцы хæстæ абон лæууынц нæ разы дæр. Æнæбафæллайгæйæ агурын хъæуы, зонады къабазмæ йе ‘ргом чи здахы, ахæм æрыгон фæлтæрты.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон ирон æвзагмæ хъæуы хуыздæр хъус æрдарын, цæмæй саби йе взаг хуыздæр базона уый тыххæй ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æххæст кæнынц сæ ра-зылæууæг хæстæ.

– Абон мæн, сæйраджыдæр, бузныг зæгъын фæнды, чингуытæ рухс кæй æххуысы фæрцы федтой, уыдонæн. Уыдон цъус не сты, фæлæ уæлдай стырдæр æххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбары Вадим. Ацы чингуытæ рауадзыны хъуыддаджы мæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй ма арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ цæгатаг уазджытæн. Цы домæнтимæ сæм бахатыдтæн уыдоныл бакуыстой зæрдæбынæй æмæ æххæст æрцыдысты афоныл, – загъта Битарты Зоя.

Уый фæстæ Битарты Зоя банысан кодта, чингуытæ цæттæ кæныны рæстæджы цы зын-дзинæдтыл æмбæлд, уыдон æмæ загъта, зæгъ-гæ, чингуытæ æрмæст Хуссар Ирыстоны биб-лиотекæты æмæ скъолатæм нæ барвыстам, фæлæ ма сæ бынæттæ бацахстой Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ Уæрæсейы иуæй-иу стыр горæтты библиотекæты дæр.

Ирон æвзаг фæтыхджындæр æмæ фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй та Битарты Зоя банысан кодта, зæгъгæ, æвзаджы уавæр нæ паддзахады разамонджытæ æмæ ахуыргæндтæй æнæхъусдард нæу, фæлæ, хъыгагæн, абон цы куыст цæуы, уыдон цъус сты. Хорз уаид æмæ æвзаджы тыххæй уагъд куы цæуид сесси-тæ, конференцитæ, фембæлдтытæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ. Уыимæ ма Битарты Зоя банысан кодта, зæгъгæ, фембæлдтытæ уадзын хъæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытимæ.

Дарддæр раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Васойæн ам, хуссары кæнынц стырдæр кад.

– Иннæ хатт Васойы тыххæй исты мадзал уагъд куы цæуа, уæд æй ауадзын хъæудзæнис нæ университеты. Уымæн æмæ нæ музеймæ бахизæны ис Васойы къæлæтджын æмæ къулыл та конд ис йæ къам, – банысан кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

– Ирон æвзаг фæтыхджын æмæ фæхъæз-дыгдæр кæныны сæраппонд ацæугæ азты ба-кодтам бирæ куыст. Хорз бастдзинæдтæ нын ис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетимæ æмæ семæ ирон æвзаг фæтыхджындæр æмæ фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй бакодтам бæрæг куыстытæ.

Презентацийы ма раныхас кодтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой Цхуырбаты Мира, Кокойты Теймураз, Битарты Маринæ, Абайты Зарæ, Гаглойты Элисо, Пæррæстаты Мананæ æмæ æндæртæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.