Пресс-центр Sputnik-ы уагъд æрцыд пресс-конференци ахæм темæйыл – «Куыд арвитæм нæ Ногазон бæрæгбонтæ æдасæй?». Ардæм хуынд æцыдысты минæвæрттæ Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты, Мидхъуыддæгты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадтæй, кæцытæн, иннæ министрадтæм абаргæйæ, бæрæгбонты рæстæджы бæрæг фæфылдæр вæййынц сæ хæстæ. Бæрнон кусджытæ лæмбынæг æрдзырдтой бæрæгбонтæм цæттæгæнæн мадзæлтты тыххæй æмæ ма сдзуапп кодтой журналистты фарстатæн.

Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны управленийы сæргълæууæг Гаглойты Маир куыд бамбарын кодта, афтæмæй та ацы аз дæр 30 декабрæй фæстæмæ милицийы кусджытæ ахиздзысты фæтыхджындæргонд куысты режиммæ.

«Кæд æмæ абоны бон горæты æдзух патруль кæнынц æртæ автомашинæйы бæрц, уæд бæрæгбонты та сæ нымæц схиздзæнис 12 онг. Уымæй уæлдай ма фæфылдæр уыдзысты кусджытæ стационарон постыты, паддзахадон объектты, æмæ ма Театралон фæзуаты та æвæрд æрцæудзæнис пост суанг бæрæгбонты фæудмæ», – зæгъы Гаглойты Маир.

Журналистты уæлдай тынгдæр цымыдис кодта «гуыппгæнæнты» фарст, уымæн æмæ горæты уынгты æдæрсгæ ацæуæн нал вæййы, – дæ цуры кæд цы ныгуыпп кæндзæнис, уый бæрæг нæ вæййы. Рынчындоны сæйраг педиатр Хæныкъаты Ларисæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй «гуыппгæнæнтæ» цæрджыты æрмæст тасы не фтауынц се срæмыгъдæй, фæлæ ма тæссаг сты адæймаджы æнæниздзинадæн дæр. «Рынчындонмæ травмæтимæ иууыл фылдæр бахауынц Ног азы бæрæбонты рæстæджы, уымæн æмæ ацы бæрæгбон баст у фейерверктæ æмæ гуыппгæнæнтимæ. Йæ сæйраг аххосаг та вæййы пиртехникæ. Æз, куыд дохтыр, афтæ фидарæй зæгъын, – пиротехникон дзаумæттæн сæ фылдæр хай кæй сты тæссаг, уæлдайдæр та сывæллæттæн, æмæ аразын хъæуы алцыдæр, цæмæй ма хауой не мбæстæгты къухтæм. Хорз уаид æмæ иу бон куы рахицæн кæниккой æмæ йæ куы схониккой фейерверкты фестиваль, цыран не ‘мбæстæгтæ æмбæлон специалисттимæ уадзиккой петардатæ, гуыпп кæниккой «гуыппгæнæнтæ», æмæ алчидæр райгондæй баззаид, сывæллæттæн та уды бæстæ уаид», – банысан кодта Хæныкъаты Ларисæ.

«Дзырд сывæллæтты æдасдзинад æмæ æнæниздзинадыл куы цæуа, уæд ахæм ситуацимæ хуымæтæг цæстæй нæ хъæуы кæсын. Зæгъæм, мæнæн равдыстой 20 сантиметры дæргъæн петарда, йæ диаметр та уыдис 5 сантиметры бæрц, афтæмæй та йæ хуылфы уыд 80 граммы бæрц рæмудзæн буарад. Куы йæ абарæм хæстон гранат «Ф-1»-имæ, уæд уым та ис, æрмæстдæр, 60 граммы рæмудзæн буарад. Куыд уынæм, афтæмæй ахæм петарда сывæллонæн куы балхæнай, уæд уый нысан кæны, йæ къухтæм ын кæй дæттыс гранатæй тæссагдæр дзаума», – загъта Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Санахъоты Руслан.

Гаглойты Маир ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, нæ республикæйы территорийыл кæй нæй пиротехникæ уæй кæныны бар. Ныридæгæн дæр рейдон мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн конфискаци æрцыдысты 200 «гуыппгæнæны» бæрц. Цалынмæ цæрджытæ сæхæдæг бамбарой пиротехникæйы тæссагдзинад, уæдмæ, æвæццæгæн, ацы проблемæйæн аиуварсгæнæн нæй.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.