27 августы нæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся æмæ Донецкы Адæмон  Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Эдуард Якубовский сæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады фæдыл Сразыдзинадыл.

Цытджын церемонийы хайад райстой дыууæ республикæйы сæргълæуджытæ дæр.

Æмгуыстады фæдыл сразыдзинад дæтты дыууæ бæстæйы Уæлдæр Тæрхондоны системæтæн, профессионалондзинадыл æнцойгæнгæйæ, Уæлдæр тæрхондоны барад æрбиноныг кæныны фадат.

Церемонийы рæстæджы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли загъта: «Уый у ноджы иу къахдзæф æмгуыстады процесс реализаци кæнынмæ. Стыр бузныг уын зæгъын Республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй райстат, уый тыххæй. Бирæ трагикон азты фæстæ нæ республикæйы хæдбардзинад нымад æрцыдис. Мах нæ зæрдыл дарæм уыцы бон, уыцы циндзинады æнкъарæнтæ нырма дæр сты нæ зæрдæты. Нырма цъус рæстæг рацыд, фæлæ махæн бантыст бирæ цыдæртæ саразын. Абон цы сразыдзинадыл æрфыстæуыд къухтæ, уый ноджыдæр у иу къахдзæф, тæрхондоны системæйы къабазы æмгуыстадмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Андрей Захарченко та загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты сæраппонд уæ республикæйы цы бæрæгбонон мадзæлттæ цыд, уыдон мыл стыр æхсызгон тæлмæнтæ ныууагътой. «Сымах æнтыстытæ махæн алыхатт дæр æхсызгон вæййынц. Донбассы адæм сты уæ иууыл стырдæр хæлæрттæ, æмæ кæдæриддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ. Мах рацыдыстæм иу фæндагыл. Уæрæсейы Федераци Гуырдзыстоны агрессоры тыххæй æркодта сабырадмæ, æмæ уын уый фæстæ та банымадта уæ республикæйы хæдбардзинад. Мах Сæрибардзинады тыхæй сымахæй дæр æмæ мах фарсæй дæр нæ хотæ æмæ æфсымæртæй бирæты туг ныккалд, уымæ гæсгæ махæн иу истори ис. Хъыгагæн, абон махæн нæ республикæйы нырма цард стабилон нæу. Фæлæ нæ уырны, Стыр Уæрæсе æмæ сымах фæрцы, мах кæй фæуæлахиз уы-дзыстæм зындзинæдтыл. Мах дæр сымахимæ иумæ нæ бæрæгбонтæ кæй нысан кæндзыстæм».

Фембæлды кæрон РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ДАР-йы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Эдуард Якубовскийы схорзæхджын кодта «Хæлардзинады орден»-æй.

«Фыдыбæстæйон хæсты Хуссар Ирыстоны уæлахизы 10 азы сæххæсты цытæн»-ы майданæй та хорзæхджын æрцыд Михаил Кульбида,  ДАР-йы Тæрхондонон департаменты управленийы хистæры хæдивæг.

ДАР-йы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Эдуард Якубовский та «За заслуги перед судебной системой»-йы майданæй схорзæхджын кодта нæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олесяйы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.