Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн хæхбæсты – Дзауы районы Сыхты хъæуы. Нæ хъæуы æрæййæфтон тынг бирæ диссаджы куырыхон лæгтæ æмæ æгъдауджын устытæ. Зæгъæм: Къæбысты Росе, Тъура, Гари, Гыби, Ягор, Падо, Кудзи, Къуылых, Коцты Уасил, Иликъо æмæ бирæ æндæртæ. Æмæ уыдоны цæвиттоныл ахуыр кодтам мах, хъæубæсты фæсивæд дæр.

Алы комбæстæн, алы хъæуæн уыд йæхи дзырддзæугæ, кувæг лæгтæ. Бадтысты-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, куывдты, чындзæхсæвты, дзуарыбонты æмæ зианы фынгтыл. Уæды рæстæджы нæ уыд агуывзæтæ, нозты алыгъуызон мигæнæнтæ – рæгъытæ кодтой сы-къатæй. Чи сын лæггад кодта фынджы уæлхъус, уыдон хуыдтой уырдыглæуджытæ.

Æз арæх лæууыдтæн уырдыг хистæртæн æмæ-иу сæм хъуыстон тынг цымыдисæй.

Фынджы хистæры раз-иу æрæвæрдтой æртæ хæбизджыны, кæд-иу цырæгътæ æмбæлдис, уæд уыдон дæр. Скуывта-иу фыццаг куывд Хуыцауæн. Кæд-иу кувæггаг æмбæлдис кæстæртæм адæттын, уæд-иу æй алæвæрдта, фæлæ-иу хистæры раз хъуамæ уыдаид æртæ хæбизджыны, цалынмæ æртæ куывд кодтаид, уæдмæ.

Кæд-иу фынгыл бадтис сиахс, уæд-иу уый сыстади, хистæр кувын куы райдыдта, уæд, æмæ лæууыдис цалынмæ куывд фæуыдаид, уæдмæ, кувæггаг дæр-иу авæрдтой уымæ.

Ирон фынгыл хæбизджынтæм кардæй не ‘внæлдтой, цъæл сæ кодтой къухæй. Фынгыл сæ æвæрдтой æнæхъæнтæй сæрæй кæронмæ æмæ сæ сæхæдæг цъæл кодтой къухæй. Дзул дæр цъæл кодтой къухæй.

Стыр хъыгагæн, арæх бадæм зианы фынгтыл, кæцыты фенæм бирæ æнæгъдау митæ. Цæвиттон, бирæтæ куыддæр æрбадынц, афтæ райдайынц хæрын, бирæтæ та арахъхъæй сæ къухтæ ахсынц, ома, сæ дезинфекци кæнынц. Мæнмæ гæсгæ, ирон фынгыл ахæм хъуыддæгтæ не сты рæсугъд. Зианы фынгыл бирæ рæгъытæ, бирæ нуазын, бирæ хæрын æмæ бирæ бадын номгæнæг не сты. Уæлдайдæр та æвзонг зианы фынгыл.

Æрхъуыды ма кæнæм, хæрз æрæджы дæр ма зианы Згъудеры уæлмæрдмæ хастой къухæй. Фыдохы митинг-иу уагътой уым, æмæ-иу фынгæй дæр сыстадысты рæстæгыл.

Не ‘гъдæуттыл æрмæст фыссын нæ хъæуы, фæлæ сæ хъæуы æххæст кæнын дæр, цæмæй сæ кæстæртæ уыной æмæ сыл ахуыр кæной.

Къæбысты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.