РХИйы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечникимæ, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты бæрæгбонмæ.

   Уазæгæн арфæ ракæнгæйæ, Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта ахæм нысаниуæгджын боны республикæмæ хæларадон визитимæ кæй æрцыд, уый тыххæй. «Мах бирæ азты дæргъы цыдыстæм ацы цаумæ, бирæнымæц амæттæгты сæрты рацæугæйæ, хæдбардзинады сæраппонд бафыстам стыр аргъ. Иууыл сæйрагдæр уæлахиз та ис уый мидæг, æмæ абон нæ сывæллæттæ кæй нал схъиуынц срæмыгъдтытæй», – загъта Президент.

Уый загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, тагъд рæстæджы Луганскы зæххыл кæй сфидар уыдзæн сабырдзинад æмæ æнцойад.

«Цахæмфæнды хæцæнгæрзтæй ма пайда кæной, уæддæр  сабыр цардæй цæрыны сæрыл чи тох кæны, уыцы адæмы фæндондзинады ныхмæ зын рацæуæн у», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дыууæфарсон ахастыты тыххæй дзургæйæ, хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, уыдон дарддæр фидардæр кæндзысты æмæ йæ Луганскы Адæмон Республикæйы куыстуарзаг адæмæн бафæндыд сабырдзинад æмæ амонд.

«Нæ адæмтæ æввахс сты монон, æмæ дунемæ цы цæстæнгасæй кæсынц, уымæ гæсгæ. Мах бæтты экономикон фадыг, уырны мæ, æввахс рæстæджы мах нæ къухтæ кæй æрфысдзыстæм æхсæн-хицауадон бадзырдыл æмæ дипломатон ахастытæ кæй сараздзыстæм, уый. Хуссар Ирыстон кæддæриддæр уыдзæн æфсымæрон адæмы фарсмæ», – загъта уый.

Йæ рады, Леонид Пасечник бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, ахæм хъармæй йæ кæй райста, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый фыццаг хатт бабæрæг кодта Кавказ æмæ йæ дисы баппæрста Алайнаг зæххы рæсугъд-дзинад. «Уæ адæм сты хæлар æмæ фæлмæнзæрдæ. Æз нырма дæн, знон цы театралон равдыст федтон, уый тæлмæнты бын, æмæ мæ фæнды банысан кæнын, йæ истори чи хъуыды æмæ йын кад чи кæны, уыцы адæмыл ничи фæтых уыдзæн», – загъта уый.

Леонид Пасечник арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Президентæн дыууæ республикæйы экономикон æмархайды планы сæм се ‘ххуысы къух  кæй фæдаргъ кодта, уый сæраппонд. «Алы хæст дæр фæвæййы сабырдзинадæй, алы пырхæнтæ та – æндидзынадæй, арæзтадæй, рæзтæй æмæ размæцыдæй, уый та нысан кæны сымахмæ разæй кæй æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.