Нацийы сæйрагдæр æмæ æппæты ахсджиагдæр æргъадтæй иу æвзаг у. Наци цæмæй нацийыл нымад уа, уый тыххæй йын хъуамæ уа йæхи æвзаг, культурæ æмæ истори. Ирон адæмы рагфыдæлтæй махмæ, сæ фæдонтæм, æнусты сæрты æрхæццæ сты ацы бæлвырдгæнæнтæ æмæ махæй   алчи дæр хъуамæ йæхи хæсджыныл нымайа уыдонæн аргъ кæнын æмæ сæ рæзгæ фæлтæрмæ куыдхуыздæрæй  адæттыныл.

Мæнмæ гæсгæ, цæмæй адæймаг фарст «Чи дæ?»-йæн фидарæй дзуапп радта «Ирон дæн», зæгъгæ, уый тыххæй уал, сæйраджыдæр, хъуамæ зона йе ‘взаг. Цы у уыцы æмбарынад, – иронау зонын, – зæгъгæ? Уый нæу хæццæ-мæццæ ныхæстæй, кæм – æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæй пайдагæнгæйæ ныхас кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, махæй бирæтæм афтæ фæкæсы, ома, кæд иугай ныхæстæ фæзæгъæм иронау, уæд иронау хорз зонæм æмæ нын фаг у. Ахæмтæн сæ ных куы бакъуырай, уæд ма дæ масты хай дæр æрбакæндзысты, зæгъгæ, мæ фаг зонын, кæм мæ бахъуыд æндæр! Уæдæ æвзагыл дзурæг куынæ уа, уæд сæфгæ кæны. Æмæ кæд нæ мадæлон æвзаг нæхи нæ хъæуы, нæхæдæг æй нæ сæрмæ нæ хæссæм, уæд æм æндæр исчи та цы цæстæй хъуамæ кæса? Мадæлон æвзаг амонын хъæуы сабийæн йæ райгуырдæй фæстæмæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ, нырыккон ныййарджытæй бирæтæ сæ чысыл хуртæн фыццаг ныхæстæ райдайынц амонын æндæр æвзæгтыл, зæгъæм, петушок, коровка, хрюшка, æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон, æвæццæгæн, афтæ арф нæ фæхъуыды кæнынц, фыццаг рады йæ мадæлон æвзаг чи нæ сахуыр кæна, уымæн цы уыдзæн йæ фидæн æмæ цы адæмы хаттæй уыдзæн. Уыдæттæ та, мæнмæ гæсгæ, сты гуымир рæдыдтытæ ныййарджытæн æмæ ацы фарст у хъус æм æрдарыны аккаг. Ахæмтæ нæ нацийы кæнынц былмæ æмæ уый у нæ фидæ-ны сæфтыл дзурæг дæр.

Фæнды ма мæ нæ культурæ æмæ не ‘гъдæутты тыххæй дæр зæгъын. Куыд ма загътон, афтæмæй нацийы æнцойгæнæн цæджындзтæй сæ иу у культурæ. Йæ культурæ чи рох кæны, йæ райтынг æмæ фæхъæздыгдæр кæныныл чи нæ архайы, фæлæ йæ чи хæццæ-мæццæ кæны, уыдон дæр сты нацийы сæфтмæ кæнджытæ. Ирон адæмы культурæ у хæдхуыз, ис ын бирææнусон истори, æмæ нæм кæд не’гъдæуттæ æрхæццæ сты рагфыдæлтæй, уæддæр, хъыгагæн, уыдонмæ бирæтæ бахæссынц сæ ныфс сдызгъуымтæ  сæ кæнынмæ, науæд та сæ бынтондæр скуынæг кæнынмæ. Афтæмæй та уыцы уаз хъуыддæгтæ æнæфæивгæйæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаиккой рæзгæ фæлтæрмæ. Уый у фæлтæрæй фæлтæрмæ нæ ахсджиаг хæс, фæлæ… Мах хъуамæ арæм æппæт уавæртæ дæр, цæ-мæй сæ куыдаивдæрæй фæхæццæ кæнæм нæ сабиты æмбарынадмæ, цæмæй уыдон уарзой æмæ аргъ кæной сæ национ культурæйæн, æндæр адæмты культурæты ‘хсæн сæ бон уа, æппынкъаддæрæй, рахатын сæхи культурæ, сæ аивад, æмæ дзы сæрыстыр уой.

Астæуккаг ахуыргæнæндæтты ирон æгъдæутты тыххæй куыст цæуы æрмæстдæр урокты æмæ сæрмагонд темæтыл уагъдцæуæг мадзæлтты рæстæджы. Фæлæ уый фаг нæу. Ахуыры нывæстмæ хъæуы бахæссын фылдæр уæлæмхас куыст ацы ахсджиаг темæтыл. Уадзын хъæуы гом уроктæ, цыран дзырд хъуамæ цæуа не ‘гъдæуттыл, нæ историйыл æмæ нæ культурæйыл, куыд æмæ нæм цы уавæрты æрхæццæ сты, куыд сæ хъæуы пайда кæнын, æппæт уыдæттыл. Ахæм уæлæмхас куысты руаджы сабиты хъуыдыкæнынады уыдзæн фылдæр зонæнтæ, хъæугæ æрмæджытæ, хъæздыгдæр кæндзæн ирон дзырдты дзырдуатон фæсауæрц. Ахуырадон уагдæтты нывæстмæ ма бахæссын хъæуы ирон æгъдæутты фæдыл сæрмагонд уроктæ дæр. Афтæ ма, мæнмæ гæсгæ, хорз уаид, скъоладзауты сæрдыгон улæфæн лагерты дæр куы уадзиккой ирон æгъдæуттыл дзурæг хиирхæфсæн мадзæлттæ, ирон национ хъæзтытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ныры дуджы компьютерон технологитæй фæсивæд арæх кæй пайда кæнынц, уымæ гæсгæ тынг хорз хъуыддагыл нымайын, æрæджы Гæбæраты Æхсар цы ног æфтауæнтæ сарæзта, уыдон. Уыдонæй сæ иу – «Базон-базон». Базон-базоны фарстатæ сты нæ истори, цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны географион равæрд, нæ культурæ, ирон нæмттæ, аивад æмæ æндæр ахæмтыл. Уыдонæн дзуаппгæнæг та сæ хъуамæ зона, цæмæй сын раст дзуапп скæна, кæй нæ зона, уымæн та хъазтæн йæхи мидæг ис дзуапп ссарæн. Афтæмæй хъазты хуызы ис райсæн тынг бирæ зонæнтæ. Иннæ æфтуаны руаджы та ис ирон æвзагыл Нарты кадджытæ, аргъæуттæ, ирон фысджыты æрмæджытæ æмæ æмдзæвгæтæм байхъусæн сыгъдæг  ирон аив æвзагыл. Уыдоны руаджы ис базонгæ кæнæн æрмæст æрмæджытимæ нæ, фæлæ ма аив ирон ныхасы зæлынадмæ байхъусæн. Дыууæ æфтуанæй дæр ис пайдагæнæн, куыд компьютертыл, афтæ телефонтæ смартфон æмæ андроидтæй дæр, яндекс-æфтуанæй йæ сæвæргæйæ.

Уæдæ, мæнмæ гæсгæ, нæ рæзгæ фæлтæримæ куы цæуа æмбæлон æмвæзадыл куыст сæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтыл, уæд уый стыр ахъаз фæуыдзæн фидæны фæлтæртæн, цæмæй зоной сæхи, аргъ кæной сæ фыдæлты уидæгтæн æмæ, дам, уидаг цы бæласæн нал вæййы, уый хус кæны, зæгъгæ, – ахæм тæссагдзинадæй бахъахъхъæнæм нæ нацийы уидæгтæ æмæ йын, уыйхыгъд, суадзын кæнæм цъæх таутæ.

ТЫДЖЫТЫ Мæдинæ,

Цхинвалы 6-æм астæуккаг

скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.