Махæй алчи дæр хорз æмбары, нозт, тамако æмæ наркотиктæ адæймагæн цы стыр зиан хæссынц, уый. Уымæн æмæ цард йæхæдæг æвдисы, уыдонæй пайдагæнджытæн сæ цард цыбырдæр кæй кæны, зианæй дарддæр дзы кæй ницы хæссынц. Зæгъын хъæуы уый, нозтдзуангæнджытæ, наркомантæ æмæ тамакодымджытæ канд сæхицæн нæ, фæлæ ма сæ алфæмблайуæвджытæн, сæ бинонтæн дæр стыр зиан кæй хæссынц. Уымæ нæ кæсгæйæ, хъыгагæн, не ‘хсæн бирæ ис, нозтдзуан чи кæны, наркотиктæй  æхцондзинад чи исы æмæ йæ организм йæхæдæг чи хъæстæ кæны, ахæмтæ. Æмæ кæд ахæмты ныхмæ тох кæнынц куыд барадхъахъхъæнæг, афтæ æнæниздзинад хъахъхъæнæг органтæ, арæзт сын æрцыдис сæрмагонд хосгæнæндон, уæддæр сæ нымæц бирæ нæ къаддæр кæны. Хъыгагæн, ацы зианхæссæг цайдагъдзинæдтыл фæцалх вæййынц нæ сылгоймæгтæй дæр бирæтæ. Иууыл стырдæр бæллæх та йæ фæстæ расайы, нозтджынæй машинæтыл куы сбадынц, уæд. Æмæ æрцæуы, срастгæнæн кæмæн нал вæййы, ахæм æнамонд цаутæ. Нозты тыххæй куы дзурæм, уæд уартæ мингай азты размæ фæзынд. Фæлæ дзы ирон адæм зыдтой бæрц. Йæ ныхмæ тохæн дæр  дæргъвæтин истори ис. Дзырдæн, зæгъæм, Египеты расыггæнджытæн хастой æгады тæрхæттæ æмæ сæ сырдтой сæ бæстæйæ. Индийы расыггæнджытæн дардтой судзгæ згъæр. Грецийы сæнæй базаргæнджыты тынг æфхæрдтой. Англисы та расыггæнджыты, æфсондз сæ бæрзæйтыл, афтæмæй кодтой уынгты æмæ сæ адæмы раз æфхæрдтой. Уый фæстæ ма чи банызтаид, уымæн та хастой мæлæты тæрхон. Абон нозтдзуан чи кæны, æмæ йæ бинонты масты хай чи бакæны, уыдоны бинонтæ  дæр æнæмæнг бабæлликкой махмæ дæр карздæр закъæттæ райсыныл. Раздæр нæ горæты дæр расыггæнджытæн уыдис æрвонггæнæндон. Милици зылдысты æмæ ахæмты ахстой æмæ сæ кодтой æрвонггæнæндонмæ. Адæм тарстысты æмæ сæхи хызтой карз нозтæй. Ацы хъуыддаг хорз ахъаз уыдис нозтуарзджытæн, уынгты сæ уæддæр нæ федтаис æнæуаг митæ кæнгæйæ, фæлæ ацы хъуыддаг дæр йæ тых фесæфта. Æмæ кæй куыд фæнды, афтæ кæны. Зæрдæмæдзæугæ нæу,  нæлгоймаг зын уавæры куы бахауы, уæд йæ маст нозтæй ныххуыссын кæнынмæ кæй фæхъавы, уый. Нæлгоймаг нæлгоймаг у æмæ цахæмфæнды уавæрты дæр хъуамæ фæразон уа. Дæ маст нозтæй ныннымæг кæныныл ма хъуамæ хъуыды кæнай, фæлæ агурын хъæуы фадæттæ ахæм уавæрæй рахизынæн. Арæх фехъусæн вæййы хъæуты цæрджыты ‘хсæн дæр: уæдæ цы фæуæм, куыст нын ницы ис. Зæрдæ фæриссы, ахæм ныхæстæ фехъусгæйæ. Уæдæ ма акæсæм фæйнæрдæм, нæ быдыртæ куыд скъутæр сты æгуыстæй. Æмбæрстгонд у, зын у зæххы куыст дæр, фæлæ куыстæй ничи ма амард. Куыст адæймагæн кæддæриддæр номгæнæг уыд, нозт та – æгадгæнæг. Æмæ бафæлвар. Бакус дæхи фаг. Уæдæ сæ куыд куыстой раздæры адæм. Æви нæ астæу нал тасы куыстмæ æмæ агурæм алыгъуызон æфсæнттæ. Наркотикау, нозтæй дæр цуды адæймаджы æнæниздзинад æмæ йæ кæрон мæлæтмæ кæй æрцæуы, уый сусæггаг нæу.

Йæ рæстæджы зындгонд уырыссаг ахуыргонд-физиолог И.П.Пав-ловы куы фарстой, 87-аздзыдæй афтæ æнæниз æмæ цæрдхъом цæмæн у, уæд сын йæ дзуапп уыд: “Ма нуазут арахъхъ, сæн, уæ зæрдæйæн тамако æмæ хъылмайæ ма зиан кæнут, уæхи хъахъхъæнут ацы знæгтæй” æмæ фæцæрдзыстут.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ мах цы аразæм, уый, æвæццæгæн, фаг нæу. Ацы  хъуыддаджы фæдыл хъæуы карздæр мадзæлттæ исын. Хъыгагæн, нозтдзуангæнджыты ‘хсæн фенæн ис ацæргæ адæймæгты дæр. Уæдæ афон у нæ уавæрыл ахъуыды кæнынæн. Дуджы азарæй нæ цъус нæ фæцагъды ис. Æмæ сæ нозт æмæ наркоманийы азарæй мауал фылдæр кæнæм. Уыдонæн фæзын вæййы ахæм уавæрæй рахизын, сæхи дзы атонын. Уымæ гæсгæ нæ хæс у сæ фарсмæ балæууын. Йæ адæмы хъысмæтыл чи хъуыды кæны, уымæн уæлдай нæ уыдзæнис сæ хъысмæт. Мах раирвæзтыстæм хæсты æмæ æрдзон фыдбылызтæй, æндæр æгъатыр фæлварæнтæй дæр. Æмæ хъуамæ сирвæзæм ацы фыдбылызæй дæр. Уый тыххæй та хъæуы фæдис кæнын, тох кæнын, цæмæй уавæр рараст уа. Ацы хъуыддаджы фæстиат кæнын нæ хъæуы. Уымæн æмæ уый иу адæймаджы мæлæт нæу, фæлæ æппæт нацийы. Уымæ гæсгæ нæхи ницыуынæг, ницыхъусæг ма хъуамæ скæнæм. Ирыстон хъуамæ цæра, размæ цæуа æнæ наркотиктæй, æнæ нозтуарзджытæй. Наркотиктæ æмæ психотропон буарадтæ чи парахат кæны, уыдон та сты Ирыстоны æгъатырдæр знæгтæ æмæ аккаг æфхæрд хъуамæ цæуой. Ацы здæхты хъæуы хъаруджындæрæй кусын. Адæймаджы æнæниздзинадæн тамако дымын цы стыр зиан хæссы, уый ныхмæ махмæ, сæйраджыдæр, тох кæнынц иумиагахуырадон скъолатæ, медицинон уагдæтты æмæ органты кусджытæ, фæлæ ацы хъуыддаджы дæр раппæлинагæй ницы ис. Фæстейæ  дзы нæ баззадысты чызг фæсивæдæй дæр бирæтæ.

Наркотиктæ махмæ, цард цалынмæ нæ сызмæст, уæдмæ зонгæ дæр ничи кодта, фæлæ фæстаг азты сарæх сты хъылмайæ пайдагæнджытæ æмæ сæ парахатгæнджытæ дæр. Мардæрцыд уый у, æмæ ацы маргæй кæй пайда кæнынц лæппу-фæсивæд нæ, фæлæ чызг фæсивæд дæр. Наркотикты дæлбар чи бахаудта, уыцы рынчынты нымæц азæй-азмæ рæзы æгас дунейы æмæ йемæ милуангай адæмтæм хæссы уæззау рыст æмæ тухитæ. Наркомани канд æнæниздзинад нæ халы, фæлæ ма æхсæнады уагæвæрдтæ дæр, халы бинонты цард, сидзæрæй ныууадзы сабиты, нал фæауæрдынц хæдзарæй давыныл дæр. Хъыгагæн, ахæм уавæр сæвзæрыд нæ республикæйы дæр. Хæст бандæвта нæ фæсивæдыл дæр æмæ  æндæр æвзæрдзинæдты æмрæнхъ фæзындысты нозт æмæ наркомани. Æмæ ныр æнцонæй бахауынц йæ дæлбар. Раздæр сабыр дуджы стæм хатт федтаис нозтджын адæймаг æмæ-иу нæм диссаг фæкаст, ахæм уагмæ кæй æруагъта йæхи, уый. Наркотиктæй махмæ ничи пайда кодта. Цæвиттойнаг уыдысты алы хъуыддаджы дæр нæ фæсивæд. Ныр дзы бирæтæ бахаудтой нозт æмæ наркоманийы дзæмбытæм. Æмæ уыдоны уацары чи бахауы, уый ма  йæ бинонтыл, йæ сомбоныл хъуыды кæны? Цал æмæ цал ахæм цауæн уыдтæн мæхæдæг æвдисæн, нæ горæты цадмæ æввахс  цы гаражтæ уыд, уыдоны фарсмæ иу æвзонг лæппутæ куы ныггуыбыр сты æмæ-иу карз нозтæй кæрæдзимæ куы хатыдысты. Æмæ изæрыгæтты фæсвæд бынæтты, кæрæдзийæн судзинтæ аразгæйæ сæ цал æмæ цал хатты уыд фенæн. Кæсыс сæм æмæ дæ зæрдæ фæрччытæ хауы фырмæстæй, фæлæ сын дæ бон ницы у баххуыс кæнын. Риссы зæрдæ, цæмæн ахæм уагмæ хъуамæ æрхаудтаиккой, абон нын ахæм зынаргъ чи сты, уыцы фæсивæдæй бирæтæ. Махмæ наркомани фæзынд хæсты рæстæджы, фæлæ йæ уидæгтæ æгæр арф ауагъта, йе ‘ндæвдады бын æгæр бирæ фæсивæд бахаудтой æмæ дзы тынг бирæтæн аскъуыдта сæ цард. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы фарстыл кæй тох кæнынц æмбæлон органтæ, фæлæ ацы хъуыддаджы дæр уадиссаг æнтыст нæма ис.

Бирæ дзурæн ис ацы æртæ æнамондхæссæг хъуыддæгты тыххæй, фæлæ уыдонæй æнцонæй фервæзæн нæй, æхсæнад сæ ныхмæ æмткæй куынæ растой, уæд.

                  БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.