Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр иу зонадон конференцийы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, бирæ æвзæгтæ зонын хорз у, фæлæ сæ алкæмæй дæр пайда кæнын хъæуы хицæнтæй. Ома, иу æвзагыл дзургæйæ не мбæлы æмæ пайда кæнай æндæр æвзагы дзырдтæй. Уымæн æмæ, дам, æв-загмæ ахæм ахаст, куыд иу, афтæ иннæ æвзагыл дæр æндавы низау.

Рæстæджы цыдимæ ирон æвзаджы раз æвзæрд алыгъуызон зындзинæдтæ. Кæд-иу уыцы зындзинæдты сæрты ахызт, уæддæр ыл мæгуырауæрдæм æндæвтой æндæр æв-зæгтæй æрбайсгæ дзырдтæ. Ирон æвзаджы стыр зынтæ æмæ фыдæбæтты сæрты хизын бахъуыд ссæдзæм æнусы фыццаг æмбисы. Уæд Гуырдзыстоны разамынд ирæттæн сæ мыггæгтæ ивын кодта æмæ сæ домдта, цæ-мæй дзурой гуырдзиаг æвзагыл. Фæстæдæр Гуырдзыстоны хицауад дарддæр кодта ирон æвзаг куынæг кæныны хъуыддаг. Цал æмæ цал хатты бахастой ивындзинæдтæ скъолаты ахуырады программæмæ. Æмæ алы хатт дæр уыцы ивындзинæдтæ уыдысты ирон æвзагæн разиан кæнын æмæ гуырдзиаг æвзаг схъæздыг кæныны сæраппонд.   Æргом-иу чи сдзырдта ирон æвзаджы тыххæй, уыдонæн-иу сæ фæндаг уыд ахæстонмæ.

Цæмæй ирон æвзаджы кад ноджыдæр æрхаудаит, уый тыххæй иу рæстæджы не скъолаты хуыздæр кад æмæ аргъ кодтой гуырдзиаг æвзаджы ахуыргæнджытæн. Сæхæдæг дæр сæхи нымадтой уæларвонтыл æмæ сæ цы æмæ куыд фæндыд, уый арæзтой, уымæн æмæ сыл йæ къух æвæрдта Гуырдзыстоны разамынд. Сæ мыздтæ дæр иннæ предметты ахуыргæнджытæй цалдæр хатты фылдæр уыдысты.

60-70 азты Гуырдзыстоны разамынд ирон æвзаг скуынæг кæныны нысанæн райста æндæр фæндæттæ. Уыцы фæндæттæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм, гæнæн уыдис æмæ ма рафыстаиккой ирон æвзагыл цæуæг периодикон мыхуыр, фæлæ æнæмæнгхъуыддаг уыдис гуырдзиаг газеттæ æмæ журналтæ рафыссын. Бирæтæн-иу сæ æнæрафысгæйæ дæр хастой хæдзæрттæм.

Не ‘взаг ахæм хъизæмæрттæ æмæ зындзинæдтæ æвзаргæйæ бирæ фесæфта йæ сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадæй. Уыдæтты аххосæй абон бирæтæй фехъусæм, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ не ‘взаг нæ уарзæм. Æмæ афтæ дзурджытæ не сты раст. Уый бæрц зындзинæдты сæрты хизгæйæ дæр чи нæ амард, уыцы æвзагæй афтæ зæгъæм æмæ йæ нæ уарзæм, уый раст нæу. Уарзæм æй æмæ йæ уарзгæ дæр кæндзыстæм. Ахæмæй дæр нæм æй чи рхæццæ кодта, уыдонæн та зæгъын хъæуы бузныг. 

Ныр æппæт дæр аразгæ у нæхицæй æмæ мæ уырны, гуырдзиаг дзырдтæ, кæцытæ къорд азты дæргъы сæмхæццæ сты не ‘взагимæ, фесæфдзысты цадæггай. Иу æмæ дыууæ адæймагæй нæ фехъусдзынæ, æфсæрмы кæй кæнынц иронау дзурын, уымæн æмæ тæрсынц фæрæдийынæй. Æнусты дæргъы нын не взаг скуынæг кæныныл чи архайдта, уыдон æвзагæй пайда кæнай, уый нæу худинаг, фæлæ нæхи ирон æвзагыл дзурын!..

Фесты, нæ адæм æмæ не взаджы бирæ зынты сæрты хизын куы хъуыд, нæ хъуыддæгты тыххæй искæмæн лæгъзтиаг куы уыдыстæм, уыцы рæстæджытæ. Ныллæуыд æндæр дуг. Цæмæй нæ цард, нæ аразинаг хъуыддæгтæ нырæй фæстæмæ, куыд æмбæлы, афтæ аразæм, уый тыххæй хъуамæ уæм æмзонд æмæ нæм уа кæрæдзиæмбарынад. Уыдон нæм куы уой, уæд рацæудзæнис рæстæг æмæ уавæр хорзæрдæм фæивдзæнис бындуронæй.  

                                                                          Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.