Мадæлон æвзагыл нæм æрмæст æмбисæндтæ цас ис, уыдон нымайгæйæ дæр ныффæлмæнтæ вæййы адæймаджы зæрдæ: «Мадæлон æвзаг мады ад кæны», «Мадæлон æвзаг мыды ад кæны», «Мадæлон æвзаг иу вæййы», «Мадæлон æвзаг кæмæн ницы у, уымæн мад дæр ницы у», «Мадæлон æвзагыл зæрдæивæн нæй», «Мады ’взаг мæргътæ æмæ сырдтæ дæр æмбарынц»… Къоста уымæн бæллыд арфæйы дзырдмæ: «Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!..» («Додой»). Æрмæстдæр æй уый «фарны хъæрæй» уыдис ныфс, цæмæй нæ æрбаиу кæна («Æнæ фыййау»).

Фæлæ мæгуырыл дур хæрдмæ тулы, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Нæхицæй аразгæ цы у, уый рох кæнæм. Секъа Иры фæсивæдыл зæрдæрисгæйæ уымæн дис кодта:

Худинаг уæм куыннæ кæсы
Æнцад бадын фыддæрадæн.
Иу уæ, лæгау, куыд нæ тæрсы
Фесæфынæй Иры ’взагæн!

«Иры фæсивæд»

Бæллыд — «ирон лæг йæхи куы зонид», йæхи йæ бæстон куы хонид. Афтæ куынæ уа, уæд, сæфтмæ кæй цæуæм, уый йын бæлвырдæй уыдис зындгонд.

Уыйау ирон æвзаджы уавæрыл йæ зæрдæ скъуыдтæ кодта Тыбылты Алыксандрæн: «…нæ цæсты нæ уыдис æрдуйы бæрц дæр нæ фыдæлты æвзаг, ирон æвзаг», — дзырдта катайгæнгæйæ.

Фæрсы нæ Секъа-поэт уайдзæфгæнæгау, зæрдæрисгæ æмæ æфхæрдæй:

Ирон адæм цытæ систы?!
Чи — гуырдзиаг, чи — уырыссаг,
Чи — тæтæйраг, чи — кæсгон…
Никуы федтон ахæм диссаг, —
Ныр куыд сæфы Ирыстон!..

«Тæхуды»

Уагæрафтæ, абон цы диссæгтæ цæуы, не ’нæфсис сыхæгтæ нын нæ уæзгуытæ Онæй Душетмæ куыд æрбауынгæджытæ кодтой; Фæснауырæй (Пасанаурæй) Ларсмæ куыд байстой; нæ къæсæртыл нын кæрæдзийы уæлæ цы дуртæ авæрынц нæхи дзуæртты номæй æмæ сæ сæхи куыд хонынц (зæгъæм, Ломисы дзуар); нæ сахартæ, нæ историон цырддзæвæнты нæмттæ сæхирдæм куыд аластой æмæ ласынц; нæ адæмон эпос «Нарты кадджытæ»-йыл дæндагæй куыд ныззезелæг сты æмæ йæ куыд ныхъуырынц; сæ фыдæлтыл куыннæ уал æввæрсынц æмæ сæхи нæ фыдæлтæ — аланты номæй куыд хонынц… Цыма нæ фыдæлтæ, æцæг, ахæм дзæгъæлкъах уыдысты. Æппæт уыдæттæ куы фехъуыстаид…

Нæ ирон, уæздан фæлыст раджы аирвæзт сæ хъуыры, ныр та нын нæ культурæмæ, уæлдайдæр, хореографион культурæмæ ныггуыбыр сты. Ноджы не ’взагыл дæр исæм нæ къух. Афтæмæй нæ Алыксандр кæд фæдзæхста, цæмæй не ’взагмæ æрдарæм нæ хъус: «Цæмæй нæ къахыл слæууæм, уымæн та йæ сæйраг амæлттæй сæ иу у не ’взаг. Æрмæст æвзаджы руаджы райхъал уыдзæн нæ зонд…». Куырыхон хистæр тынг хорз зыдта: «Æцæгæлон æвзагыл адæймаг зонды мæсыг нæ самайдзæн». Афтæ куы загътаид — æцæгæлон æвзагыл адæймаг йæ фыдæлты зонды мæсгуытæ дæр ныппырх кæндзæнис, уæддæр нæ фæрæдыдаид.

Афтæ кæй у, нæ поэттæн нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт судзгæ рис уымæн фестад рагæй фæстæмæ. Дзугаты Георгийæн дзы йæ цæст «сомы дæр нæ уарзы». Уарзта йæ, «хъæбул йæ гыццийы куыд уарзы!..» Йæ цин æмæ йæ зын у æмæ йыл æрвылбон дæр зыр-зыр кæны: «Дæ цæхæр цæстытæм фæкæсын, Æмæ сын бацъындæй фæтæрсын…» («Ирон æвзаг»).

Не ’взаг цы уавæры уыд æмæ ис, уый Гафезæй хуыздæр чи зыдта! Æмæ йыл æцæгæй иууыл фылдæр чи рыст советон дуджы, уый уыдис йæхæдæг. Кæддæриддæр уыд фæндвидар:

Мæ нæртон æвзаг!.. А зæххыл кæй уарзын
Æппæты фылдæр, чи мын у æрдаг,
Цæмæн сæвæрд уый базары тæразыл,
Цæмæн ысси кæмæндæрты дзырддаг?!.

Фыссæг зоны, йæ нæртон æвзаг «нæ фесæфтис» «уадтымыгъты, хæсты», «Нæ бабын доны, туджы зæйты, арты, Нæрыди куысты, хохы тигътыл, фæзты, Уый хаста скиф æнусты дæргъы уартау», «Зынвæндæгтыл мæлæты сæрты хызт», фæлæ йын «иуæй-иутæ ауазынц йæ развæд», æвæрынц ыл цъутта, уæддæр у фæндвидар:

Ирон æвзаг кæйдæр фæндæй нæ равзæрд,
Нæдæр ын и кæйдæр дзырдæй мæлæн!

«Ме ’взаг»

Ныртæккæ «ирон», «ирон» кæнгæйæ дæлбынты цъæмæлтæ уидзын модæйы ис. Фæлæ ирон æвзаджы тыххæй барджын ныхас зæгъын куы хъуыд, уæд бирæтæ йæ иувæрсты сыллынджытæгæнгæ уадысты. Гафез, Цæрукъаты Алыксандыр, Уырымты Петка, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодзаты Æхсар æмæ иннæтæ кæддæриддæр зæрдæбынæй дзырдтой, адæм кæй номæй стæм, нæ уыцы мадæлон æвзаджы тыххæй.

Цæрукъаты Алыксандрæн, зæгъгæ, «ирон зæлланг ныхас» айс, уæд баззадаид къуырма æмæ куырмæй. Зæхх æмæ арвæн нал уыдтаид сæ хуызтæ. Нал дæр къахæй цыдаид. Уымæн ын табу кодта: «Ирон æвзаг, æз демæ уадхæссæг цæргæс, Йæ сæрвидауц ды дæ, йæ уæвынад мæ цардæн».

Хъодзаты Æхсар зæгъы: «Адæмæн аргъгæнгæ у сæ поэтмæ гæсгæ». Дзуццаты Хадзы-Мураты «Ме ’взаг» кæм нæ азæлы, Ирыстоны ахæм зынгæ бынат нæй. Æмæ уый афтæ хъуамæ уа. Уымæн æмæ æлвæст, зæлланггæнаг æмдзæвгæйы «даргъ æмæ цыбыр рæнхъытæ кæрæдзи ивынц фæд-фæдыл, уый йын дæтты хъандзал интонаци». Афтæмæй æвдисы не ’взаджы истори, йæ абоны уавæр æмæ йæм йе ’гæрон уарзт.

Ирон лæджы хъарæг æмæ йын зарæг чи у, нæ туг-стæг нын цыфæнды фыдæвзарæнты дæр чи бавæрдта, уыцы мадæлон æвзаг æй æрмæст йæ удæгасæй нæ хъæуы, бæллы, цæмæй йæ фæстæ дæр æнусты дидинæг æфтауа:

Æз мæлæтæй нæ тæрсын,
цас цæрон,
уыййас цæрдзынæн.
Æз мæ ингæны
амондджын уыдзынæн,
ме ’взаг мæ цыртыл
куы ныффысса ’нцойы ныхæстæ,
ме ’взаджы зæлтæй
цъæх-цъæхид куы дара мæ бæстæ.
Æз мæ ингæны ниудзынæн,
хъæрздзынæн,
Ирыстоны суадæттау,
зæххы бынæй кæудзынæн,
æз фæстаг поэт куы уон,
поэттæ мæ фæстæ куы нæ уал уа,
Ирыстоны зæхтыл
сау туг куы ныууара,
æз мæрдтæм дæр куынæ хъусон
иронау
Къостайы сидт тохмæ,
иронау
Отеллойы богътæ!

Цыма, не ’ппæт дæр тынг хорз зонæм, нæ мадæлон æвзаджы фидæны охыл ныры хуызæн зæрдæбынæй никуы ма дзырдтам. Уæлдайдæр, æндæр æвзæгтыл. Никуы дæр æм паддзахады ’рдыгæй уыдис ныры хуызæн хъусдард. Паддзахады сæргълæууæг афтæ куы зæгъа: «Ирон лæг ирон æвзаг куынæ зона, Æгъуызаты дзæнæтыбадинаг Æхсарбеджы кой кæнын, — уæд дзы мæ цæсты кад нæй», — уæд уымæй хуыздæр цы уа?!. Æмæ, Хуыцау нын æй куынæ байстаид, уæд, аразгæ дæр афтæ кæй кодтаид, уый нæ уырны.

Уæдæ, раздæр нæ хицæутты ардыдæй нæхицæн кæй мам кодтам, уыцы æвзаг куыннæ фесæфт, уæд ныр цæмæн сцъиувæдис стæм? Уæд нæ мадæлон æвзаджы фарнхæсджытæ уыдысты, нырма нын сæ удтыл дæндагæй чи хæцынц, уыцы ирон фарнхæссæг хъæутæ. Цæугæдон алы дуры цæфæн куыд сыгъдæг кæны, æвзаг дæр афтæ у: цал раны йыл нывæндынц сæ хъуыдытæ, уал хъæуы дзыхы калы дидинæг. Нæ сахартæ æвзаджы рæзтæн ницы уадиссаг ахадынц. Сæрмагондæй аудын уымæн хъæуы нæ мадæлон æвзагыл.

Фæлæ Нобелы номыл премийы лауреат Иосиф Бродскийы ныхас дæр нæу аппаринаг, зæгъгæ, æвзагыл цас адæм дзурой, уымæй баргæ нæу йæ миназты фæстейæйы цæрæнбон, фæлæ йыл иу хорз æмдзæвгæ куы ныффыстæуа, уæд ын уый бирæ фылдæр адарддæр кæндзæнис йæ цардбонтæ.

Махæн та цы уавæры ис, уыцы æмдзæвгæтæ кæм райгуырынц, нæ уыцы нывæфтыд литературæ? Цæгат Кавказы кæд тырыса никæмæ ма радтам, уæддæр ацы стыр ахсджиаг хъуыддаджы нæ сыхæгтæ рагæй бæллынц æмæ хъавынц нæ разæй фæуынмæ. Æмæ, хатт бæллиц æцæгдзинад кæй свæййы, уый нæ ма хъуамæ рох кæна. Уæлдайдæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджытæн афæдз нæ разамынд хицæн кæны 400000 сомы!!! Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæн — æнæхъæн 900 000 сомы бæрц. Цæцæны Республикæ та сæ Фысджыты цæдисæн рахицæн кæны дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр 16 (æхсæрдæс) милуан сомы. Æмæ нæ сурæнт «фæстейæ».

Бродскийы хъуыдыйæ аргъгæнгæйæ, Къоста «Ирон фæндыр»-æй цас цæрæнбон бафтыдта нæ мадæлон æвзагыл, уый, æвæццæгæн, тагъд рæстæджы нæ бон нæ бауыдзæнис банымайын. Уымæ гæсгæ уын лæвар кæнын нæ мадæлон æвзаджы тыххæй иу æмдзæвгæ.

Ирон æвзаг

Зæды буц маргъ — булæмаргъ
Нарты удæвдз басгуыхт:
Й’ алы зард дæр — царды аргъ,
Цавæр цины бахсыст?

Цавæр дон, цы уæлдæфæй
Райхæлы, къуыбырау?
Цавæр уарзты хъарм тæфæй
Баризы, фæндырау?

Тайы, руайы йе ’взагыл…
Уагæры куыд раид,
Иунæг бон ирон æвзаг
Уый æвзаг куы уаид!

Хъазиты Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.