Гуырдзиæгты фæлитой митыл дзурын мæ сæрмæ дæр нæ хæссын, уымæн æмæ сæ алчи дæр зоны, фæлæ рахабар кæндзынæн, мæ хæдзарвæндаг сæ цы рыст баййæфта 1920 азæй фæстæмæ, уый тыххæй. Кæд мæхæдæг уæдыккон нæ дæн, уæддæр сæ зонын мæ мæгуыр мад Годжыцианы ныхæстæй.

Мæ фыд Абайты Дауытæн бинонтæ кæныны рæстæг куы æрцыд, уæд йæ цард баиу кодта хъларсаг чызг Годжыцианимæ. Фæлæ сын цæрын зын кæй уыдис, уый тыххæй сын ирон адæмы зынгæ фырт Абайты Васойы æфсымæр Симон афтæ зæгъы, зæгъгæ,  «мæ хо Оля Кировабады (уæды Ганджа) цæры æмæ уырдæм куы ацæуиккат, уæд истытæ кæниккат».   

Симоны амындмæ гæсгæ, мæ мад æмæ мæ фыд ацыдысты Кировабадмæ. Мæ фыд кусын райдыдта нефтгуыстгæнæн куыстуаты. Уалынмæ райдыдтой 1917 азы змæстытæ. Бакойы фæуæлахиз æмæ æрфидар советон хицауад. Мæ фыд дæр большевикты рæнхъыты кæй уыд, уый фæстиуæгæн æй рарвыстой Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй баиу уыдаид хуссарирыстойнаг революционертимæ. Уæдмæ мæ фыды хойы лæг Уалыты Захар Ортъеуы зылды революционертæй сарæзта къорд æмæ уыцы къордимæ баиу мæ фыд дæр. Уыцы къорд æрбынат кодтой Снекъы хъæды æмæ партизанон тох кодтой гуырдзиаг меньшевиктимæ. Къорды иууыл активондæр уыд Дауыт.

Гуырдзиæгтæ сусæг-æргомæй зилын райдыдтой мæ фыды фæдыл, хъавыдысты йæ марынмæ, фæлæ сæ къухты не ‘фтыд. Бирæтæ йын дзырдтой, зæгъгæ, дам, дæ мыггаг гуырдзиагмæ куы раивис, уæд, дам, дæ ныууадзиккой, фæлæ сæ уый сдзурын дæр нæ уагъта.

Гуырдзиæгтæ Елтъурайы хъæумæ  куы æрбацæуой æмæ Дауыты цардæмбал æмæ сывæллæтты куы акæной, уымæй тарст йæ хистæр æфсымæр Ило æмæ йе ‘фсымæры бинонты арвыста Дменисы хъæумæ, мæ мады хомæ. Цалдæр мæйы Дменисы хъæуы фесты, уый фæстæ сæм Ило йæ кæстæр æфсымæр Васойы арвыста, цæмæй сæ æрбакæны, ома, уый бæрц рæстæг кæйдæр хæдзары уæвын худинаг у.

Васо Годжыцианы йæ сывæллæттимæ куы рацæйкодта, уæд сæ Сацхены хъæуы æрцахстой гуырдзиаг меньшевиктæ æмæ сæ зыгуымдоны бакодтой. Уыцы зыгуымдоны конд уыдысты зонкъайрæгтæ, мармазеттæгтæ. Гуырдзиæгтæ сæ æрæмбырд кодтой æмæ сыл изæры хъуамæ арт бандзæрстаиккой æмæ сæ удæгасæй басыгътаиккой, фæлæ куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, мады гуыбыны дæр вæййы хъулæттæ. Гуырдзиæгтæй чидæр мæ фыд Дауытæн фехъусын кодта, меньшевиктæ æвирхъау цау саразынвæнд кæй кæнынц, уый æмæ ма мæ фыды дæр цы урæдта, йæ бæхыл абадти æмæ Сацхены ‘рдæм фатау атахт, йæ  къорд йæ фæстæ, афтæмæй. Сацхены ракæсæнæй куы разындысты, уæд сæ меньшевиктæ ауыдтой æмæ  Мармазеты ‘рдæм хъæды сфардæг сты.

Дауыт æргæпп кодта бæхæй æмæ зыгуымдоны дуар  батыдта. Уым цы адæм уыд, уыдон фырцинæй нырдиаг кодтой, ракалдысты æмæ йæ алыварс сæ зонгуытыл æрхаудысты æмæ йын йæ уæрджытæн батæ кæнын райдыдтой. Дауыт сæм фæлæбурдта, сыстын сæ кодта, ныфсытæ сын авæрдта, алкæй дæр сæ йæ хæдзармæ кæй фæхæццæ кæндзысты, уымæй. Æмæ сæ æцæгæй дæр йæ хъайтар æмбæлттимæ сæ хæдзæрттыл сæмбæлын кодтой.

Ныфсхаст æмæ хъæбатыр сылгоймаг уыд мæ мад Годжыциан дæр. Кæд  тæссаг хъуыддаг уыд, уæддæр-иу йæхиуыл цыдæр бызгъуыртæ скодта, йæхи-иу сарæзта зæронд усы хуызæн æмæ-иу партизантæн кæрдзынтæ ахаста. Иуахæмы та хæринæгтæ сцæттæ кодта,  йæхи та зæронд усы арæзт скодта, йе тæртты бамбæхста хæринæгты, йæ къухы райста бæндæн æмæ фæрæт æмæ араст хъæды ‘рдæм. Куы фæцæйхæццæ кодта хъæдмæ, уæд ыл бæхты къæхты хъæр ссыд. Фæстæмæ фæкаст æмæ федта меньшевикты  бæхтыл ссæугæ. Нæ фæтыхст Годжыциан, йæхи къæцæлтæ уидзæг фæкодта. Къутæрты ‘рдыгæй йæм райхъуыст сусæг ныхас, «махæрдæм ма фæкæс», зæгъгæ. Уалынмæ меньшевиктæ дæр Годжыцианы цурмæ схæццæ сты. Сæ иу сылгоймагыл фæхъæр кодта: «Хъæдмæ цæмæн цæуыс, цы хъуыддаг дæ ис уым?!». Годжыциан æй, цыма нæ бамбæрста, ахæм хуыз равдыста. Уæд иннæ гуырдзиаг афтæ, уадз æй, зæронд ус у æмæ зæгъ, йæхицæн сугтæ æмбырд кæны. Меньшевикты æцæгæй дæр бауырныдта, зæронд ус кæй у, уый æмæ  йын ницыуал загътой, афтæмæй ацыдысты. Сылгоймаг цæстæй ацагуырдта, сусæгæй йæм чи дзырдта, уыдоны æмæ федта къутæрты бын дæлгоммæ хуысгæ дыууæ революционеры. Годжыциан йæ хæринæгтæ уыдонмæ радта æмæ фæстæмæ раздæхт. Æмæ цал хатты аивæрзт меньшевиктæй, кæд сæ тынг тарст, уæддæр йæ хъуыддаг нæ уагъта, афтæмæй уый дæр йæ хайбавæрд хаста, йæ цардæмбал цы хъуыддагыл лæуд уыд, уымæ.  

Хуссар Ирыстоны советон хицауад куы æрфидар, уæд Дауыты æфсымæр Шаликъо куыста Елтъурайы колхозы сæрдарæй,  Дауыт – хъæусоветы сæрдарæй, йæ цардæмбал та куыста быдыры колхозон звенойы.

Уыд нартхор рувыны рæстæг. Дауыт, Шаликъо æмæ Елтъурайы колхозы бригадир Сидамонидзе Баграт азылдысты колхозон быдыртыл, цæмæй бабæрæг кодтаиккой колхозонты куыст. Куыд рабæрæг, афтæмæй Баграты æппындæр не ‘ндæвтой куыстытæ, уымæн æндæр хæслæвæрд уыд тугмондаг гуырдзиæгты æрдыгæй æмæ йæ уыцы бон хъуамæ сæххæст кодтаид. Звенотыл зилгæйæ, Шаликъо разæй цыд, йæ фæстæ – Дауыт, уый фæстæ та –  Баграт. Багратæн йæ дысы æмбæхст уыд кард. Колхозонтæ рувын куы райдыдтой, уæд Баграт бахъавыд йæ сырдон ми бакæнынмæ, кард йæ дысæй ралвæста æмæ йæ дыууæ хатты Дауыты фæсонты ныссагъта, стæй алыгъд. Хорз уыд, æмæ дыууæ цæфы дæр зæр-дæйыл нæ сæмбæлдысты.

Баграты бæргæ æрцахстой, фæлæ йæ чи баххуырста, уыцы гуырдзиæгтæ бацархайдтой æмæ йын рахастой æрмæстдæр æртæ азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Арвыстой йæ Тбилисы ахæстонмæ æмæ куы ссæрибар, уæд Тбилисы баззад цæргæйæ. Дауытæн дæр цыдæр хуыцау баххуыс кодта æмæ сдзæбæх æмæ йæ амæлæты бонмæ куыста хъæусоветы сæрдарæй.

Рацыд рæстæг. Ирон адæм та баууæндыдысты гуырдзиæгтыл. Гуырдзиæгтæ дæр сæхи афтæ дардтой, цыма сын ирæттæй уарзондæр адæм нæ уыд, фæлæ сæ дур се тары æмбæхстæй хастой, æнхъæлмæ кастысты, кæд дзы спайда кæндзысты, уыцы рæстæгмæ. Баууæндыд сыл мæ фыд дæр. Æгæрыстæмæй йæ хистæр чызджы моймæ радта ередаг гуырдзиагæн. Не сиахс йæхæдæг Стыр Фыдыбæтæйон хæстæй нал æрыздæхт, фæлæ мæ хо йæ хæдзар фæцудын нæ бауагъта, схъомыл кодта йæ зæнæджы, бабæстон сæ кодта, идæдз уæвгæйæ сын самал кодта хæдзæрттæ. Фæлæ та радон хатт гуырдзиæгтæ сæ кæрдтæ ирæтты ных-мæ куы сластой ивгъуыд æнусы 90-æм азты, уæд мæ хо, ирон кæй уыд, уый тыххæй йæ ныхмæ рацыдысты йæ зæнæг æмæ зæнæ-джы зæнæг, сæ удхæссæг федтой сæ мады хæстæджытæй дæр, ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Йæ хистæр чызг-иу дзырдта, зæгъгæ, «ай нæ зæхх у, нырмæ дзы цардыстут, хордтат, нозтат, ныр сыстут æмæ ацæут нæ зæххæй». Сæ мадæн фыдмитæ кæй кодтой, уый фæстиуæгæн мастæлгъæдæй аивгъуыдта йе ‘нусон бынатмæ.

Ахæм знæгтимæ фæцардыстæм цæрæнбонты.

Уый тыххæй уын лæгъстæ кæнын, ирон адæм, базонæм нæхицæн аргъ кæнын. Нал ис æууæндæн гуырдзиæгтыл. Уыдон махимæ хорздзинад куы фæндид, уæд сæ къух æрфыссиккой тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл. Уырысыл нæхи куы бафтауæм, уæд нын гуырдзиæгтæ ницы ракæндзысты. Нæ интеллигенцийы минæвæрттæ, сымахмæ дзурын, лæмбынæг фыссут нæ истори, нæ культурæйы тыххæй, цæмæй сæ йæхи мачи бакæна, нæ зæххытæ нын йæхи мачи хона. Балæууæм нæ Президенты фарсмæ æмæ бацархайæм, цæмæй Ирыстоны дыууæ хайы баиу уой æмæ иугонд Ирыстоны фæрнæй цæрæм.

АБАЙТЫ Енгрес, пенсиисæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.