1920 азы ирæтты ныхмæ гуырдзыйы геноциды тыххæй мах иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстам гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы æбуалгъы сырдон митæ фæкодтой, уыдоны тыххæй. Гуырдзиаг лæгсырдтæ геноциды рæстæджы  æмæ уый фæстæ дæр ирон адæмæн цы моралон æмæ материалон зиæнттæ ракодтой, уыдон зын банымайæн сты.

Чилæхсаты Зæлинæйы дадатæ æмæ нанатæ дæр сæхиуыл бавзæрстой гуырдзыйы геноциды тæссаг цаутæ. Зæлинæйæн йæ мады ‘рдыгæй дада Тедеты Уасил æмæ йæ нана Джиоты Олгъа цардысты Знауыры районы Иончайы хъæуы. Уыдис сын 18 сывæллоны. Æцæг сын уыдонæй цалдæрæй фæхъуыдысты чысылтæй алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ. Уæды рæстæджы Уасилы хæдзарвæндаг хъæздыг бинонтыл нымад цыдысты бирæ фос сын кæй уыд, стæй сæ хордæттæ дæр мæнæу æмæ хорæй йедзаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Бинонтæ уыдысты куыстуарзаг æмæ сæ сывæллæтты дæр хæрзчысылтæй фæцайдагъ кодтой хæдзарон куыстытыл æмæ æххуыс кодтой сæ ныййарджытæн. Хъæууон хæдзары та куыстытæн кæрон никуы вæййы. Бинонты кæстæр, ома, Уасил æмæ Олгъайы 18-æм сывæллон уыд Залинæйы мад Тедеты Ева.

1920 азы гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны хъæутæ цъыбыртты сыгъд куы бакодтой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фæндаг ракодтой Иончайыл дæр. Ацы хъæумæ æввахс уыд æмæ абон дæр ис гуырдзиаг хъæу Тамарес. Æмæ Уасилы сывæллæттæй бирæты снатлиа кодтой ацы хъæуккаг гуырдзиæгтæ. Уасил æмæ Олгъа сæ сывæллæттимæ Цæгат Ирыстонмæ лидзинаг куы фесты, уæд сæ натлиатæ æрбацыдысты Иончамæ æмæ атардтой Уасилы бирæ фос, ахастой йын йæ мулк æмæ сын сæ хæдзары та зынджы хай бакодтой. Гъе, уый дын мæнгард гуырдзиæгты митæ!  Гъе, уый дын натлиатæ!

Лигъдæттæ фæндагыл цы стыр зындзинæдтæ бавзæрстой, ууыл дзурын уæлдай у.  Хæцгæ низ сыл схæцыд æмæ скъуыдысты, мардысты сæ сывæллæттæ дæр, кæцыты-иу баныгæдтой къæйты бын. Уасилы кæстæр хъæбул Евайы хъæбысы хастой, цалдæр мæйы йедтæмæ йыл нæма цыд. Бирæсывæллонджын мад Олгъа афтæ тынг стыхст, ахæм дудгæбоны бахаудта æмæ ма хъуыды кодта йæ хъомыл сывæллæтты аирвæзын кæныныл. Бинонтæ куы фæтарстысты, зæгъгæ, сæ гуырдзы æрбаййафынц, уæд Евайы йæ мад ныууагъта къутæрты бын ахæм ныфсæй, зæгъгæ, йæ исчи ссардзæн, йæхицæн æй ахæсдзæн æмæ афтæмæй сæрæгасæй аирвæздзæн йæ уарзон хъæбул. Фæлæ иудзæвгар куы ауадысты, уæд Уасил фæстæмæ раздæхт æмæ рахаста йæ сабийы. Куыддæрты, стыр фыдæбæттæ бавзаргæйæ, ныхæццæ сты Алагиры онг. Хуссар Ирыстоны советон хицауад куы æрфидар, уæд Уасил йæ бинонтимæ фæстæмæ æрæздæхт йæ райгуырæн хъæу Иончамæ, фæлæ æрæййæфтой сыгъд уæзæг. Хъæрмуд æмкъæйттæ та цардамæлттæ райдыдтой æмæ та сындæггай сæ уæзæгыл сæндидзыдта цард. Кæд уæззау цæрдтытæ фæкодтой, уæддæр Уасил фæцард 120 азы æмæ йæ цардæмбал Олгъа та – 112 азы.

Чилæхсаты Зæлинæ абоны онг дæр нæ рох кæны, йæ дада Уасил ын гуырдзиæгты тыххæй цы дзырдта уый, ома, дæ цæрæнбонты дæр макуы баууæнд гуырдзиаг адæймагыл, уыдон, зæгъ, тынг мæнгард æмæ æлгъаг наци сты. Æмæ, дам, дæ дæс хатты куы снатлиа кæной, уæддæр дыл гадзрахатæй рацæудзысты куыддæр сын гæнæн фæуа, афтæ. Уасил йæхиуыл бавзæрста гуырдзыйы мæнгарддзинад æмæ афтæ уымæн фидарæй дзырдта. Йæ дадайы ныхæстæ-иу Зæлинæмæ диссаг фæкастысты, фæлæ уыцы ныхæсты æцæгдзинад бамбæрста 1989 азты гуырдзиаг тыхæйисджытæн сæ фашистон туг куы райхъал æмæ та фæстæмæ ирæттæн хъизæмар кæнын куы райдыдтой, ирон хъæуты та зынджы хай куы кодтой, уæд. Рауад афтæ æмæ Иончайы хъæуы дæр гуырдзиаг лæгсырдтæ басыгътой дыууæ хатты. 1989 азы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы, гуырдзы Иончайы ныцъæл кодтой Уасил æмæ Олгъайы ингæны цыртытæ. Æгæрыстæмæй, мæрдтимæ дæр тох кæнынц гуырдзиаг «хъæбатыртæ».

Ныр та уæ базонгæ кæндзыстæм Зæлинæйы фыды фыд Чилæхсаты Аржи æмæ йæ нана Джиоты Сидойы цардвæндагимæ. Бинонтæ цардысты Къуернеты хъæуы. Зæнæгæй сын уыд æртæ чызджы æмæ иу лæппу. 20 азы гуырдзыйы геноциды рæстæджы къуернеттæгтæ дæр лидзинаг фесты цæгатмæ. Аржи иннæ лигъдæттимæ арвыста йæ цардæмбал Джиоты Сидойы cе ‘ртæ сывæллонимæ, уыдонæй сæ иу уыд Зæлинæйы фыд Александр. Аржийы нæ бафæндыд йæ фыды артдзæст ныууадзын, иннæмæй та æнхъæл уыд, зæгъгæ, йын гуырдзы ницы сараздзысты æвзæрæй, фæлæ фæрæдыд. Нæлгоймаг бахаудта лæгбирæгъты къухтæм æмæ йæ алыгъуызон фыдмитæ йын фæкæныны фæстæ, æрцауыгътой бæласыл. Ацы сырдон мийæ агрессортæ равдыстой, зæгъгæ, ирæттæй йæ фыды уæзæгыл чи баззайа, ууыл ахæм бон акæндзæн. Аржи бæласыл ауыгъдæй баззад, цалынмæ йæ бинонтæ фæстæмæ æрæздæхтысты, уæдмæ. Æрæййæфтой ма сæ дарæджы стæгдар æмæ йæ баныгæдтой Къуернеты уæлмæрды.

Цард дарддæр кодта, бахъомыл сты Аржийы сывæллæттæ. 1947 азы Зæлинæйы фыд Александр йæ цард баиу кодта Иончайы хъæуккаг Тедеты Еваимæ. Зæнæгæй сын рацыд дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Хистæр уыд сæ чызг Залинæ.    Астæуккаг лæппу трагиконæй фæмард 14-аздзыдæй. Лæппуйы баныгæдтой йæ дада Аржийы фарсмæ. Александр ахуырмæ разынд æвзыгъд. Тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Дзауы скъола. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсады баслужбæ кæнынмæ. Уым æй æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр æмæ уырдыгæй ацыд фронтмæ. Ирон лæппу æвдыста хъайтардзинæдтæ хæсты быдыры. Хорзæхджын æрцыд бирæ хорзæхтæй. Хæсты фæстæ куыста базарады къабазы, уыцы нымæцы Дзарцъемы хъæуы магазины дæр. Александримæ сæхи хæларæй дардтой гуырдзиæгтæ. Æгæрыстæмæй йын йæ чызг Залинæйы снатлиа кодта гуырдзиаг лæг, ацы хъæуы скъолайы директор. Уый базонгæйæ, чызг диссæгтæ бакодта æмæ та йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ дада Тедеты Уасилы ныхæстæ, зæгъгæ, гуырдзыйыл бынтондæр æууæнк нæй. Фæлæ йын йæ фыд Александр бамбарын кодта, зæгъгæ, ныр æндæр рæстæг у, æндæра, дам, сæ мæхæдæг дæр мæ хъуырыл нæ хуыйын. Гуырдзыйы аххосæй, дам, мæ царды бонтæ арвыстон фыдæй сидзæрæй. Александр амард 1975 азы. Хорз у æмæ нал æрæййæфта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æмæ 2008 азы августы тугуарæн хæст.

 Чилæхсаты Зæлинæ йæ  цард баиу кодта Чеселты хъæуккаг Къæбысты Павликимæ.  20 азы геноциды рæстæджы йæ хицау Къæбысты Гарри æмæ йе ‘фсин Бабаты Лизæ ног бацæргæтæ уыдысты, зæнæг сын нæма уыд. Гарри æмæ Лизæ  се ‘мхъæуккæгтимæ цæгатмæ лидзинаг куы фесты, уæд семæ акодтой Лизæйы æфсымæры дыууæ æнахъом сывæллоны. Стыр зындзинæдтæ бавзæрстой уыдон дæр фæндагыл. Лигъдæтты æнахъом сабиты хъизæмæрттæм кæсгæйæ, æвзонг æмкъæйтты зæрдæтæ скъуыдтæ кодтой, фæлæ цы сæ бон уыд. Гарри æмæ йæ цардæмбал бирæ нæ бафæстиат сты цæгаты. Æрæздæхтысты Чеселтмæ, фæлæ сæ муртæй ницыуал  æрæййæфтой, сæ хæдзар сын басыгътой. Бахъуыд сæ цардамæлттæ кæнын æмæ алцыдæр ногæй саразын. Иу хорз уыд æмæ дыууæ æвзонг цардæмбалы цæгатæй семæ æрхастой дыууæ дзæкъулы дзаг мæнæу. Уымæй арæзтой цæкуытæ æмæ сæ хордтой, æндæр сын бахæринаг ницы уыд уыцы уæззау рæстæджы. Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Зæнæгæй сын рацыд фондз лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Къæбысты Гаррийы зынгæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандр арвыста Дзæуджыхъæумæ ахуыргæнæджы дыууæзон курсытæм. Фæстæмæ куы æрæздæхт, уæд Чеселты йæ хæдзары бакодта скъола æмæ йæхи хардзæй ахуыр кодта комбæсты сывæллæтты.

Чилæхсаты Зæлинæ нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, йæ урокты рæстæджы йæ хъомылгæнинæгтæн лæмбынæг радзуры гуырдзы цæрæнбонты ирон адæмæн цы фыдмитæ бавзарын кодтой, уыдоны тыххæй. Геноцидыл 100 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд ахуырдзаутæн ныффыссын кодтой сочиненитæ 20-æм азты уæззау цауты тыххæй. Бамбарын сын кæны иу æнусы дæргъы гуырдзиæгтæ ирон адæмæн дыууæ геноциды кæй сарæзтой, уый тыххæй.

«Мæ дадатæ æмæ нанатæ-иу мын куы дзырдтой уыцы уæззау цауты тыххæй, уæд-иу сæ не ‘мбæрстон. Нæ мæ уырныдтой, уымæн æмæ 20-æм азты хуссарирыстойнаг цæрджыты гуырдзиаг фашисттæ Цæгат Ирыстонмæ куы фæсырдтой, уæд лигъдæттæ фæндæгтыл цы стыр зындзи-нæдтæ бавзæрстой, уыдон æнæбауырнинаг цауты хуызæн сты.  Фæлæ гуырдзиаг тыхæйисджыты фыдракæндон цаутæ мæхиуыл куы бавзæрстон, уæд ирдæй бамбæрстон уыцы рæстæджы хуссарирыстойнаг адæм уæлдай уынгæджыдæр кæй уыдысты, уый», – загъта Чилæхсаты Зæлинæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.