Нæ фыдбоны сыхæгтæ дыууынæм азы Ирыстоны хуссар хайы зæххæмвæз скæнынмæ куы ‘рхъавыдысты, уæд сæ ныхмæ чи æрлæууыд, уыдоны ‘хсæн бирæ уыд сылгоймæгтæ дæр, фæлæ нæм рагзамантæй фæстæмæ сылгоймаг æбар кæй уыд, уый аххосæй уыдонæй бирæтæн – чи йæхæдæг, кæмæн йæ бинонтæ æмбæхстой се ‘хсæнадон активон архайд æмæ тохы хабæрттæ. Уымæ гæсгæ сæ фылдæрæн сæ нæмттæ рохуаты баззадысты.

Коцойты Арсены зындгонд радзырды хъайтар Саломейы иуæй-иу советон критиктæ æгъатыр, æнæзæрдæ мад схуыдтой, афтæмæй та уый уыд æцæг ирон хъæбатыр сылгоймаг, кæцы ахызт хъæбулы уарзты сæрты дæр, цæмæй бахъахъхъæдтаид ирон сылыстæджы сыгъдæг намыс. Дыууынæм азты геноциды тыххæй нæм абоны онг цы кадавар мысинæгтæ æрхæццæ, уыдоныл бындуриуæггæнгæйæ, нæ бон фидарæй зæгъын у, Саломе кæй уыд, фыссæджы æрымысгæ фæлгондз нæ, фæлæ реалон адæймаг. Уымæн æмæ Арсены радзырды цы трагикон ныв уынæм, ахæм æнгæс цаутæ бирæ æрцыд хуссарæй цæгаты ‘хсæн лыгъды рæстæджы.

Ирыстоны сомбон, ирон адæмы хъысмæтыл рисгæйæ, сæрибары сæрвæлтау тохы нæлгоймæгты фарсмæ чи балæууыд, уыдоны патриотизм æмæ активондзинадæй цыма æфсæрмы кодтам, уыйау сын æмбæхстам сæ хъæбатырдзинады хабæрттæ. Кæд… уæддæр – уæлæнгай. Ома, национ хъайтартыл, Ирыстоны сæрвæлтау тохгæнджытыл сæ нæ нымадтой, фæлæ революцион зондахастыл хæст сылгоймæгтыл.

 Уыдонæн сæ тæккæ активондæртæй сæ иу – Плиты Уæлгъайы революцион змæлд æр-æййæфта Тифлисы сылгоймæгты гимназы ахуыр кæнгæйæ. 1918 азы гимназ каст куы фæцис, уæд æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ, цы ран ирон адæм уыдысты растынæввонг сæ бартæ, сæ сæрибардзинады сæраппонд. Раст уыцы заманы Гуырдзыстоны къухдариуæгад Хуссар Ирыстонæн æрхъуыды кодта ног географион ном – «Шида Картли». Уый ноджы сразæнгард кодта ирон растадонты æмæ фæактивондæр кодтой сæ архайд. Арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохгæнæг организаци, схуыдтой йæ Националон совет, кæцыйы уæнгтæ уыдысты, хæрзчысыл ахуырдзинад дæр кæмæ уыд, ахæмтæ, ирон адæмы иузæрдион патриоттæ. Фæлæ 1919 азы майы мæйы горæтмæ æрбафсæрстой гуырдзиаг меньшевиктæ. Командæ йын кодта инæлар Каралов. Ацы куынæггæнæг экспедици фыццаг цы сарæзта, уый уыд Националон советы агъуыстмæ бабырсын. Фехъусын кодтой, Националон совет куынæг кæй æрцыд æмæ меньшевиктæ сæхæдæг кæй цæттæ кæнынц сæхи адæмон съезд ауадзынмæ.

 Съезд уагъд æрцыд Леуахийы фаллаг фарс, ныртæккæйы Уæлдæр тæрхондоны бынаты. Раныхас дзы кодта гуырдзиаг æфхæрæг экспедицийы хистæр инæлар Каралов. Уый карзæй дзырдта Хуссар Ирыстоны Националон совет саразджыты ныхмæ. Уымæн æмæ, дам, уыцы Националон совет бацархайдта адæмы меньшевикты Учредителон æмбырды ныхмæ скæныныл, меньшевикон æфсадмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдмæ æрсидыны ныхмæ рацæуыныл. Уæлдай тынгдæр гуырдзиаг экспедицийы хистæры сызнæт кодта, меньшевикты урæд афтæхуыйнæг комиссарты кæй раппæрстой, уыцы   хъуыддаг.

Каралов куыддæр йæ раныхас фæцис, афтæ ныхасы бар ракуырдта Плиты Уæлгъа. Уый йæ дæрзæг раныхасы хурмæ ракалдта Гуырдзыстоны разамынды сусæг фæндтæ, æргомæй радзырдта, Жорданияйы хицауад Хуссар Ирыстоны цы саразынмæ хъавы, Националон советы разамонджыты сусæгæй куыд æрцахстой, уыдæтты тыххæй. Иу дзырдæй, тыхгæнæг инæлары раныхасæй дур дурыл нал ныууагъта. Каралов Плиты чызджы ныхæстæй алцы нæ бамбæрста æмæ æрдомдта, цæмæй Уæлгъа йæ раныхас сфæл-хатт кодтаид уырыссагау дæр.

Уыцы цау ирд æвдисæн уыд, тызмæг ирон æгъдæутты дæлбаруæвæг сылгоймаг æрмæст ирон æгъдæутты фарн хъахъхъæнынхъом кæй нæ уыд, фæлæ цæттæ кæй уыд национ сæрыстырдзинад бахъахъхъæнынмæ дæр.

Æниу, уæды онг дæр райхъуыст ирон сылгоймæгты барджын хъæлæс Ирыстоны, 1917 азы Дзауы ирон адæмы минæвæрттæ цы съезд ауагътой, уым. Ам нæлгоймæгты æмрæнхъ сæ фыдыбæстæйы хъысмæтыл, ирон адæмы бартыл барджынæй загътой сæ ныхас ирон сылгоймæгтæ дæр, куыд æхсæнады æмбар уæнгтæ, афтæ. Уыдонæй бирæтæ, сæ къухмæ хæцæнгарз райсгæйæ, хъахъхъæдтой сæ фыдæлты зæхх.

Иугæр гуырдзиаг меньшевиктæн сæ бон бацис Националон совет ныддæрæн кæнын, уæд рæстæгмæ фæйнæрдæм ныппырх сты, чи дзы куыста, уыдон дæр. Плиты Уæлгъа ацыд Тифлисмæ æмæ кусын райдыдта æфсæнвæндаджы кусджыты скъолайы ахуыргæнæгæй. Уым базонгæ зынгæ ирон фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Гæдиаты Цомахъимæ. Уыцы рæстæджы уый уыд, Уæлгъа кусын кæм райдыдта, уыцы ирон скъолайы директор. Цомахъы фæрцы базонгæ æндæр ирон патриоттимæ дæр: Бутаты дыууæ æфсымæры Хъазбег æмæ Иналимæ, Рæмонты Евген æмæ Гарданты Михалимæ.

Цомахъ æмæ Уæлгъайы ‘хсæн уыд хорз ахастытæ. Цомахъ зæрдиагæй æххуыс кодта ирон чызгæн йæ куысты дæр æмæ йе ‘хсæнадон архайды дæр. Фæлæ 1919 азы,  Терчы зылды Советон хицауад куы расидтысты, уæд Гæдиаты Цомахъ æмæ йæ иннæ æмбæлттæн дæр, куыд политикон эмигранттæ, афтæ фадат фæцис фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ аздæхынæн.

Æрбалæууыд 1920 тугæвдылд аз. Ам Ирыстоны хуссар хайы знагæй фервæзын кæныныл иузæрдионæй чи тох кодта, уыдоны ‘хсæн уыд Плиты Уæлгъа дæр. Фæлæ куыд фæзæгъынц, иуæн дыууæ – æфсад. Гуырдзыстоны хицауадæн бантыст Хуссар Ирыстоны растад ныцъист кæнын æмæ æрæвнæлдтой фæллойгæнæг ирон адæмы скуынæг кæнынмæ. Адæмæн æндæр фæрæз нал уыд æмæ райдыдтой Ирыстонæн йæ цæгат хаймæ лидзын. Растады активондæр хайадисджытæ дæр æмбæрстой, сæхи куынæ бааууон кæной, уæд сæ иугай кæй æруидздзысты гуырдзиаг лæгмартæ æмæ уыдон дæр сæ-хи айстой цæгатмæ, кæмæн сæ куыд йæ бон уыд, афтæ лыгъд, адæмæн æфцгуыты сæр-ты хизынæн æххуыс кæнгæйæ.

Ам та Плиты Уæлгъайы йæ хъысмæт ногæй сæмбæлын кодта Гæдиаты Цомахъимæ. Уæд Цомахъ уыд рухсады адæмон комиссар. Геноциды амæттæгтæй гуырдзиаг бурнымæтджынты къухæй аирвæзын кæмæн бантыст, уыдон дæр се ‘ппæт нал фæхæццæ сты Ирыстоны цæгат хаймæ, фæндæгтыл мардысты алыгъуызон хæцгæ низтæй, хаудысты къæдзæхтæй, кодтой ивылд цæугæдæтты амæттаг, алыгъуызон абырджытæ сæ стъыгътой… Хуссар Ирыстоны лигъдæттæй ма Цæгат Ирыстонмæ бафтын кæмæн бантыст, уыдон дæр хуыздæр уавæры нæ уыдысты. Сывæллæттыл сыстад фадынæг, рынчын кодтой æмæ мардысты алыгъуызон хæцгæ низтæй. Цомахъы æххуыс æмæ хайадистæй тагъдыл аразын æмæ организаци кæнын райдыдтой сывæллæтты хæдзæрттæ. Иу ахæм сывæллæтты хæдзары райдыдта кусын Плиты Уæлгъа дæр. Куыста, æхсæв æмæ йын бон нæ уыд, афтæмæй. Йæ уд хъардта, цæмæй ма йæ фыдыбæстæйы сывæллæттæй цыфыддæр знаджы къухæй аирвæзын кæмæн бантыст, уыдоныл мацыуал фыдбылыз æрцæуа.

Уæдмæ Гуырдзыстоны дæр стыхджын большевикон змæлд. Большевикты сæрбостæн фадат фæцис Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад раппарынæн. Æмæ Сырх Æфсад дæр, Хуссар Ирыстоны меньшæвиктæй ссæрибар кæныны æфсон йæхи æрцæттæ кодта Гуырдзыстонмæ абырсынмæ. Кæд афтæ нæ уыд, кæд сæ Гуырдзыстоны бацахсын, хицауиуæгады рохтæ байсын нæ, фæлæ Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнын фæндыд, уæд æм уæдмæ цæмæннæ цыдысты æххуысмæ, цæмæн æй бауагътой фæнык фестын кæнын?..

Афтæ уыд æви – уфтæ, уæддæр Дзæуджыхъæуы райдыдтой Сырх Æфсадæн  растадонтæй æххуысы къордтæ аразын. Плиты Уæлгъа дæр йæхи ныффыссын кодта фыццаг организацион къорды, кæцыйæн разамынд кодта Дзадтиаты Алыксандр.

Февралы мæйы фæстаг æмбисы рараст сты Хуссар Ирыстонмæ. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста Уæлгъа, æфцæджы сæрты арф миты лæгæрдгæйæ. Æгæрыстæмæй, нæлгоймæгтæн дæр зын уыд ахæм фæндагыл цæуын. Кæд сæм алы къæбæры мурæн дæр сыгъзæрины аргъ уыд, уæддæр сæ бахъуыд, семæ кæй рахастой, уыцы хæлцадон продукттæй цыдæртæ аппарын. Ноджы тарстысты митзæйтæй æмæ архайдтой зæйтæй æдасдæр рæтты фæндæгтæ агурыныл. Æфцæгæй куы æрхызтысты, уæд дардмæ суыдтой, арф митæй чи зынд, ахæм сау тæппытæ. Къорды уæнгтæй иу лæппуйы арвыстой бæрæггæнæг, цы уыдзысты уыцы сау тæппытæ, зæгъгæ. Лæппу сæм куыддæр бахæццæ, афтæ цæхгæр фæзылд æмæ ныхъæр кодта къорды уæнгтæм:

«Æмбонды михтæ сты!».

Уый та нысан кодта, уым æввахс кæмдæр кæй хъуамæ уыдаид хъæу, цæрджытæ. Бон цъæхтæ кодта, афтæ æрхæццæ сты Чеселт-мæ æмæ бахостой, фыццаг цы хæдзармæ ба-хæццæ сты, уый дуар. Хæдзары хицау тарст дуар бакæнынæй. Куы базыдта, чи сты, уый, уæд сæ мидæмæ бауадзыныл базивæг кодта. Нырма, дам, знон систой сæ пост гуырдзиæг-тæ. Алы хъæуы дæр, дам, сын ис постытæ… Фысымы ахæм тæппуд ахаст нæ фæцыд фæллад бæлццæтты зæрдæмæ æмæ йæ иу-варс асхойгæйæ, бацыдысты хæдзармæ. Сæ дзаумæттæ, сæ  хæлц ныууагътой уыцы хæ-дзары æмæ азылдысты, комбæсты ма цы хæ-дзæрттæ баззад, уыдонæй иу чысыл сæ фæллад кæм суагътаиккой, ахæм  бынæттæ.

Чысыл куы аулæфыдысты, уæд сæхи фæ-сайдтой хæрдæй дæр, æмæ развæдсгарджы-тæ арвыстой, уырдыгæй дæлæмæ цы уавæр ис, уый базоныны тыххæй. Куыд базыдтой, афтæмæй Сырх Æфсад кæй рацæуы, уый фехъусгæйæ, гуырдзиæгтæ сæ постытæ иу-уылдæр систой æмæ сæхи айстой дæлæмæ. Къорды уæнгтæ уый куы базыдтой, уæд сæхицæн радтой сæ фæллад хуыздæр суадзыны бар – нал ацыдысты уыцы бон Чеселтæй дарддæр. Се ‘хсæв дæр уым арвыстой æмæ дыккаг бон фæссихор Дзаумæ æрхызтысты Раройыл. Дзауæй Чъребамæ цæугæйæ, Уæлгъа йæ цæссыг нал урæдта, йе ‘мхæстон нæлгоймæгтæ ма йæ бæргæ сабыр кодтой, фæлæ сылгоймагæн йæ зæрдæ фæрчытæ хауд, кæддæр цард цы хъæуты æхсыст, уыцы хъæуты сыгъдæттæм кæсгæйæ. Фæкуыдта, йæ уды тыппыртæ суагъта цардæфхæрд, зæрдæрыст сылгоймаг.

Гуырдзиæгтæ сæ сæфты хабар бæргæ базыдтой, фæлæ ма уæддæр архайдтой сæ маст  фæстаг цæфтæ фæкæнынæй сисыныл. Уæлгъаиты  къорд куыддæр Чъехы нарæгмæ æрхæццæ, афтæ сæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой мæсыгæй. Къорды уæнгтæ апырх сты фæйнæрдæм. Æрцахстой хъавæн бынæттæ æмæ дзуаппон æхст  райдыдтой гуырдзиæгты. Уыдон æнхъæл нæ уыдысты ахæм дзуаппæн æмæ иу чысыл фæсыкк сты. Уыцы уавæрæй спайда кодтой Уæлгъаитæ æмæ цалдæр дихы фæугæйæ, æрхъула кодтой мæсыгыл. Скуынæг сæ кодтой æмæ араст сты Чъребамæ. Фæндагыл баиу сты Сырх Æфсады дæлхæйттимæ.

Уыцы бон æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны Ревком, нымæрдарæй йын равзæрстой Плиты Уæлгъайы. Ревкомы куыст цыдис тынг уæззау уавæрты, уымæн æмæ дæрæн æрцæуæг гуырдзиаг гвардионты баззайæццæгтæ апырх сты,  гуырдзиæгтæ кæм цард, уыцы хъæуты æмæ сайдтой адæмы. Гуырдзиæгтæн уырнын кодтой, зæгъгæ, фæстæмæ чи здæхы, уыцы лигъдæттæ хъуамæ сæ маст исын райдайой гуырдзиæгтæй. Хъуамæ, дам, гуырдзиаг цæрджыты иууылдæр ныццæгъдой æмæ стæй афсæрой Гуырдзыстонмæ дæр. Æгæрыстæмæй, иу хъæуы цæрæг гуырдзиæгты номæй хъаст дæр æрбацыд Ревкоммæ, ирæттæ, дам, нæ цæгъдынц, сурынц, дам, нæ нæ хæдзæрттæй. Уавæр бынаты бабæрæг кæнынмæ Уæлгъа ацыд йæхæдæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы хъæуы цæрджытæ зонгæ дæр нæ кодтой, сæ номæй Ревкоммæ хъаст кæй бацыд, уый.

Æппæт уыдæттæм æнæкæсгæйæ, Уæлгъа æмæ йæ алыварс уæвæг сылгоймæгтæ, сæ дыстæ басчъил кæнгæйæ, æрæвнæлдтой хæстарыд Хуссар Ирыстоны цард сæндидзын кæнынмæ. Зын уыд, фæлæ быхстой, райгуырæн уæзæджы уарзт сын сæ тыхыл тых æфтыдта, афтæмæй.

Фæстæдæр йæхæдæг афтæ фыста йæ мысинæгты:

«Разамындгæнæг партион кусджытæ Цæгат Ирыстонæй куы ‘рыздæхтысты, уæд организацигонд æрцыд Округон Ревком. Райдыдтам æндидзын кæнын, гуырдзиаг меньшевиктæ кæй ныппырх кодтой, уыцы адæмон хæдзарад. Цæмæй нæ бон бауыдаид, фæстæмæ чи здæхт, уыцы адæмæн бынæттæ æрбæстон кæнын, уый тыххæй хъуыдис диссаджы хъаруджын куыст кæнын. Райгуырæн бæстæ зæрдиагæй æмбæлдис, йæ уындмæ бæлгæйæ чи æнкъард кодта, уыцы лигъдæттыл».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.