Адæмты, паддзахадты ‘хсæн ахастытæ мингай азты дæргъы, хъыгагæн, арæзт цыдысты тыхы бындурыл. Ныры рæстæджы дæр уыцы фæтк бирæ ницы фæивта – æдыхдæрыл тыхджындæры бар цæуы, хицæн адæймæгтæ уой æви æнæхъæн паддзахадтæ, уæддæр. Æмæ кæд хицæн адæймæгты ‘хсæн бацæуы закъон, рабæрæг кæны раст æмæ зылыны, уæд паддзахадты ‘хсæн та расайы хæст æмæ дзы закъæттæ нал фæкусынц.

Ивгъуыд æнус адæймагады историйы иууыл тугæйдзагдæр æнус уыд. Уыдис дзы дыууæ дунеон хæсты, паддзахадæй паддзахады ‘хсæн хæстытæ, локалон хæстытæ. Уæрæсе, Советон Цæдис ма рацыд революцион уадтымыгътыл, мидæггагон хæстыл дæр, кæцытæ сæ иувæрсты нæ ахызтысты ирон адæмæн дæр. Æппæт уыдæттимæ ма ивгъуыд æнусы æмæ ног æнусы райдианы хуссайраг ирæтты бахъуыд гуырдзыйы ‘рдыгæй дыууæ геноциды бавзарын, сæ «коммæ кæй нæ кастыстæм», куыд наци, афтæ нæхи бахъахъхъæнынмæ кæй тырныдтам, уый тыххæй. Тыхы дуг афтæ кæны. Мах – чысылнымæц адæм, гуырдзы – бирæ фылдæр æмæ сæ фæндыд, цæмæй ныл сæ бар цæуа…

1920 азы геноциды тыххæй фæстаг рæстæджыты бирæ фыстæуы æмæ дзырдæуы, уæлдайдæр та ныртæккæ, сæдæ азы йыл куы æххæст кæны, уый агъоммæ. Ацы темæйыл дзурæн нæ уыд советон дуджы, уымæн æмæ Советон Цæдисы адæмтæ æфсымæрон уыдысты æмæ хæларæй хъуамæ цардаиккой, æвзæрæй цы уыд хицæн нациты ‘хсæн, уыдоны хъуамæ ферох кодтаиккам. Фæлæ адæмы хъуыды ахæм цаутæ нæ рох кæны. Хистæр фæлтæр сæ дзурынц кæстæртæн æмæ афтæмæй, фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цæуынц, кæд дзы бирæ цыдæртæ рæстæджы фæлмæй нал зынынц, уæддæр.

Абон не ‘хсæн нал сты, уыцы геноцид чи бавзæрста, чи тох кодта гуырдзыйы меньшевикты ныхмæ, уыдон. Уæдæй фæстæмæ æнус рацыд æмæ цæмæй æрмæст исты федтаид адæймаг æмæ йæ бахъуыды кодтаид, уый тыххæй йыл сæдæ азæй фылдæр хъуамæ цæуа. Ахæм кары адæймæгтæ та хъыгагæн, не ‘хсæн нал сты æмæ нын нал радзурдзысты, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй. Фæлæ не ‘хсæн бирæ цæры, кæмæн сæ дзырдтой æмæ сæ сæ зæрдыл чи бадардтой, ахæмтæ. Уыдонæй сты Еналдыты Наташæ æмæ Назирæт дæр, стæй сæ иннæ хотæ æмæ æфсымæртæ. Сæ фыд Барис æрмæст уыцы цауты нæ, фæлæ революцион змæлды дæр активон хайадисæг уыд. Æмæ йæ бирæ кæстæртæн арæх кодта уыцы уæззау азты хабæрттæ.

Еналдыты бинонтæ Дзауы районы бæр-зонд хæххон хъæу Мзиуы цардысты. 20-æм æнусы райдианы ацы хъæуы дæр æндæр хæххон хъæутау, цард цæдджинагау фыхтис, цалынмæ йæ гуырдзиаг меньшевиктæ цъыбыртты сыгъд нæ бакодтой, уæдмæ. Егъау хъæу уыдис æмæ дих уыд æртæ сыхыл – Уæллаг Мзиу Дæллаг Мзиу æмæ Галуантыхъæуыл. Ам сыхаг сыхаджы ныфсæй кæрæдзимæ се ‘ххуысы къух даргæйæ, цардысты Еналдыты, Къæбысты, Ходты, Гæбæраты, Тыджыты, Дзеранты æмæ Галуанты мыггæгтæ. Сæ цард арæзтой сæхи тыхтæй, кодтой зæххы куыст, дардтой фос. Сæ фидæны цард ноджы рæсугъддæр æмæ амондджындæрæй ныв кодтой, фæлæ æрбалæууыдис 19-20-æм аз æмæ сæ фæндтæ митын мæсыгау атадысты.

Ацы хъæуы 1892 азы райгуырд æмæ схъомыл Еналдыты Барис. 1920 азты трагикон цаутæн йæхæдæг уыд æвдисæн. Уый хайад иста фыццаг дунеон хæсты дæр. Хæстон архайдтыты рæстæджы уый бахаудта уацары æмæ Германы фæцис æртæ азы бæрц. Барис-иу йæ мысинæгты радзырдта, уым цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, уыдоны тыххæй. Уацайрæгтæ æвзæрстой удхар æмæ хъизæмайраг бонтæ. Иумæйаг баракты сæ батардтой æмæ-иу сын æнæбары къæбæр баппæрстой. Уымæй размæ дæр куыннæ æййæфтой æххормаг рæстæджытæ, фæлæ сæ уым куыд сыдæй мардтой, афтæ никуы. Уацайрæгты тыхтæ сихсыдысты æмæ цагъды кодтой. Барис куыд дзырдта, афтæмæй-иу сын æрвылрайсом ластой сæ мæрдтæ. 16 боны фæстæ ма уацайрæгтæй чи баззад, уыдоны Уæрæсейы уæды хицауад балхæдта. Æмæ æрыздæхт Еналдыты Барис йæ райгуырæн хъæу Мзиумæ. Æрыздæхт ахæм рæстæджы, Ирыстоны къуымты революцион змæлд тыхджынæй-тыхджындæр куы кодта. Уыцы рæстæджы архайдта зæхкусджыты революцион комитеты. Барис бацыд уыцы комитеты скондмæ. Хæсты фæлтæрд лæг бастдзинад дардта Цæгат æмæ Хуссары партизанты къордтимæ. Уый-иу арæх æрымысыд зынгæ революционертæ Дзадтиаты Александр, Санахъоты Мате æмæ æндæрты. Уымæн æмæ меньшевикты архайды тых-хæй зонæнтæ лæвæрдта уыдонмæ.

Барис йæ сæрибар рæстæджы хæдзарон куыстыты æххуыс кодта йæ ныййарджытæн дæр. Йæ фыд Дзамболат куыстуарзаг уыд. Цæрæг хæдзарыл нымад уыдысты. Дардтой бирæ стурвос æмæ лысттæгкъах фос. Горæты йын уыд магазин. Наташæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы æрмæст урсаджы продукттæ нæ уæй кодтой, фæлæ ма цы «карамель» æмæ «кис-кис» конфеттæ арæзтой, уыдон дæр. Хæлæггæнджытæ дæр бирæ уыд Дзамболатмæ æмæ йæ рахуыдтой кулак, æвзаг хастой хицауиуæгадмæ, фæлæ йыл кулачы ном сæвæрын сæ бон нæ бацис. Уымæн æмæ нæ дардта æххуырстытæ. Цы сын æнтыст царды, уый уыд сæ уæнгты тыхы руаджы. Цы дыууæ лæппу æмæ 6 чызджы хъомыл кодта, уыдон хæдзары алыгъуызон куыстытæ дæр кодтой сæхæдæг æмæ йæ нæ хъуыдис æххуырстытæ дарыны сæр.

Партизанты къорды уæвгæйæ, Барис æмæ йе ‘мбæлттæ зыдтой меньшевикты фыдвæндты тыххæй. Æмæ æрхæццæ уыцы бон дæр. 1920 азы 12 июны гуырдзиаг меньшевикты гварди æрбабырста горæт Цхинвалмæ. Горæт хъахъхъæнджытæй уæд фæмард тынг бирæ. Гæрзифтонг æфсадæн ныхкъуырд радтын нæ бафæрæзтой, уымæн æмæ ифтонг нæ уыдысты æхсæнгарзæй. Афтæмæй меньшевикты æфсад райдыдтой Хуссар Ирыстоны территори ирон цæрджытæй сыгъдæг кæнын, арт æфтыдтой ирон хъæутыл. 20 июны уыдон фехстой 13 коммунары. Уыцы рæстæджы гуырдзиаг меньшевиктæ æрцахстой Мзиуы хъæуы цæрæг Галуанты Гедеваны дæр. Уый уыд æнахуыргонд лæг æмæ йæ гуырдзиæгтæ куы фарстой, зæгъгæ, цæй тыххæй хæцыс, уæд сын æмбæлон дзуапп радтын йæ бон нæ бацис. Уæд æй фыднад фæкодтой æмæ йæ мардæфсон ныууагътой. Гуырдзиаг меньшевиктæ-иу цы хъæумæ бабырстой, уым мардтой, алидзын кæмæн нæ бантыст, уыцы цæрджыты, стæй-иу басыгътой хæдзæртты. Знауыры районы хъæуты басудзыны фæстæ уыдон сæ фæндаг акодтой Дзауы коммæ.

Уыцы цаутæ тасдзинад уагътой Мзиуы хъæуы цæрджыты зæрдæты æмæ хъæуы хистæр лæгтæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй уыдон дæр баиу уой лигъдæттимæ. Хъæуы цæрджытæй бирæтæ сæ цæхæрадæтты скъахтой уæрмытæ æмæ уым ныгæдтой, сæ муртæй æнæмæнгхъæуæгыл цы нымадтой, ахæм дзаумæтты. Афтæ Мзиуы хъæуы цæрджытæ дæр баиу сты гыццылæй, стырæй Цæгат Ирыстонмæ цæуæг лигъдæттимæ.

Еналдыты Дзамболат нæ акуымдта лигъдæттимæ, баззад хъæуы иунæгæй. Барисæн зын уыд йæ фыды хъæуы ныууадзын, фæлæ иннæ бинонты хъуыд Цæгатмæ, сæ хæстæджытæм фæхæццæ кæнын. Тарстис фæндæгтыл сыл исты бæллæхтæ æрцæуынæй, уæлдайдæр та йæ хойæн, æнхъæлцау сылгоймаг уыд.

Уæдмæ меньшевиктæ бахæццæ сты Мзиумæ дæр. Æнæзонгæ адæмы фенгæйæ Дзамболат йæхи айста хъæдмæ. Уырдыгæй сæм йæ хъус дардта æмæ бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæмæй хъæуыл пиллон арт сирвæзтис. Æрмæстдæр нæ сыгъдис, хъæугæрон цы хæдзар уыдис, уый. Хæдзар та уыд, Мзиумæ сæ чи бакодта, уыцы уæйгæнæджы. Цалдæр боны Дзамболат арвыста арсы лæгæты. Мзиуы хъæуы дæр иннæ хъæутау æртхутæг фестын кодтой, уый фехъусгæйæ Барис æрбаздæхт сæ хъæумæ йæ фыды агурæг. Æрлæууыдис, фæздæг ма чысылтæ кæцæй цыдис, уыцы сыгъд хæдзары раз æмæ ставд цæссыгæй куыдта йæ фыдыл, йæ сыгъдæттæ йын фæнычы агургæйæ. Уыдæттæм йæ хъус даргæйæ Дзамболат рахызт хъæдæй æмæ йе ‘ргом сарæзта хъæумæ. Æрлæууыд йæ фыртмæ чъылдымы ‘рдыгæй æмæ йæ хъæрæй афарста, мæн кæд нæ агурыс, мыййаг, зæгъгæ, сыгъдонты?» Фыд æмæ фырт кæрæдзийыл ныццин кодтой. Уый фæстæ йын Барис æрхуымæй радзырдта лигъдæттæ фæндæгтыл цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, бирæтæ дзы уазал æмæ æххормагæй бынатмæ дæр куы нæ хæццæ кодта, бирæтыл та-иу низ куыд сыстад æмæ куыд цагъды кодтой, уыдæттæ. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Дзамболат йæ зæрдæ-мæ ныхъхъуыста. Зæронд лæг бонæй хъæды уыдис, изæр та-иу æрхъуызыд сæ сыгъд хъæумæ. Дзамболат куыд дзырдта, афтæ-мæй цалдæр боны фæстæ хъæумæ æрбаздæхтысты сæ сыхæгтæ – фыд æмæ фырт, цæмæй семæ ахастаиккой, уæрмы сын ныгæд чи уыдысты, уыцы картофтæ. Сæгъы цармæй хуыд хызын куыддæр байдзаг кодтой, афтæ атындзыдтой хъæды ‘рдæм, цæмæй сæ бинонты баййафой. Уыдон баивæрзтысты, фæлæ Дзамболаты хъæдмæ цæугæйæ меньшевиктæ бафиппайдтой æмæ йæ фæстейæ æхсын райдыдтой, йæ фæстæ гурæй гурмæ цæугæйæ. Зæронд лæг сæ йæхæдæг дæр æхста йе ‘хсæнгарзæй. Меньшевиктæ уыдысты бæхтыл æмæ Дзамболатæн тынг тæссаг уыд, куы йæ бай-йæфтаиккой, уымæй. Хъæуы ‘рдæм зулаивæй кæсгæйæ, йæхимид хæрзбон дзырдта йæ уарзон сыгъд хъæуæн, фæлæ цалдæр метры æддæдæр йæ цæст схæцыд, зымæ-джы зæй кæм рацыд, уыцы лæбырдыл. Зæй кæм рацыд, уым йæ цæст схæцыд иу мæнг бынатыл. Йæхи йæм баппæрста æмæ дзы ахызт иннæрдæм, йæ ных сарæзта Къусджыты хъæуы ‘рдæм. Гуырдзиæгтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, раджы уа, æви æрæджы, уæддæр рахиздзæн уырдыгæй, кæнæ та уым ныссæлдзæн æмæ амæлдзæн. Афтæ йæм фенхъæлмæ кастысты цалдæр сахаты æмæ æддæмæ куынæ хызт, уæд ацыдысты. Дыууæ хатты йе знæгтæй аирвæзгæйæ Дзамбол йæ хъысмæты æртыккаг нал сфæлвæрдта æмæ æфцæджы сæрты ахызт Цæгат Ирыстоны ‘рдæм.

Барисы уыцы рæстæджы цалдæр хатты бахъуыд æфцæджы сæрты ахизын. Фæстаг хатт куы раздæхт фæстæмæ, уæд аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæ фыды абæрæг кодтаид. Бирæ йæ фæцагуырдта хъæуы алывæрсты, бабæрæг кодта арсы лæгæты дæр, фæлæ йæ нал ссардта. Йæ бон куы базыдта, уæд бинонтимæ  йæ цæгатмæ кæй нæ акодта, уымæй йæхи æфхæргæйæ аздæхт фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ, йæ бинонтæ кæмæ цардысты, уыцы хæстæджытæм. Йæ хотæ се ‘фсымæры хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд хъазыны охыл сæ фыды æндæр хатæны бамбæхстой. Барис æнкъардæй бахызт хæдзармæ æмæ йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ фехъусын кодта, кæй нал ссардта йæ фыды, æвæццæгæн, æй зæгъгæ, гуырдзиæгтæ амардтой. Дзамболат нал бабыхста æмæ рахызт йæ фыртмæ æмæ кæрæдзийыл куыннæ бацин кодтой.

Фыдрæстæджытæ фесты. Меньшевиктæ дæрæн æрцыдысты, лигъдæттæ фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. Фæлæ дзы алкæмæн æрыздæхын нæ бантыст. 20 мин адæймагæй фылдæр баззадысты Цæгат Ирыстон æмæ æндæр рæтты цæргæйæ. Фæстæмæ чи æрыздæхтысты, уыдонимæ уыдысты Еналдыты бинонтæ дæр. Се стыр хъæумæ ма семæ æрыздæхтысты иуæндæс бинонтæй æмæ сæ цард ногæй сæндидзын кодтой сæ фыдæлты уæзæгыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.