Зæгъгæ мæ исчи бафарста, ныры дуджы ирддæр миниуæг цы у, уæд æнæферхæцгæйæ зæгъин –  адæмыхиуарзондзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы дзырдæн йæ уидаг уарзондзинад у, фæлæ йæ мидис бынтон фæфæлдæхти, уымæн æмæ адæймаг йæхи уды хæрзиуæг æппæты бæрзонддæр ран куы æвæра, уæд уарзондзинадæн йæ кой дæр мауал кæн!

Мæ дзырды сæр абон сты ныййарджытæ æмæ хъæбулты æхсæн ахастытæ. Раст у, мæнæн хи хъæбултæ нæй, фæлæ хъæбулы ад кæмæй базыдтаин, ахæмтæ мын фаг ис, табу Хуыцауæн. Уымæй дарддæр ма æцæгæлæтты хъæбултыл дæр адæймаг æнæзæрдæрис куыд хъуамæ уа!

Уæдæ ныййарджытæ æмæ хъæбулты æхсæн ахастытæм афтæ æнцæнттæй нæй бавналæн, уымæн æмæ рæгъмæ рахæссын хъæудзæн ахæм дзуринæгтæ, кæцытæ сты тобæгонд нæ адæмы æхсæн, афтæмæй та сусæг къæбиц куынæ рафснайай, уæд дзы хæрздæф никуы ракæлдзæн. Фыццаджыдæр уал зæгъинаг дæн уый, æмæ бинонты артдзæст у æхсæнадæн йæ фарны гуырæн. Ныййарджытæ æмæ хъæбулты æхсæн ахастытæ раст амад куынæ уой, уæд æхсæнады хæрзæгъдау дæр цудгæ кæны.

Мах, ирон адæм, хæдхуызон адæм стæм, нæ хъомылад дæр никæйы æгъдауимæ хæццæ кæны. Нæ фыдæлтæ нын цы æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон æхсæн ис бирæ куырыхон æмæ фæзминаг уагæвæрдтæ. Тынг арф хъуыды æвæрд ис, лæппуйыл фондз азы куыддæр ацæуа, афтæ йæ мадæй кæй хицæн кодтой, ома мады æмбуарæй. Чызджы дæр раст афтæ хицæн кодтой йæ фыдæй.

Афтæ бирæ æмæ бирæ хъуыддæгтæ сты развæлгъау барст æмæ хъуыдыгонд. Адæймагæн йæ бон цынæ у раст равæрын, уый та Хуыцау æмæ æрдзæн баргонд у. Ацы хъуыды райхалыны охыл мæ фæнды уарзондзинады кой ракæнын. Ацы хæрзиуæгæй та мах ныртæккæ тынг схъуаг стæм, кæд ма йæ исчи æмбары, уæд. Иумæйагæй ацы фарстыл талф-тулфæй нæ адзурдзынæ, фæлæ дзы ныййарæг æмæ хъæбулы ахастытæм цы хауы, уымæ уал арæхстгай бавналдзыстæм.

Адæмы алы иугæндæн дæр ис уагæвæрд. Ис Бинонты кодекс дæр. Бирæтæ зæгъдзысты, ома, мæ бинонтæ мæ бар сты, цавæр кодекс мæ хъæуы! Раст у, бинонты æхсæн хъæуы æрмæстдæр иу кодекс – уарзондзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны кодекс, фæлæ уый куынал уа, уæд та бахъæуы Закъоны сæр. Уæдæ ацы Кодексмæ гæсгæ бинонты æхсæн хъахъхъæнинаг у æрмæстдæр лæмæгъ æмæ æфхæрд чи у, ахæм адæймаг. Афтæ нæм кæсы, цыма фылдæр хатт уый вæййы хæдзары æфсин, фæлæ абон мах ууыл нæ дзурдзыстæм, æмæ уый афтæ дæр нæу. Бинонты æхсæн цыдæриддæр хъаугъа æмæ ныхмæдзыдтæ вæййы, уыдонæн сæ амæттæгтæ вæййынц сывæллæттæ. Уыдон рæзгæ удты æфсонæй-æфсонмæ тыд æрцæуы хъыхъхъаг æвзартæ: иу хатт сын мæнг ныхас зæгъ, иннæ хатт сæ æфхæргæ бакæн, аннæ хатт сæ мацæмæ æрдар, æмæ уыцы хъуыддæгтæ сабийы зæрдæмæ æппарынц сæ фыдæхы аууон. Саби цалынмæ æнахъом у, уæдмæ йæ бартæ ист сты, лæвæрд сты йæ ныййарджытæм, фæлæ йын йæ саби уæвыны бартæм ничи ницы бар дары. Уый хъуамæ æнкъара фаг рæвдыд, ма уа зондамоныны хъуаг, рæвдыдхъуаг. Ныййарджытæ сæ сабиты хъуагдзинæдтæ æхцайы аххос фæкæнынц, фæлæ ма мын зæгъут, ацы хъуыддæгтæй уæййаг кæцы вæййы? Кæцы сывæллон баивдзæн æхцайыл йæ мады рæвдыд, йæ фыды хъусдард?

Арфдæр куы бавналæм, уæд уæлдæр цы домæнты кой ракодтам, уыдонæй ныртæккæ тынг кадавар сты бинонтæ кæ-мæн ис, уыдонæй бирæтæ. Уый уын йæ аххосаг, сабитæ компьютертыл кæй фæцайдагъ сты, уымæн. Ныййарæг рохуаты ныууадзы йæ хъæбулы. «Мæн ма хъыгдарæд, æмæ уадз компьютерæй хъаза!». Уый фæстæ саби йæхи фыдзондæй куы æвдисы, мад æмæ йын фыды ныхас æууæнчы аккаг куынал вæййы, уæд хистæртæ сцъиувæдис вæййынц. Хъуыддаг рахизы загъдмæ: «Æз дæ мад дæн, (кæнæ – дæ фыд дæн), æмæ мæн куыд фæнды, афтæ хъуамæ уа!» Раст у, дæ бартыл хъуамæ дзурай, фæлæ иннæйы бартæ дæр ма хъуамæ ныллæг кæнай. Саби йæ куы æнкъара, ды йæ фæсайыс, стæй та йыл ногæй хинæй рацæуыс, стæй та йæ æнæхъуаджы æфхæрыс, уæд уый рæмпæгау æхсынын райдайы ныййарæг æмæ хъæбулы æхсæн уды бастдзинад. Сывæллон ницы зоны царды зилдухæнты кæцырдæм йæхи аппара, æмæ йæ удыхъæды равзæры ныхмæлæуд, кæнæ бунт, кæнæ протест. Нæхæдæг ма йыл ахъуыды кæнæм, адæймаг йæ бартæн куынæ тæрса, уæд тох дæр цæуыл хъуамæ кæна?

Ноджы арфдæр куы бавналæм, уæд уынæм, дæ сывæллон дæ ныхмæ куы слæууа, уæд тынг зын кæй у. Уæд цы бакæндзæн ныййарæг, кæд æмæ йæ сывæллоны царды хорз æмæ фæрныг тауинæгтæ байтауыны рæстæг йæ иувæрсты афардæги, уæд? Бахъавдзæн сывæллоны æрцъæл кæнынмæ, цæмæй «къухæй ма аирвæза». Куыд бахъавы, афтæ йын æнтысгæ дæр бакæны. Сывæллоны бартæм дæрзæг къухæй æвналын райдайы, æфхæры йæ, нæмы йæ, фи-дис ын кæны, хоны йæ æнæзонд, æнæ-хъомыл. Афтæмæй сывæллон нырма не ‘мбары, йæ рæзгæ удæн ын цы стыр зиан чындæуы, уый, уымæн æмæ нырма æнæхин у, маст нæ дары йæ зæрдæйы, фæлæ фидæны уыцы сывæллон вæййы æнæныф-схаст, ныхкъуырд, дæлдзиныггонд. Кæнæ та вæййы æгæр сæрбæрзонд, къæйных, æгъатыр. Ацы дыууæ фæндаджы дæр дзурæг сты, сывæллон йæ чысылæй кæй нæ райста фаг рæвдыд, цух кæй уыд зондамындæй, аудындзинадæй.

Уæдæ кæд искæмæ афтæ кæсы, æмæ йæ сывæллæттæ йæ бар сты, уæд уый хорз у. Æрмæст ма хынцын хъæуы уый, æмæ сывæллæттæн дæр кæй ис сæхи бартæ. Уыдонæн бар ис, цæмæй сæ ныййарджытæ уарзой, аудой сыл, зонд сын амоной. Ныртæккæ æгас дунейы дæр йæ куыст райтынг кодта ахæм æнахъинон организаци, куыд Ювеналон юстици. Уыдон ныййарджытæм нынных вæййынц, «хуыдыггæнæг уарзондзинад» сæм ис, зæгъгæ. Уымæй диссагдæр ма цы ис, æмæ ныййарæджы æфхæрай, йæ хъæбулы кæй уарзы, уый тыххæй. Фæлæ иуцалдæр цауæй дарддæр ахæм азым нырма никæмæ ссардтой. Сæй-раджыдæр уал нырма хъусдарæг органтæ сывæллæтты бинонтæй фæиппæрд кæнынц, сæ бартæ хæлд кæй цæуынц, уый тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, бинонты цардмæ кæй ныхилынц, уый, фæлæ иугæр дæ хъуыддаг уырдæм æртардтай, уæд, адæм куыд фæзæгъынц, «мæ фы-дзæрдæ уыдон къухмæ бахауа!».

Ацы мæгуырдзинæдтæ се ‘ппæтдæр æрцæуынц хиуарзондзинады аххосæй. Адæймаг фæстагмæ тынг «фæзондджын» ис, йæхи бамбæрста. Нæ сæйраг сидт абон у «нæхи цæрæнбон»! Ахæм фынгыл цы кæсдæртæ бадынц, уыдон та сидтыл «аммен» нæ зæгъдзысты, нæ лæудзысты уырдыг ахæм хисдæртæн.

Уæдæ аргъ кæнын хъæуы рæстæгæн. Сабитæ цалынмæ æнахъом сты, уæдмæ сæм алцæмæй дæр базилын хъæуы. Бацамонæм сын царды хорз æмæ æвзæр цы у, уый, æмæ стæй куы бахъомыл уой, уæд та сын уыдонæй уыдзæн разварыны бар. Афтæ чи зæгъы, растæй цæрын зын у, æмæ йæ хъæбулæн уый чи амоны, уый йæ хъæбулы цардыл арт æндзары. Æвæлтæрд уды зылын фæндагыл куыд хъуамæ бафтауай, кæд æмæ йын йæ царды фæзилæнты дæр фаг «зондамонджытæ» уыдзæнис, уæд? Байтау ын йæ ‘назым уды хорз мыггаг, æмæ зон, рæстдзинад нæ сæфы, дуры хуылфæй дæр ратондзæн!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.