2021 азы январы мæйы мызд Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ райстой фæкъаддæргондæй æмæ та интернеты тыгъдады зиангæнæг элементтæ райдыдтой алыгъуызон гæды ныхæстæ фыссын, ома, ведомствойы къухдариуæгад сæ хæстæ æмбæлонæй не ‘ххæст кæнынц, бæстæйы къухдариуæгад барæй аразы æмæ афтæ дарддæр.

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ 2020 азы 1 январæй фæстæмæ райдыдтой исын фæфылдæргонд мызд уæрæсейаг коллегæтимæ бадзырд бафыссыны фæстиуæгæн. Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг мидхъуыддæгты ведомствоты ‘хсæн ацы бадзырд æрфыстой 2017 азы 14 ноябры æмæ йын 2020 азы пролонгаци сарæзтой 2022 азы кæронмæ.

Цæмæй æхцайы фæрæзтæ æнкъуылымпыйæ цæуой нысанмæздæхтæй ацы бадзырды фæлгæтты, уый тыххæй алы азы райдианы дæр дыууæ бæстæйы социалон-экономикон æмгуысткæнынады Хицауадон къамисы æмсæрдæрттæ уынаффæ хъуамæ рахæссой, цæмæй та финансон фæрæзтæ райдайой бынатмæ хæццæ кæнын. Ӕввахс рæстæджы Мæскуыйы хъуамæ уагъд æрцæуа æмсæрдæртты рабадт æмæ та рахæсдзысты уынаффæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады тыххæй дæр.

Ацы документы æрфыссыны фæстæ мидхъуыддæгты органты кусджытæ райсдзысты сæ раздæры мыздтæ æмæ ма сын бафиддзысты, цы æхцайы фæрæзтæй фæцух сты, уыдон дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.