Хуссар Ирыстоны æхсæнад дарддæр тæрхон кæны, паддзахадон драмон театры царыл цы зæдты нывтæ конд æрцыд, уыдон фæдыл, сæрмагондæй, Уастырджийы хуыз æмбæлонæй ныв кæй не ‘рцыд, уый фæдыл. Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйæн «Спутник»-ы йе ‘рвылкъуырион брифингы сæйраг темæ дæр ссис уый.

Куыд зонæм, афтæмæй развæлгъау цы эскиз сфидар кодтой, ууыл сæ къухтæ бафыстой нæ историктæ, специалисттæ æмæ культурæйы минæвæрттæ. Ацы фарсты фæдыл æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд конференци дæр, ацы фрескæйыл чи куыста, уыцы нывгæнджытæ – Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Асланы хайадистæй. Марияйы ныхæстæм гæсгæ, уым бирæ хъуыдытæ загъд æрцыдис, фæлæ фарстæуыд – фрескæйы эскиз æмæ театры царыл цы ныв конд æрцыд, уыдон афтæ тыхджын цæмæн хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Уый,  кæй зæгъын æй хъæуы, хъыг фæкаст нывгæнджытæм, кæд уыдонмæ æппындæр ницы азым хастæуыд, уæддæр.

Паддзахадон драмон театры царыл конд æрцыдысты аст уæларвон зæды нывтæ – Уастырджи, Фæлвæра, Донбеттыр, Куырдалæгон, Сафа, Æфсати, Уацилла æмæ Галæгон. Уыдонæй Уастырджи æмæ Æфсатийы хуызтæ бынтондæр не сты, не ‘мбарынады æмæ хъуыдыкæнынады куыд ныффидар сты, уыдон хуызæн – Уастырджи фылдæр у Александр Невскийы æнгæс, Æфсати та йæ сау кæрдæнимæ зæр-дыл лæууын кæны карибаг денджызон абырæджы.

Нывты авторты ныхæстæм гæсгæ, алы нывгæнæгæн дæр ис йæхи хъуыдыкæнынад, уымæн æмæ Уастырджийы æцæг хуыз никуы ничи федта. Æмæ алы нывгæнæн дæр йæхи хъуыдыкæнынадимæ бар ис, хæсса бæрæг сурæт йæ кæттагмæ. Фæлæ ам нывгæнæджы фантази æмæ традицион цæстæнгас ма хъуамæ хъыгдарой кæрæдзийы.

«Нывгæнæг Уастырджийы ныв кæны, куыд æй уыны, афтæ, æрмæст йæхи кæттагыл. Фæлæ ам дзырд цæуы паддзахадон закъазыл, кæцы, хъыгагæн, æххæст не ‘рцыд»,- банысан кодта Хъотайы чызг.

Фæлæ уыцы хъуыддаг хынцыд не ‘рцыд ацы дыууæ нывгæнæджы ‘рдыгæй, уымæй дарддæр ма сæхицæн радтой æнæхъола ныхæстæ дзурыны бар конференцийы хайадисджыты номыл. Æмæ æрмæст уым нæ – Хетæгкаты Аслан ма социалон хызæг Фейсбукы фыссы: «Хуссар Ирыстоны бахордтой хъæстæ зокъотæ æмæ сæ цæстытыл цыдæртæ рауай-бауай кæны, ис сын витаминты хъуагдзинад æмæ уый аххосæй куыд æмбæлы, афтæ нæ хъуыды кæнынц. Традицитыл иузæрдион не сты, фæлæ – æнæахуыр æмæ амбициозон».

Ацы фидисты тыххæй Аслан хъуамæ хатыр ракура хуссарирыстойнаг æхсæнады ми-нæвæрттæй.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, уымæй саразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ Хуссар Ирыстонмæ сæ хъомыс дарынц аивады хъуыддаджы ницы æмбарджытæ.

Уый бæрæг уыд 2008 азы хæсты фæстæ дæр – уæд дæр Хуссар Ирыстоны дæлдзиныг кодтой алыгъуызон ницыæмбарджытæ. Æн-хъæлдтам, уыдонæй фервæзтыстæм, фæлæ куыд уынæм, афтæмæй нæ республикæмæ нырма сæ хъомыс дарынц ахæм адæм.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ культурон бынтæм æбæрн ахаст Кавказы æндæр адæмтæн дæтты ирæттæн Нарты эпосимæ иудзинад кæй нæй, уый дзурыны фадат. Æмæ махæн иу хъайтар алы нывты æн-дæрхуызæттæй куы уа, уæд æндæртæн фадат уыдзæн, цæмæй нæ азымджын кæной, нæ эпос фæдфæдылон кæй нæу, иудзинад дзы кæй нæй. Æмæ афтæмæй нæ культурæ давын у æнцондæр.

Нæ культурон бынтыл иузæрдиондзинад, сæрыстырдзинад та махæн радта, æнусты сæрты сæ рахæссыны фадат, куыд уыдысты, афтæмæй.

Брифингы кæрон комитеты сæрдар банысан кодта, ацы фарсты фæдыл дарддæр уынаф-фæ кæй цæудзæн алыгъуызон мадзæлтты этнографтæ æмæ историкты хайадистæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.