Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы «Эхо Кавказа»-йы сайты руаджы апарахат информаци, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ зындгонд уæрæсейаг амалиуæггæнæг, холдинг БТК-йы къухдариуæггæнæг Боллоты Таймураз кæрæдзийы нæ бамбæрстой æмæ се ‘хсæн загъд рауад Цхинвалы архайæг куыстуаты тыххæй. Æгæрыстæмæй ма адæмы ‘хсæн апарахат сты ахæм ныхæстæ, цыма кондады гуырахст æмæ кусджыты нымæц къаддæр кæнынц, æгæрыстæмæй,  хъавынц йæ сыхгæнынмæ дæр. Уыдоны æцæгдзинадæн бындур кæй нæй, уый фæдыл дзыллон информацийы фæрæзæтæн фехъусын кодта РХИ-йы Президенты пресс-секретарь Гасситы Динæ.

Ацы бонты та Гасситы Динæ æмæ Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры, уый фæдыл бынæттон журналисттæн ауагътой брифинг.

Сайты куыд дзырдæуы, афтæмæй Бибылты Анатоли æмæ Боллоты Таймураз кæрæдзи нæ бамбæрстой, куыстуаты продукци æддæмæ ласыны тыххæй фиддонты фæдыл æмæ алчи алыгъуызон хъуыдытæ дзуры социалон хызæгты, иудзырдæй, парахат кæнынц алыгъуызон дам-думтæ…

Бекъойты Геннади журналисттæн куыд ра-дзырдта, афтæмæй хицауады ауагъд æрцыд æмбырд БТК-йы минæвæрттимæ инвестицион бадзырд æртæ азмæ адарддæр кæныны тыххæй, уымæн æмæ раздæр фондз азмæ цы бадзырд арæзт æрцыд, уымæн йе ‘мгъуыд фæцис. Рабадт ацыдис хъуыддагон уавæры, кæрæдзи æмбаргæйæ, ныхас цыд куыстуаты рауадзгæ продукци республикæйæ аласыны тыххæй фиддонтыл дæр. Бадзырдмæ гæсгæ ацы фиддонты бæрц у 2 проценты æмæ сæ иумæйаг бæрц та – 37 милуан сомы. Цæмæй ацы фиддон куыстуатæн æнцондæр фидæн уа, уый тыххæй Бибылты Анатоли фæндон бахаста, цæмæй фыст цæуа хайгай. Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, фæндон бахастæуыд, цæмæй ахæм хуызы фиддонтæ дарддæр фыст мауал цæуой æмæ банысангонд куыстуаты дарддæры архайды æппæт уавæртæ дæр нысан æрцæуой ног бадзырды.

«БТК æмæ Хицауады минæвæртты ‘хсæн уыдис хорз кæрæдзиæмбарынад, алцы дæр уыд æмбæрстгонд æмæ дзы дзырдтаг ницы уыдис. Æгæрыстæмæй, ма дыууæ фарсæрдыгæй юристтæ дæр æруынаффæ кодтой бадзырды пункттыл. Æппæт фарстыты дæр кæрæдзийы бамбæрстам хорз. Ног бадзырд уыдзæн, йæ размæ чи уыд, уымæй ноджы хæрзвадатдæр», – загъта Бекъойты Геннади.

Республикæйы Президент æмæ Боллоты Таймуразы æхсæн конфликт æппындæр кæй нæ уыд, уыцы хъуыды йæ раныхасы бафидар кодта Президенты пресс-секретарь Гасситы Динæ дæр.

«Уый æз дзурын Президенты номæй. Нæ уыдысты, æгæрыстæмæй, конфликты развæлгъау æууæлтæ дæр. Бибылты Анатолийы позици ис уый мидæг, цæмæй æппæт экономикон проекттæ æмæ бизнесимæ ахастытæ арæзт цæуой инвестициты тыххæй закъоны домæнты дырысæй æххæст кæнгæйæ, ома, фиддонтæ æмæ таможнæйон бафыстытæ хъуамæ æмбырд цæуой. Ацы цауы та дзырд цæуы, раздæры азты чи æрæмбырд сты, уыцы фиддонтыл. Президенты дырыс позици ис уый мидæг, цæмæй æппæт фиддонтæ дæр, æрмæст БТК-мæ чи хауынц, уыдон нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны æппæт бизнесмæ, æппæт товаруадзджытæм дæр чи хауынц, уыдон хъуамæ ист æрцæуой», – банысан кодта уый.

Пресс-секретары ныхæстæм гæсгæ Бибылты Анатоли азы райдианы Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй бакуса ацы фарстыл æмæ радта хæслæвæрдтæ.

«Продукци æддæмæ ласыны тыххæй фиддонтæ аивыны тыххæй Хицауады уынаффæйы проект у цæттæ æмæ мын Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæй ацы фарстмæ æркастæуыдзæн Хицауады æввахс-дæр рабадтытæй сæ иуы. Уый дæр банысан кодта Бибылты Анатоли æмæ Боллоты Таймуразы, афтæ ма республикæ æмæ холдинг БТК-йы ‘хсæн кæй ис кæрæдзийыл æууæндыны æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны ахастытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ «Компани егъау бавæрд бахаста экономикæйы рæзты хъуыддагмæ, бакодта кусæн бынæттæ. Уымæн та стыр аргъ кæны республикæйы разамынад. Æппæт дæр арæзт æрцæудзæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны БТК-йæн уа хæрзвадат уавæртæ. Республикæйы разамынадæн хорз ахастытæ кæй ис компаниимæ æмæ йын йæ архайдæн стыр аргъ кæй кæны, уымæн ирд æвдисæн у уый дæр æмæ Уæрæсемæ Бибылты Анатолийы визиты рæстæджы Владимир Путинимæ йæ фембæлды дзырд кæй цыдис ацы фарстыл дæр. Бибылы фырт бузныджы ныхæстæ загъта БТК-йæн Хуссар Ирыстоны кæй кусы, уый тыххæй æмæ Уæрæсейы Президентмæ бахатыд, цæмæй компанийы паддзахадон закъаз Хуссар Ирыстоны фæфылдæр уа. Уый фæдыл Путинæй райста æвæрццаг дзуапп. Паддзахадон закъаз фæфылдæр кæнын та нысан кæны уæлæмхас кусæгон бынæттæ саразын. Президентæн ис иууыл хæрзиуæгондæр, зæрдæхæларадон ахаст БТК-мæ, хæсы реструктуризацийы фæдыл кусæгон моменттæ та ист æрцæудзысты. Президент аразы иууыл хæрзвадатдæр уавæртæ уæрæсейаг холдингæн, цæмæй хæс фыст цæуа БТК-йæн куыд хуыздæр у, ахæм формæйы æмæ æмгъуыдты».

Уый ноджыдæр бафидар кодта Президент Боллоты Таймуразимæ фембæлыны тыххæй сæрмагондæй ацæуыны тыххæй информаци раст кæй нæу.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Бибылты Анатолийы мæйы размæ фæхуыдтой Газпромы юбилейон мадзæлттæм. Мæскуымæ балцы рæстæджы уый фембæлд Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министры хæдивæгимæ æмæ уынаффæ кодтой барадхъахъхъæнæг структурæты æмархайды фарстытыл. Ныхас цыд «Остелеком»-ы Хуссар Ирыстоны хайыл. 25 проценты хъуамæ иса Хуссар Ирыстон æмæ уый фыст æрцæудзæнис 2017 азæн. Боллоты Таймуразимæ фембæлд та планы нæ уыдис, æнæмæнгхъæуæг кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Гасситы Динæ куыд зæгъы, афтæмæй æппæт фарстытæ дæр скъуыддзаг цæуынц кусæгон уавæры республикæйы разамынад æмæ инвесторы ‘хсæн.

Бекъойты Геннади ма куыд радзырдта, афтæмæй БТК-йы кусæгон бынæттæ æмæ кусджыты куыстмызд фæкъаддæр кæныны тыххæй дам-думтæн æппындæр ницы бындур ис. Уый нæ, фæлæ куыстуаты къухдариуæгад равдыста йæ цæттæдзинад, цæмæй кондад ноджы рауæрæх уа æмæ ма кусæн бынæттæ фæзына 200 адæймагæн. Кондад рауæрæх уыдзæн, кæнæ архайæг фабрикæйы базæйыл, кæнæ та республикæйы районтæй сæ иуы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдоны фæнды, цæмæй уæлæмхас кусæгон бынæттæ фæзына республикæйы районты. Уыцы фарстытыл, комитеты сæрдар куыд зæгъы, афтæмæй уынаффæ цæудзæнис БТК-йы разамынадимæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.