Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хайад райста, Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Къостайы 105 азы юбилейы сæраппонд мысæн мадзалы.

Кады аллеяйы Æнусон арты размæ æрæмбырд сты Хъоцыйы мыггаджы минæвæрттæ, тыхон структурæты, министрадты къухдариуæггæнджытæ, Хъоцыты Къостайы ном хæссæг Цхинвалы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Митинг байгом хъайтары цырты раз дидинджытæ сæвæрынæй.

РХИ-йы культурæйы министр Зассеты Жаннæ, митинг гом кæнгæйæ банысан кодта, историон мысынад фæлтæртæм дæттыны дарддæр кæныны ахсджиагдзинад.

«Хъайтартæ удæгас сты, цалынмæ сæ мах хъуыды кæнæм. Хъоцыты Къостайы          сгуыхтдзинæдтæ, йæ цыбыр цард æгасæйдæр уый аккаг сты, цæмæй йын фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ ном хъуыды кæнæм, æнустæм цæра. Хъайтартæ гуыргæ нæ ракæнынц, уыдон цард ратты. Сгуыхтдзинæдтæн та нæ царды алыхатт дæр ис бынат», – загъта Зассеты Жаннæ.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд РХИ-йы Хицауады Сæрдарæн.

«Дзæгъæлы нæ дзырдæуы,   номдзыд адæмыл нымад цæуынц ахæмтæ, йæ хъайтæртæн чи кад кæны. Нæ хæс у, цæмæй нæ зæрдыл дарæм Фыдыбæстæйы хъайтарты, уыдоны æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ фидæны фæлтæрæн сæрибар æмæ сабырады сæраппонд. Уæлахизхæссæг хистæр фæлтæрмæ кады æмæ цыты ахаст дарыныл хъомыл кæнынц фидæны хъайтартæ», – банысан кодта Пухаты Эрик æмæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы аразджытæ æмæ йæ хайадисджытæн.

ССР Цæдисы  æфсæддонденджызон флоты 3-аг рангы капитан, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, Советон Цæдисы Хъайтар, Хъоцыты Къостайы царды тыххæй æрæмбырдуæвджытæн радзырдта æхсæнадон архайæг Хъоцыты Алвери.

«Къостайæн йæ цард ахицæн, 33 азы йыл куы цыд, уæд, фæлæ уымæн бирæ бантыст саразын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы йæ хъайтардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй легендæтæ дзырдтой. Йæ ном ын знæгтæ тæрсгæ-ризгæйæ дзырдтой: «Разæй Хъоцыйы фырт ис!». Йæ къухдариуæгады бын арæзт æрцыд 250 хæстон рацыды. Уыдоны рæстæджы знагыл æрцыд стыр зиæнттæ. ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ 1944 азы 26 майы капитан-лейтенант Хъоцыты Къостайæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном, Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалыйы» майдан ратгæйæ. Хæсты фæстæ Къоста æрвыст æрцыд запасмæ йе ‘нæниздзинады тыххæй. Цард горæт Цхинвалы, бирæ рæстæджы хос кодта госпиталы. Амард 1946 азы 8 октябры.

Мах нæ хъайтарон æмбæстæгты нæмттæ æрымысыны фадат ма хъуамæ уадзæм. Уы-дон сты нæ историйы хъайтарон цаутæ, æмæ рæзгæ фæлтæрæн уыдоны хъомыладон нысаниуæгæн зын саргъгæнæн у», – банысан кодта Хъоцыты Алвери, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта мысæн митинджы хайадисджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.